Сенаторы фембæлд фæсивæдимæ

0
9

РЦИ-Аланийы сенатор Уæрæсейы Федерацийы Виталий НАЗАРЕНКО уыд «Классная встреча», зæгъгæ, ацы æппæтуæрæсеон проекты уазæг. Проект сарæзта «Движение первых», зæгъгæ, ацы æхсæнадон организацийы регионалон хайад Дзæуджыхъæуы.

Змæлды раззагдæр архайджытимæ сенаторæн бацайдагъ æргом ныхас, регионалон проекттæ царды уагъд куыд цæуынц, уый фæдыл. Фембæлды ма архайдтой РЦИ-Аланийы Фæсивæды хъуыддæгты фæдыл комитеты сæрдар Джусойты Руслан, змæлды регионалон хайады Советы сæрдар, нæ республикæйы Парламенты депутат Хъесаты Ирыстон, Профессионалон цæттæдзинады центры разамонæг Кучиты Батрадз æмæ Цæгат Кавказы арæзтадон техникумы директоры хæстæ æххæстгæнæг Бататы Фатимæ.

Виталий Назаренко бæстон æрныхас кодта УФ-йы Федерацийы Советы йæ архайды тыххæй, стæй кæстæрты бирæ фарстытæн дзуаппытæ фæлæвæрдта. Фæсивæды фарстытæ баст уыдысты канд профессионалон цæттæдзинадимæ æмæ сенаторы куыст æмæ архайды фæндæгтимæ нæ, фæлæ ма царды бирæ цы уарзы, йæ зæрдæмæ тынгдæр цы цæуы, æппæт уыдæттимæ.

Фембæлды рæстæг æрыгон лæппутæ æмæ чызджытæ бавдыстой, ахуырадимæ, патриотон хъомыладимæ, бархиондзинад æмæ æндæр социалон проекттимæ баст цы хъæппæристæ бацæттæ кодтой, уыдон. Сæ цæттæдзинадæн Ваталий Назаренко скодта стыр аргъ.

– Нæ фæсивæд сты тынг курдиатджын æмæ ныфсджын. Цы проекттæ бацæттæ кодтой, уыдон се ‘ппæт дæр социалон æгъдауæй сты хъæугæ æмæ ахсджиаг, æмæ сæ царды цæмæй рауадзой, уымæй сын се ‘ппæтæн дæр баххуыс кæндзынæн, мæ гæнæнтæ цас амонынц, уый бæрц, – загъта Виталий Назаренко.

Республикæйы æхсæнадон-политикон царды стыр разæнгардæй кæй архайынц æмæ ахсджиагдæр социалон проекттæ царды рауадзыныл зæрдиагæй кæй кусынц, уый тыххæй сенаторы Арфæйы гæххæттытæй хорзæхджын æрцыдысты змæлды регионалон хайады раззагдæр архайджытæ Моурауты Данæ, Бекъойты
Дианæ æмæ Джиоты Сæрмæт.

ÆЛБОРТЫ Зæлинæ,
УФ-йы сенаторы æххуысгæнæг

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here