Федералон центры ахадгӕ ӕххуыс

0
241

РЦИ-Аланийы Хицауады Сӕрдар ДЗАНАЙТЫ Барис нӕ республикӕйы Сӕргълӕууӕг Сергей  МЕНЯЙЛОЙЫ фӕдзӕхстмӕ гӕсгӕ ацы бонты ӕмбӕлы федералон хицауады оргӕнты минӕвӕрттимӕ. Афтӕ, ӕнӕниздзинад хъахъхъӕнынады къабаз нырыккон домӕнтӕм гӕсгӕ рацаразын, хостӕй ӕфсадын, ног медицинон объекттӕ аразын, материалон-техникон ифтонггӕрзтӕ ногтӕй баивыны фарстатыл РЦИ-Аланийы премьер-министр ӕрныхас кодта Уӕрӕсейы Федерацийы ӕнӕниздзинад хъахъхъӕнынады министры хӕдивӕг Андрей ПЛУТНИЦКИИМӔ Мӕскуыйы кусӕг фембӕлды рӕстӕг.

Республикӕ ныртӕккӕ кусы 2025-2027 азтӕм бюджетон бавдыстытыл. Федералон уагдонмӕ ӕрвыст ӕрцыд курдиат, регионы районты тынг чи хъӕуы, ахӕм объекттӕ саразын ӕмӕ сцалцӕг кӕныны тыххӕй. Сӕрмагондӕй, кусӕг фембӕлды ныхас цыди Республикон онкологон диспансер бындуронӕй рацаразын ӕмӕ ӕнӕниздзинад хъахъхъӕнынады уагдӕттӕ нырыккон ифтонггӕрзтӕй сфӕлындыны тыххӕй.

— Абон Цӕгат Ирыстоны хъазуатонӕй куыст цӕуы, социалон ахадындзинад кӕмӕн ис, ахӕм объекттӕ аразыныл, уымӕ гӕсгӕ медицинӕйы къабазы рацарӕзтӕн ис стыр ахадындзинад. Ацы аз Уӕрӕсейы ӕнӕниздзинад хъахъхъӕнынады министрады программӕтӕм гӕсгӕ регионӕн дихгонд хъуамӕ ӕрцӕуа 1,7 миллиард сомы. Уыдонӕй 650 милуаны бӕрц — национ проекттӕ «ӕнӕниздзинад» ӕмӕ «Демографи»-йы фӕлгӕты, 1 миллиард сомӕй фылдӕр та — паддзахадон программӕты бындурыл. Федералон центры уыцы ӕххуыс нын фадат ратта Беслӕны поликлиникӕ ногӕй рацаразынӕн, Притеречныйы поселочы амбулатори бындуронӕй сцалцӕг кӕнынӕн, стӕй Дзӕуджыхъӕуы ӕртыккаг сывӕллӕтты поликлиникӕ сног кӕнынӕн. Уымӕй уӕлдай ма финансон фӕрӕзтӕ хардзгонд ӕрцыдысты ӕнӕмӕнг хъӕугӕ хостӕ балхӕнын, медицинон организацитӕ техникон фӕрӕзтӕй сифтонг кӕнын, уӕлдӕр технологон медицинон ӕххуыс раттын, медицинон кусджытӕн ӕххуыс ӕмӕ нымӕцон контур саразыныл. Мах регионӕн уыцы куыст дарддӕр хӕццӕ кӕнын тынг вазыгджын хъуыддаг у. Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, ис ма нӕм лыггӕнинаг фарстатӕ, ӕмӕ нӕ зӕрдӕ дарӕм Уӕрӕсейы ӕнӕниздзинад хъахъхъӕнынады министрады ӕххуысыл, — фӕбӕрӕг кодта Дзанайты Барис.

ГАПБАТЫ Алетӕ

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here