Чырыстон дины рухс ирон адæм уырысæй сæдæ азы раздæр базыдтой æмæ йыл сæхи бафæдзæхстой. Ирон паддзæхтæ æмæ æлдæрттæ ахуыргонд адæм уыдысты æмæ алы комы дæр арæзтой аргъуантæ æмæ кувæндæттæ. Византиаг император стыр аргъ кодта ирон хæстонтæн æмæ сын сæ зæрдæ æлхæдта алы ’гъдауæй. Константинополæй Ирыстонмæ арæх цыдысты чырыстон дины рухстауджытæ – грекъаг беритæ-моладзантæ.
Уыдон сæ цард снывонд кодтой ирон адæмы сæраппонд, се ’хсæн лæгæтты тынг мæгуырæй цардысты, сæхицæн ницы агургæйæ. Сæ зæрдиаг æмæ æнувыд лæггадæй беритæ ирон адæмы зæрдæ балхæдтой, æмæ сын ирон адæм аргъ кодтой, систы сыгъдæгуд чырыстæттæ. Фæлæ, хъыгагæн, туркаг хъæддаг знæмты æрдонгтæ басас-
той грекъæгты фидæрттæ æмæ бацахстой Византи. Чырыстон дины хуры рухс Ирыстоны мынæг кæнын байдыдта. Ног сауджынтæ нал цыдысты Ирмæ, зæронд кусджытæ фæмардысты, æмæ ирон аргъуантæ заууатмæ æрцыдысты, адæм та, æнæфыййау фосау, ныххæлиу сты æмæ сызнæт сты. Адæмæн фæтæг æмæ раст зондамонæг куы нæ уа, уæд схъæддаг вæййынц. Кæрæдзимæ знаджы цæстæй кæсын байдыдтой, чи кæмæй скæна йæхицæн цагъайраг, зæгъгæ, æмæ кæрæдзи ныхмæ фесты.
Уалынмæ кæсгон æлдæрттæ Ирыстонмæ тых кæнынмæ цæуын байдыдтой. Уыдон цыбыр рæстæгмæ ирон адæмæн се ’взæрдæрты сæхи фарс фæкодтой æмæ сын пысылмон дин райсын кодтой. Уæздæттæн фадат фæцис сæхицæн устытæн кæсгон æлдæртты чызджыты хæссынæн, цæмæй сын æнцондæр уа ирон мæгуыртыл æлдариуæг кæнын æмæ сын сæ царм стигъын. Быдырмæ чи ралыгъди, уыцы мæгуыр ирон адæм кæсæг æмæ мæхъæлы тасæй спысылмон сты. Дины аххос ницы у, пысылмон дин дæр хорз у. Ахъуыды-ма кæнут, уыцы адæмыхæттытæ бынтон æнæ дин куы уыдаиккой, уæд цымæ цыхуызæн уыдаиккой? Хуыцау хорз, æмæ Аллах æмæ Мæхæмæт Пехуымпарæй тæрсынц, æндæра сæ ничи баурæдтаид. Æнæуый та Хазрат Иссæйæн куыннæ аргъ кæнын. Чырыстийы цы пысылмон нæ нымайы, уый адæймаг дæр нæу. Хуыцау кæмдæриддæр иу у, цыфæнды йæ схон. Мах уæздан туг адæм стæм, æмæ ныл Хуыцауæй ныцы хæс æвæрд ис, Хуыцаумæ кувæг адæмы цот стæм æмæ Хуыцауæн кæддæриддæр аргъ кæндзыстæм, фæлæ хицауадыл не
’ууæндын, уыдоныл æууæнк нæй. Дины кусджытæ лæгтæ æмæ лæппутæн лæвæрдтой æрхуы дзуæрттæ, иу сом æхца æмæ хæдойнæгтæ. Сылгоймæгтæн – къабайæгтæ, чындздзон чызджытæн, сæ чындздзон дзауматæ цæй мидæг нывæрой, ахæм гыццыл чырынтæ. Лæвæрдтой сын, æрмæст куы сразы уой ног дин райсыныл, уæд. Чи-иу нæ разы кодта, уыдоны сæхи бар уагътой, алкæмæн йæ бар уыд йæхи.
Хъаныхъуаты зæронд Бобо йæхиуыл сауджыны иу æхсæз хатты саргъа-
уын кодта æмæ йæхицæй æппæлыди, бурæй мæм бирæ и, зæгъгæ. Æнæфенд лæг æрхуы æхца сыгъзæрин æнхъæлдта. Адæм ын йе ’дылыдзинадыл худтысты æмæ йын фидистæ кодтой: «Худинаг дын нæу, Бобо, цæмæн сайыс мæгуыр сауджыны, цæмæн æй дзæгъæлы кусын кæныс?!» Бобо-иу йæхи рæстытæ кодта. Уый хуызæттæ бирæ уыд, æмæ сыл худæн дæр нæ уыди, тынг мæгуыр цардысты, сæ уæлæ цы скодтаиккой, уый дæр сын нæ уыди, æмæ сын дарæс кæй лæвæрдтой, уый дæр хорз хъуыддаг уыди. Иу зæронд лæг йæ сабийы бонтæ куы æрымысыд, уæд сывæллонау скуыдта. Цæуыл кæуыс, зæгъгæ, йæ куы бафарстой, уæд загъта: «Фынддæс азы мыл цыд, афтæмæй мын хæлаф нæ уыди, хæдон йеддæмæ мын ницы уыд, æмæ усгур лæппуйæн уый куыннæ уыдаид зын. Адæм мыл худтысты, мæхи худинагæй цы фæкодтаин, уый нал зыдтон. Уыцы æвзæр цард мæ зæрдыл æрбалæууыд, æмæ ууыл скуыдтон».
Хъобайнаг æлдар Хъаныхъуаты Тъæрæс паддзахæй йæхицæн бацагуырдта зæхх Мæздæджы, æмæ йын æй нæ радта. Уыцы бæркадджын зæх лæвæрдтой æрмæст Уырысы паддзахæн пайдайаг адæмæн. Тъæрæс та никуы æмæ ницæмæй басгуыхт æмæ уый аккаг кæм уыдаид.
Æндæр зæхх ын лæвæрдтой кæмдæр Емаусы ’рдыгæй, æмæ уый фæтæргай, æз, дам, мæ дин гыццыл ницæй тыххæй нæ ивын, зæгъгæ.
Хъаныхъуаты Нинæйы ныхæстæй йæ
ныффыста
Торчынты Таймураз 1999 азы














