Чи уыд уый æнхъæл, æмæ Ирыстоны æрдзы ахаст афтæ аивдзæн. Бæрæггæнæнтæм гæсгæ йæ арвыхъæд фендæрхуызон, уæлдæфы температурæ азæй-азмæ хæрдмæ цæуы. Кæд 20-30 азы размæ нæ зæххыл банан кæнæ кокос-бæлас æрмæст аранжерейæйы задысты, уæд ныр, инжир, лимон кæнæ хурма цæхæрадоны кæй зайынц, ууыл дис дæр ничиуал кæны.
Джыгкайты Аидæ сæ цæхæрадоны хурмайы бæласы цъæх сыфтæрты ‘хсæн йæ цъæх дыргътæм уырзтæй куыд хъавгæ ‘вналы, уыцы нывмæ кæсгæйæ, æрмæ-
джы авторы зæрдыл æрлæууыдысты «дыргъты дзæнæт» саразæг Гæздæнты Азаны ныхæстæ. Тынг æй фæндыд, цæмæй ирыстойнæгтæ сæ цæхæрадæтты æрмæст картоф, нартхор æмæ хъæдур ма садзой, фæлæ ма æндæр алыхуызон зайæгойтæ дæр, уыдонимæ – дыргътæ æмæ халсартæ дæр. Олгинскæйы йын цы чысыл цæхæрадон уыд, уым-иу ныссагъта дыргъдæттæг бæлæсты мыггæгтæ, талатæ-иу дзы равзæрд, æмæ сæ афæдз дыууæ хатты адæмыл уæрста лæвар, йæ цæхæрадоны дыргъдон скæнынмæ чи тырныдта, уыдонæн. Ирыстон, зæгъы, æгасæй дæр хъуамæ дыргъдон уаид, уымæн æмæ йæ зæхх бæркадхæссæг у. Æрмæст ыл, сабимæ зилæгау, узæлын æмæ цæст дарын æм хъæуы.
Аидæйы кæрты лимоны бæлас дæр зад. Иу аз дзы бинонтæ дыргътæ дæр æртыдтой. Дыккаг зымæг уазæлттæн нæ бафæрæзта, бахъыгдардтой йæ, æмæ уалдзæджы сыф нал рафтыдта. Сывæллонау æй батухын хъуыд хъармы, æмæ йæм афоныл нæ фæцарæхст. Ныр, хуры тынтæм сæ цъæх фæрстæ даргæйæ, йæ кæрты нæрсынц инжир æмæ хурмайы тымбылæгтæ. Йæ чындзы мад – дзæнæты бадинаг – Плиты Зинæ йын сæ ратта, талатæ та Хъырымы бæласдонæй рафыста. Бæстон радзырдта, куыд сæм зилын хъæуы, уыдæттæ. Йæ зонындзинæдтæ не ‘вгъау кæны, сæ къабузтæй кæмæн ратты, уыдонæн дæр. Сæ рæстæг куы ‘рцæуы, уæд æнæниз къалиутæ алыгтæ кæны, базилы сæм, йæ зæрдæ сæм куы нал фехсайы, уæд сын сæ иу хай сæ цæхæрадоны ныссадзы, иннæтæ та байуары сыхæгтæ, хиуæттæ, кæимæ куыста, уыдоныл, стæй зонгæтыл.
Сæрмагонд ахуырад æм нæй зæхгуыст кæнынмæ, фæлæ уарзы мæримæ архайын. Алыхуызон дидинджытæ йæ зæрдæйы дзæбæхæн ныссадзы. Æхца дзы, мыййаг, нæ бакусы – сæ уындæй йæ цæст фæрайы. Æрбацæуæгæн дæр дзы зæрдæлхæнынæн йемæ атухы.
– Музайты Сергейимæ мæ фæнды базонгæ уæвын. Уый хорз зоны, дыргъбæлæстимæ цыдæриддæр баст ис, уыдоны тыххæй æппæт дæр. Ацы аз ма кæрдойы аст хуызы æмæ фæткъуыйы талатæ балхæдтон æмæ сæ иннæ бæлæстимæ ныссагътон. Фæлæ мæ фæнды сæрдыгон чысыл бур тымбыл кæрдойы хуыз самал кæнын, фæлæ йыл нæ хæст кæнын. Чи зоны, Сергеймæ разына, – зæгъы хæдбындур дыргъдар.
Цин сыл фæкæны фондз хъæбулы мад, йæ мондæгтæ сæ сисы, йæ цæст сыл куы ахæссы, уæд. Зайæгой, зæгъы, тынг цымыдисаг у. Куыд рæзы, бонæй-бонмæ куыд ивы, дыргътæ сыл куыд фæзыны, куы срæгъæд вæййынц, уæд та сæ адджынæн куыд бахæрынц, уый.
– Сæ бирæ кæнын уарзын, уыцы хъæздыгдзинадæй цæмæй иннæтæ дæр хайджын уой. Дыргъ бæлæсты къалиутæ, дидинджытæ бацæттæ кæнын садзынмæ æмæ сæ раттын адæмæн, уадз, æмæ сын уа уыдонæн дæр. Цыдæр нæ фæзонынц, науæд, цæуылдæр гуырысхо куы фæкæнынц, уæд мæм æрбадзурынц æмæ, цы фæзонын, уый сын бацамонын, – йæ ныхас адарддæр кодта Аидæ. Зæрдæйы рухс адæмыл тауын алкæмæн нæ уайы, фыййаджыбылаг бирæсывæллонджын мадæн та уыцы миниуæг йæ ныййарджытæй рацыд. Зæхмæ базил, барæвдау æй, æмæ дæ уый дæр сбуц кæндзæн йæ уынд æмæ йæ бæркадæй.
ХУЫБИАТЫ Ларисæ












