Парижæй – цины хæрзиуджытæ

0
50

Ацы бонты кæронмæ фæхæццæ кæнынц, Парижы чи цæуы, уыцы Паралимпиаг хъæзтытæ. Йе ’нæниздзинад хъыгдард кæмæн баййæфта, уыцы спортсменты ерысты сæхи сæрæнæй равдыстой Ирыстоны минæвæрттæ дæр. Рог атлетикæйæ ерысты ирыстойнаг спортсментæн бантыст цыппар хæрзиуæджы рамбулын.

Сыгъзæрин майданæй хорзæхджын ссис тренер, амæйразмæйы Паралимпиаг хъæзтыты уæлахиздзау Хуыгаты Гочæйы хъомылгæнинаг Хынцæгты Хетæг.

Паралимпиаг спорты, 46-æм къласы ерыс кæнгæйæ, Хетæг дæргъмæ агæпп кодта 6 м 52 см. Уый бæрц йæ ныхмæлæуджытæй никæмæн бантыст  равдисын, æмæ Хетæг ссис паралимпиаг чемпион.

Æфсæйнаг къори дæргъмæ схойынæй Гаглойты Валерийы хъомылгæнинаг Кокойты Алан 35-æм къласы спортсменты ерысты бацахста дыккаг бынат. Алан къори аппæрста 16 м 27 см – дæрддзæфмæ. Йæ тренер куыд зæгъы, афтæмæй Аланы бахъыгдардта, Паралимпиадæйы размæ йæ, йæхи дзæбæх кæнын кæй бахъуыд, уый. Рæстæг ма йын чысыл фылдæр куы уыдаид, уæд Аланæн йæ бон уыд фыццаг бынатыл тох кæнын дæр.

Хæрдмæ гæпп кæнынæй хорз рауад Мæргъиты Георгийы архайд дæр. 46-æм къласы спортсментимæ ерысы Георги агæпп кодта дыууæ метры бæрзæнды. Уый у Уæрæсе æмæ Европæйы рекорд ацы къласы спортсменты ’хсæн. Ацы бæрæггæнæнæй Георги рамбылдта æртыккаг бынат æмæ хорзæхджын ссис бронзæ майданæй.

Бронзæ майданæй ма хорзæхджын ссис Сланты Виктория. Уый 37-æм къласы ерысты, 400 метрмæ згъоргæйæ, сæвæрдта Уæрæсейы рекорд æмæ бацахста æртыккаг бынат.

Георги æмæ Викторияйы тренертæ сты фыд æмæ фырт – Хъороты Владимир æмæ Барис.

 Баскаты Уырызмæг

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here