Уыд нæртон хъаруйы хицау

0
244

Æрдз æмæ Хуыцау цыдæриддæр радтой нæлгоймагæн хорздзинадæй, уыдонæй  æппæтæй дæр хайджын уыдис Зауыр. Лæджы худ дарын æнцон нæу, лæджы ном хæссын зын у, уæлдайдæр та ныртæккæйы царды.

Зауыр лæджы ном фæхаста кад æмæ радимæ. Йæ риуы къуымы алкæмæн дæр бацагуырдтаид хъарм ныхас, йæ фæлмæн дзырдæй дойнаг дур бахъарм кодтаид, ахæм адæймаг уыд. Уæдæ Зауырмæ исчи фарстаимæ æрбацыдаид, зæгъгæ, æмæ йын дзуапп ма радтаид, уымæн гæнæн нæ уыд. Æрмæст йæхи уарзон мыггаджы лæг нæ уыд. Уый уыд сыхбæсты, хъæубæсты адæмы лæг, ирон æгъдау æмæ фарн йæ тугдадзинты æвæрд кæмæн уыди, ахæм адæймаг. Хорз лæгæн йæ адæймагдзинад йæ разæй цæуы. Уый йын ном дæр кæны æмæ фæндаг дæр. Бирæ æгъдауы фæлварæнтæ, Зауыр куыд ирон адæймаг, афтæ канд сæхи мидæг нæ, фæлæ Ирыстоны ахæм къуым нæ баззад, æгъдауы фæдыл йæ къах кæм не ‘рбавæрдта. Уæлдайдæр цины, кæнæ зианы. Йæ дзыхыныхас, йæ бавнæлд – аив, æнæ мидбылхудгæ дзурын дæр нæ зыдта. Йæ алы фезмæлдыл дæр зынд йæ рæсугъд æгъдау æмæ ирон фарн. Уæдæ-иу, лæгмæ диссаг куыд нæ фæкастаид, ахæм зындзинæдтæ фенгæйæ æмæ бавзаргæйæ, Зауыры зæрдæ не ссис тар æмæ дуры хуызæн хъæбæр. Фæлæ баззад фæлмæн æмæ рухсæй, йæ рæсугъд аив ныхæстæм хъусгæйæ, адæймаг не ‘фсæст йæ рæвдаугæ ныхасæй. Уый кæй зæрдæмæ не ссардтаид фæндаг. Иутæм цард йæ мидбылты фæхуды, сæ къух уазал доны дæр нæ атулдзысты, афтæмæй, æнæуæлдай фыдæбонæй тæхудиаг цардæй фæцæрынц. Фæлæ, йæхи хъаруйæ царды намысджын куыстæй вазыгджын фæндæгтæ чи арæзта, гъе ахæм нæртон хъаруйы хицау уыд Зауыр.

Фыдыбæстæйæн лæгæвзарæн  рæстæг куы скодта, арвæй хуры цæст куыннæуал зынд, знаджы къæхты бын зæхх йæ хъæдгæмттæй куы хъæрзыдта, йе уыцы рæстæг,  1940 азы Дзæуджыхъæуы райгуырд Зауыр. Æвæццæгæн, æмæ йæ ис схонæн хæсты сывæллон.  Уæд фашистты тугæйдзаг дзабыртæй нæ бæстæ ссæрибар кæнынмæ Иры сатæг дæлвæзтæй  стахтысты мингай цæргæстæ. Се ‘хсæн Дзампаты Темырболаты фырт Барис дæр (Зауыры фыд). Цас æмæ цас адæм фесæфт уыцы хæсты. Бæргæ, куы ссыдаид уæлахизимæ, йæ цард кæмæн  нæ бавгъау кодта, уыцы уарзон бинонтæм æмæ Ирыстонмæ. Фæлæ, хъыгагæн, хæсты быдыры баззад. Афтæмæй йыл хæрз гыццылæй æрæнцад царды уæз. Зауыр сси хæдзары хистæр.  Æвæццæгæн, æмæ дзурын дæр нæ хъæуы, цы зын цард кодтой уыцы заман адæм, канд Ирыстоны нæ, фæлæ æнæхъæн Уæрæсейы дæр. Фæлæ Зауыры мад схаста йæ сывæллæтты. Уыцы царды уæз Зауыр йæ гыццылæй ныры онг фæхаста кад æмæ радимæ. Йæ фыды ном, йæ хистæрты ном никуы фегад кодта. Йæ мады зындзинæдтæ йæхимæ айста æмæ йын æххуыс кодта йæ алы хъуыддаджы дæр. Маст ын никуы æрхаста. Адæймаджы уды дисы æфтыдта, кæронмæ скъола каст дæр нæ фæци, афтæмæй диссаджы æмдзæвгæтæ куыд фыста. Уыд уазæгуарзон, иу ирон бæрæгбон дæр-иу нæ уыдаид, æмæ, Дзампаты хæдзары æртæ чъирийы кувгæйæ, Хуыцау æмæ йе сконд зæдты ном ма ссарой сæ уарзон адæмимæ. Зауыр уыд Хуыцаумæ æввахс адæймаг, йæ куывд Хуыцаумæ хæццæ кодта. Адæмы-иу дисы бафтыдта, кувын куы байдыдта, уæд-иу иууылдæр ныхъхъус сты, æвæццæгæн, ахæм адæймаг нæ разындаид æмæ, кувыны
диссаджы аив ныхæстæ кæй зæрдæмæ нæ фæцыдаиккой, уымæн æмæ цыдысты сыгъдæг зæрдæйæ.

