РЦИ-Аланийы Хицауады радон æмбырд амыдта йæ Сæрдар Дзанайты Барис. Хицауады уæнгтæ, ведомствæты разамонджытæ цы фарстатыл дзырдтой, уыдон иууылдæр баст сты нæ республикæйы районты, горæтты æмæ хъæуты социалон-экономикон рæзтимæ, цæрджыты удæнцойдзинадимæ. Фыццаг уыд кадрты фарста. Нæ республикæйы паддзахадон нысаниуæджы æлхæнинæгтæ æххæст кæныны управленийы хицауады хæдивæгæй снысан кодтой Къаболаты Ахтемыры.
РЦИ-Аланийы экономикон рæзты министры хæдивæг Олег Быкадоров рæгъмæ рахаста фæллойы базары нæ регионалон хицæндзинæдтæ æвдисæг коэффициент 2027 азмæ сфидар кæныны фарста.
РЦИ-Аланийы паддзахадон программæ «Горæты нырыккон алфамбылайы арæзтад»-мæ цы ивддзинæдтæ бахæссын хъæуы, уый тыххæй дзырдта республикæйы арæзтад æмæ архитектурæйы министр Бетанты Марат.
– Нæ цæрджыты удæнцойдзинадыл хъуыды кæнгæйæ, республикæйы разамынд стыр æргом здахы кæртытæ æмæ æхсæнадон фæзуæттæ аив кæнынмæ. Алыхуызон проекттæ царды уадзæм, архайæм федералон программæтæ æмæ национ проектты. Фæстаг рæстæг ацы хъуыддагæн дихгонд æрцыд æртæ миллиард сомы бæрц, – бафтыдта йæ ныхасыл Дзанайты Барис.
Æппæтуæрæсеон конкурс «Хуыздæр муниципалон практикæ»-йы 2026 азы бæрæггæнæнтæм гæсгæ размæ рацыд Чермены хъæу.
Социалон къабазы паддзахадон лæггæдты тыххæй загъта РЦИ-Аланийы фæллой æмæ социалон рæзты министры хæдивæг Мамайты Анджелæ. Комкоммæ ивддзинæдтæ бахастой «Ноггуырдты нымæц фылдæр кæныны регионалон программæмæ».
Сидзæр æмæ æвæгæсæгæй чи баззад, уыцы сывæллæттæн социалон æххуыс – цæрæн хæдзæрттæ дæттыны фæткмæ дæр ивддзинæдтæ бахастой.
Вич-инфекцийæ хи бахъахъхъæнынæн æппæт мадзæлттæ арæзт цæуы. Дохтыртæ цæуынц дæрддзæф хъæутæм, диспансерон цæстдард æмæ профилактикон куыст кæнынц. Уый тыххæй ис РЦИ-Аланийы Хицауады сæрмагонд уынаффæ. Цы ивддзинæдтæ йæм хъæуы бахæссын, уый тыххæй дзырдта нæ республикæйы æнæниздзинад хъахъхъæнынады министр Митциты Астан.
РЦИ-Аланийы Фæсивæды хъуыддæгты комитеты сæрдар Джусойты Руслан та фехъусын кодта фæсивæдон политикæйы къабазы Хицауады премийы лауреатты номхыгъд, уыдонимæ, Беслæны 4-æм скъолайы ирон æвзаджы ахуыргæнæг Дыгъуызты Индирæ. Лауреаттæ райсдзысты фæйнæ 50 мин сомы.
Ирыстоны кæмттæ баиу кæнынæн, цæрджытæн удæнцойдзинад саразынæн Хохы Санибайæ Хъæрмæдонмæ аразынц ног фæндаг. Уый æнæмæнгхъæугæ хъуыддаг у комбæсты райрæзтæн.
Цæмæй куыстыты аххосæй æрдз хъыгдард ма баййафа, уый тыххæй фæндагаразджыты бахъуыдис хицæн адæймæгты зæххытæ райсын, фæлæ, сын Уæрæсейы закъонмæ гæсгæ цы ‘мбæлы, уыцы компенсаци бафиддзысты, æфхæрд ничи баййафдзæн. Ацы фарстатыл дзырдта РЦИ-Аланийы фæндæгты хæдзарады комитеты сæрдар Солиты Тариэль.
Æмбырды архайджытæ дзырдтой æндæр фарстатыл дæр.
Гугкаты Жаннæ














