Фыдыбæстæйы Стыр хæсты ветеран Алексей Шевченкойыл æрæджы сæххæст 98 азы. Уый фæдыл æм зæрдиаг арфæтимæ бацыдысты Айларты-Бутаты Светланæ æмæ йæ фондз чызджы.
Хъуыддаг уый мидæг ис, æмæ Айларты бинонтæм раджы фæзынд ахæм фæтк – ветерантыл узæлын, арфæтæ æмæ сæ лæвæрттимæ бæрæг кæнын. Кæддæр Светланæ йæ чызджытимæ ногазон æхсæв сæ бæрæгбоны арфæтимæ «хæдзаронтæ» кæнынмæ фæцыдысты сæ хиуæттæ æмæ зонгæтæм. Уыцы изæр сæм цы ‘хца æмæ лæвæрттæ æрбафтыд, уыдон иумæйаг фæндæй байуæрстой æххуысхъуаг адæмыл. Райдайæны, зæгъæм, се ’ххуысы хай бакодтой сахъат сывæллæттæн, фæстæдæр се ’ргом аздæхтой ветерантæм дæр.
«Искæй хæдзармæ-иу куы бацыдыстæм, уæд-иу нæ афарстой: Кæцы организацийæ стут? Æмæ-иу дисы бацыдысты, нæхи бинонты хъæппæрисæй кæй кæнæм ацы хъуыддаг, уый базонгæйæ. Нæ арфæтæ æмæ лæвæрттæ хистæр фæлтæры минæвæрттæн цы ‘хсызгондзинад æрхæссынц, уый бирæйы аргъ у. Сæ цæсгæмттæ ныррухс вæййынц», – радзырдта Светланæ.
Ахæм æхсызгон фембæлд рауад ныр дæр. Алексей Шевченко йæ хæрзгæнджытæн зæрдиаг бузныг загъта.
Уыимæ, Светланæ куыд радзырдта, афтæмæй бинонтæ ныридæгæн сæхи цæттæ кæнын райдыдтой Ног азы бæрæгбæттæм. Фыццагдæр сæ арфæтæ фæхæццæ кæндзысты хæсты ветерантæм – Алагиры ма сæ баззад æртæ адæймаджы…
Нæ уацхæссæг














