Скъоладзаутæн сæрды каникултæ æппæты уарзондæр æмæ ирддæр рæстæг сты. Цæмæй нæ сабитæ сæ улæфты бонтæ хъæлдзæгæй, пайдаджынæй æрвитой, ууыл та рагагъоммæ батыхсынц хистæртæ. Ахуыры аз куыддæр фæцис, афтæ Хъæдгæроны астæуккаг скъолайы кусын райдыдта сæрдыгон лагерь. Бирæ сывæллæттæ, фыццаджыдæр, бирæсывæллонджын æмæ фæкæсинаг бинонтæй, æрвылрайсом цингæнгæ уадысты скъоламæ.
Фæлтæрдджын ахуыргæнджытæ æмæ хъомылгæнджытæ сын бацæттæ кодтой цымыдисаг фæлладуадзæн программæ. Фæлæ ма сæрдыгон лагерь æххæст кæны хъомыладон æмæ социалон фарстатæ дæр. Алы кары чызджытæ æмæ лæппутæ, иумæ сæ рæстæг æрвитгæйæ, кæнынц сфæлдыстадон куыст, архайынц спортивон ерысты, интеллектуалон хъæзтыты. Афтæмæй, фидар кæны се ‘нæниздзинад, райсынц ног зонындзинæдтæ, хъæздыгдæр кæны сæ миддуне.
Ацы сæрд нæ лагерь «Солнышко» суазæг кодта 70 скъоладзауы. Алыхуызон иумæйаг хъæзтыты фæрцы сабитæ балымæн сты, уæлдай æхсызгонæй хъазыдысты пуртийæ, архайдтой шахмæттæй æмæ æндæр ерысты, сыгъдæг уæлдæфы тезгъо кодтой. Скъолайы хæрæндоны кусджытæ та сын цæттæ кодтой хæрзад хæринаг. Сæ фынгтыл æрвылбон уыдис дыргътæ, адджинæгтæ, æхсыр æмæ дзидзайы хæринæгтæ. Цымыдисаг балц сывæллæттæн уыдис чингуыты къæбиц – районы библиотекæмæ. Æрыдоны Культурæйы галуанæй нæм сывæллæтты музыкалон къорд концертимæ куы ссыдис, уæд уыцы фембæлд рауадис æнæферохгæнгæ.
ТБОТЫ-АРКЪАУТЫ Эльвирæ,
скъолайы лагеры хицау













