Фæдзæхстады пенсимæ æмгъуыдæй раздæр рацæуыны бар ис, ахуырады кусæндæтты 25 азы, кæнæ фылдæр чи бакуыста, стæй йæ пенсион коэффициентты бæрц фаг кæмæн у, уыцы ацæргæ адæмæн.
Пенси сын лæвæрд цæуы сæ азтæм гæсгæ нæ, фæлæ ахуырады къабазы бакусыны æмгъуыдмæ (стажмæ) гæсгæ. Уырдæм ма хауынц æрвылазон фæлладуадзæн æмгъуыд, рынчындоны сыфтæ, стæй дæсныйад фæбæрзонддæр кæныны ахуырты уæвын.
«Пенсимæ рацæуыны æмгъуыд нысан кæнынц къæпхæнгай. Зæгъæм, ацы аз пенсимæ рацæудзысты, йæ ахуырады куысты 25 азы 2021 азы кæмæн сæххæст, уыдон, 2026 азы та – 2022 азы кæмæн сæххæст æмæ афтæ дарддæр.
Æппæт уыдæттæ педагогтæн бæлвырддæр базонæн уыдзæн паддзахадон лæггæдты порталы, хи сæрмагонд хыгъдæй рагацау хъæугæ бæрæггæнæнтæ сфысгæйæ.
Кæцыдæр бæрæггæнæнтæ уыцы хыгъды куы нæ разыной, уæд базонын æмбæлдзæн Уæрæсейы социалон фонды Цæгат Ирыстоны хайады клиентты службæйы æмæ бахæссын, чи нæ фаг кæны, уыцы документтæ», – радзырдта хайады хицау Милдзыхты Аслан.
УФ-йы Социалон фонды цæгатирыстойнаг хайады пресс-службæ














