Ногъай æмæ кæсæг раджы цардысты Зæронд Санибагомы дæлбынты, Уæллаг Ног Санибайы бын. Фæстагмæ ногъай æмæ кæсæг нал фидыдтой, быцæу кодтой, кæрæдзи афтæ хъыгдардтой, æмæ сæ иутæн æнæ алидзгæ нал уыд æндæр зæхмæ.
Уæдæ афтæ бакæнæм, æмæ нæ богæлтты рахæцын кæнæм æмæ, кæй богал фæуа саст, уыдон али-дзæнт ацы зæххæй, зæгъгæ, загътой ногъай. Уыдонмæ богал кæй уыд, кæсæгмæ кæй нæ уыд богал, æвæццæгæн, уымæ гæсгæ. Кæсæджы зæронд лæгтæ иумæ æрæмбырд сты æмæ тæрхон кодтой, богалæн цы мадзал скæной, уый тыххæй. Зæронд лæгтæй иуæн уыдис ног чындз. Иу изæр зæронд лæг касти йæ чындзмæ, къамбецтæ куыд дыгъта, уымæ, æмæ федта: къамбец-уæныг фесхуыста, чындз цы къамбецы дыгъта, уый. Уæд чындз фес-
тад, уæныгæн йæ дыууæ раззаг къахыл фæхæцыд æмæ йæ æмбонды æдде æрæвæрдта. Уыцы хъуыддагыл чындзы хицау зæронд лæг тынг бадис кодта, стæй уæдæй фæстæмæ йæ фыртæн дæр тæрсын байдыдта, ома, мыййаг, лæппу йæ сылгоймагмæ исты тызмæг куы сдзура æмæ йæ афтæмæй сылгоймаг куы бамур кæна.
Бирæ æхсæвты-иу зæронд лæг уаты дуарæй æддæмæ нæ рацыд, йæ фыртæн куыд тарсти, уымæ гæсгæ.
Зæронд лæгтæ бирæ куы фæтæрхон кодтой богалы тыххæй æмæ куы не ссардтой, уæд чындзы хицау, зæронд лæг сыстад, йæ цæссыгтæ асæрфта, адæмæн бафæдзæхста, æппындæр ныхас куыд ничи ахæсса, йæ чындзыл комдзог кæй рацыд, уый тыххæй, æмæ сын ракодта, йæ чындзмæ цы тых бафиппайдта, уый кой.
Адæм сцин кодтой. Чындзмæ дæр арвыстой лæгтæ, бамбарын кодтой ногъайæн дæр. Чындз йæхицæн Мæскуыйæ йæ буарæн хорз сæракæй лиф бахуыдта æнгом. Ногъаймæ бацыд æмæ сын загъта:
– Худинаг уæд, сылгоймагимæ цы богал хæцы, уымæн. Фæлæ ныр æз хæцынмæ кæм рацыдтæн, уым та йын худинаг уыдзæн, куынæуал рахæца, уæд.
Уалынмæ богалæн йæхимæ фæцæйцыд. Богал фæстаг салам раттынмæ куыд хъавыд, афтæ йæм чындз бауад, йæ дыууæ мæкъуыстæгыл ын фæхæцыд, бадгæ кæн, зæгъгæ, æмæ йын сæ бамур кодта. Уыйадыл кæсæг цæргæйæ баззадысты Цæгат Кавказы, ногъай та алыгъдысты æндæр зæххытæм.
ФИДАРАТЫ Темысойы ныхæстæй йæ ныффыста ТОТРАТЫ Бесæ
1940 азы.
ЦИГСИИ-йы архив