Зауыр йæ бинойнаг Светæимæ сæ фыдæбонæй, сæхи фæллойæ схастой æртæ рæсугъд кæстæры æмæ сæ царды фæндагыл сæвæрдтой. Цæй амондджын у, йæ  райгуырæн зæххыл цæрын æмæ цæуынæй чи бафсæст, цæй амондджын у, йе ‘нусон бынатмæ фæстæмæ æнæ фæкæс-фæкæсгæнгæйæ чи бацыд æмæ йæ кæстæрты йæ фæстæ дзæбæхæй чи ныууагъта. Адæймагæн цардамонд удыхъæдмæ гæсгæ лæвæрд куы уаид, уæд, æвæццæгæн, Зауыр дыууæфондзыссæдз азы фæцардаид. Ныууагъта рæсугъд æмæ аив ирон хæдзар. Йæ ном бæрзæндты чи хæсдзæн, уыдон сты йæ кæстæртæ. Сæ фыды кад æмæ фарн дарддæр дæр цæрдзæн.

Зауыр йæ зæрдæйы æнкъарæнтæ нæ гом кодта, фæлæ йе ‘нкъарæнтæ, иухатт, хæдзары бадгæйæ,  цыдæртæ радзырдта, æмæ мын ныххатыр кæнæд, кæй сæ дзурын ныртæккæ. Йæ зæрдæ тынг рыст, ирон адæм æмæ Ирыстон цы уавæры сты æмæ, кæдæм цæуæм, уый фæдыл. Афтæ-иу загъта: Не ‘гъдæуттæ уæрæседзаутæ æмæ
гуыбындзæлтæ сдзырддаг кодтой, хæрд æмæ сæ нозты бын фæкодтой. Уымæ гæсгæ ирон фарн æмæ æгъдау фæлурс кæнын  байдыдтой, нæ мадæлон диссаджы рæсугъд æвзагыл дзурын нæ сæрмæ нал хæссæм æмæ не ‘взаг æмæ не ‘гъдæуттæ нæ къæхты бын фæкодтам.

Адæм зæрдæйы фарнæн фæцудынæй куыннæуал тæрсой, кæрæдзийæ куы не ‘фсæрмы кæной, уæд уый æппæт адæмы дæр кæны стыр фыдбылызтæм. Нал ис зæрдæйы ‘фсарм, не ‘гъдау фæцудыдта. Адæмы сæрыл хъуыдыгæнæг нал ис. Уымæ гæсгæ арфæйы ныхæстæ зæгъынмæ зивæг кæнын райдыдтам. Хорздзинад
зæгъын, цæмæдæр гæсгæ, зын дзурæн ссис. Зауыр, мæнмæ гæсгæ, хауд уыцы фæлтæрмæ, æцæг æгъдау чи федта ирон фарн æмæ æгъдау, уыдон хъахъхъæдтой æгъдау æмæ йæ бæрзонд хастой. Фæлæ, стыр хъыгагæн, сæ фæлтæримæ нæ уарзон Ирыстонæй фæцæуы уыцы ‘гъдау, кæцы нал фендзыстæм. Æмæ фæцæуынц нæ фыдæлты зонындзинæдтæ, кæцытæн раздахæн нал уыдзæн. Æмæ йæ Зауыр хорз æмбæрста, кæй нæ уыдзæн Ирыстонæн æнæ ‘гъдауæй сомбон.

Зауыр, адæмæн уарзон адæймаг уыдтæ, мах зæрдæты баззайдзынæ куыд куырыхон æмæ дзырддзæугæ хистæр, æгъдауыл чи фæцард æмæ йæ бæрзæндты чи фæхаста кад æмæ радимæ, ахæм хистæрæй. Тынг зын зæгъæн дын у рухсаг æмæ рухсаг у.

Бинонтæ

 

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here