РЦИ-Аланийы Сæргълæууæг Сергей Меняйло Хицауады хæдзары цы фембæлд сарæзта, уым зæрдиаг арфæтæ ракодта, «Республикæ Цæгат Ирыстон-Аланийы Мад-хъæбатыры» кадджын ном кæмæн саккаг кодтой, уыцы сылгоймæгтæн. Фембæлд сарæзтæуыд Мады боны кадæн (зындгонд куыд у, афтæмæй уыцы бæрæгбон Уæрæсейы вæййы ноябры фæстаг хуыцаубоны).
Фембæлды архайджытæн арфæ ракæнгæйæ, регионы Сæргълæууæг куыд фæнысан кодта, афтæмæй республикæйы разамынд дарддæр дæр æппæтвæрсыг мадзæлттæ араздзæн, цæмæй рæзгæ фæлтæры аккаг хъомылад æмæ ахуырадæн хорз фадæттæ уа, цæмæй алкæцы ныййарæг дæр йæ цардæй райгонд уа.
– Мад уæвын æнцон нæу, уыцы æууæл сылгоймагæй домы бирæ хъару æмæ удуæлдайдзинад. Уыимæ, уый у æцæг амонд – æхсæнадæн аккаг гражданин схъомыл кæнын. Мады бæрæгбоны хорзæх уæ уæд, – загъта Сергей Меняйло.
Цæгат Ирыстоны Сæргълæууæджы Указæй «Мад-хъæбатыры» кадджын ном лæвæрд æрцыд:
Бойко Галинæ Василийы чызгæн (хъомыл кæны 12 сывæллоны),
Гегкиты Фатимæ Цæлыччы чызгæн (хъомыл кæны 8 сывæллоны),
Чернега Иринæ Владимиры чызгæн (хъомыл кæны 7 сывæллоны),
Цоциты Майæ Гочæйы чызгæн (хъомыл кæны 10 сывæллоны).
Зындгонд куыд у, афтæмæй кадджын ном «Республикæ Цæгат Ирыстон-Аланийы Мад-хъæбатыр» лæвæрд цæуы, 7 æмæ уымæй фылдæр сывæллоны чи схъомыл кодта (кæнæ кæны) уыцы мадæлтæн. Абоны онг ахæм кадджын ном лæвæрд æрцыд 56 цæгатирыстойнаг сылгоймагæн.
РЦИ-Аланийы
Сæргълæууæг æмæ
Хицауады пресс-службæ














