Социалон-экономикон рæзты нысантæ

0
13

Уæрæсейы экономикон рæзты министры хæдивæг Сергей Назаров цы æмбырд скодта, уым равзæрстой Цæгат Ирыстоны социалон-экономикон рæзты нысантæ 2027-2028 æмæ 2029 азтæн.

Видеобастдзинады руаджы ныхасы архайдтой РЦИ-Аланийы Хицауады Сæрдар Дзанайты Барис, иннæ регионты бæрнон кусджытæ.  Социалон-экономикон рæзты нысантæ фидаргонд æрцыдысты Уæрæсейы Хицауадæй, æххæссынц социалон-экономикон объекттыл цалдæр къабазы. Ома, æнæниздзинад хъахъхъæнынад, ахуырад, культурæ, спорт æмæ цæрæуатон-коммуналон хæдзарады.

Æппæт ацы нысантæ царды уадзынц цалдæр азы дæргъы, уæдмæ республикæйы фæзынд бирæ ног объекттæ, рацарæзт баййæфтой рагон бæстыхæйттæ. РЦИ-Аланийы Сæргълæууæг Сергей Меняйлойы хъæпприсæй ацы нысантæм бахастой Горæтгæрон æмæ Мæздæджы районты райрæзты хъуыддæгтæ. Сергей Назаров куыд фæбæрæг кодта, афтæмæй нысанты пъланы ис 49 алыхуызон объекты, сæ аргъ у 14 миллиард сомы.

Ныртæккæ куыстытæ цæуынц Беслæны «Зæдты горæт»-ы мемориалон комплексы, Дзæуджыхъæу æмæ Чермены аразынц ног скъолатæ, Беслæн æмæ Мæздæджы – сывæллæтты аивæдты скъолатæ, Октябрыхъæуы цалцæггонд цæуы Культурæйы галуан. РЦИ-Аланийы Хицауады Сæрдар куыд загъта, афтæмæй ацы документ стыр ахъаз фæуыдзæн республикæйы размæцыдæн. «Кусæм бæстæйы Экономикон рæзты, федералон иннæ бæрнон ведомствæтимæ. Цæмæй нæ объекттæ федералон программæтæм æмæ национ проекттæм хаст цæуой, уый тыххæй афойнадыл æрвитæм курдиæттæ», – загъта Дзанайы-фырт.

Кæронбæттæны æмбырды архайджытæ равзæрстой, ныртæккæ цы курдиæттæ æрбарвыстой, уыдон документтæм бахæссыны хъуыддæгтæ.

РЦИ-Аланийы Сæргълæууæг æмæ Хицауады пресс-службæ

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here