Цæгат Ирыстон у, хъæздыг истори, культурæ æмæ æнусон традицитæ кæмæн ис, ахæм диссаджы регион. Фæсарæнтæй нæм цы фæсивæд æрцæудзысты, уыдонæн 24-30 августы арæзт цæудзысты экскурситæ æмæ мастер-класстæ.
Республикæйы национ политикæ æмæ æддаг бастдзинæдты министр Бæгъиаты Аланы ныхасмæ гæсгæ, ацы проектæн йæ нысан у, дунейы алы къуымтæй цы фæсивæд æрбацæудзæн, уыдонæн фадат раттын Уæрæсе сæхи цæстæй фенынæн, базонгæ сæ кæнын йæ истори, йæ культурæ, ахуырадон системæ æмæ регионалон хицæндзинæдтимæ. Уый фæахъаз уыдзæн, фæсарæнты «русский мир» кæй хонынц, уый фидардзинадæн æмæ райгуырæн бæстæимæ бастдзинад бахъахъхъæнынæн.
Ирон культурæйы иу хай, æнæмæнг, сты нæ адæмон кæфтытæ. Фæсарæйнаг студенттæн сæ бон уыдзæн ирон кæфтытимæ бынæттон культурæимæ базонгæ уæвын, æмæ ма ирон бæрæгбæтты дæр архайдзысты, цæмæй сын сæ хъæлдзæгдзинад æмæ циндзинад сæхи зæрдæтæй банкъарой, уый тыххæй.
Уæдæ ирон культурæйы диссаджы фæзынд сты, фыдæлтæй нын цы хæринæгтæ баззадысты, уыдон. Фæсарæйнаг студенттæ хуынд æрцæудзысты, национ хæринæгтæ кæм кæндзысты, ахæм мастер-класстæм – ирон чъиритæ, дзидзайæ конд хæринæгтæ æмæ афтæ дарддæр.
Кæфтытæ æмæ хæринæгтæй дарддæр ма фæсарæйнаг студенттæ базонгæ уыдзысты ирон æрмдæсныты куыстытимæ. Амондзысты сын гауызтæ, хæдзары
дзаумæттæ аразын æмæ уæлæдарæс хуыйын. Уый сын фæахъаз уыдзæн канд сæхи къухтæй диссаджы национ дзаума аразынæн нæ, фæлæ ма сын сæ нысаниуæг базонынæн дæр.














