Цалынмæ сæ мысæм, уæдмæ æгас сты…

0
216

Тохы бон куы скæны, уæд Ирыстоны нæлгоймæгтæ хъама-
лвæстæй фæтагъд кæнынц хæсты быдырмæ æмæ сæ лæгдзинад æмæ хъæбатырдзинадæй сæхицæн кады ном скæнынц.

Заманхъулы нæлгоймæгтæй дæр бирæтæ архайынц сæрмагонд æфсæддон операцийы фыццаг бонæй фæстæмæ, æмæ ныридæгæн се ‘хсæн ис, паддзахадон хæрзиуæгæй хорзæхджын чи сси, ахæмтæ. Фæлæ хæст хæст у, хъыгагæн, мæлæт æмдзу кæны нæ лæппутимæ. Куыд Ирыстоны иннæ хъæутæм, афтæ Заманхъулмæ дæр фыдохы уацтæ сыхъуыст къорд хатты. Абон Цæллагты Аслæнбег, Æгайты Æхсар, Багаты Валери æмæ Сатцаты Сæрмæт сты уыцы æнкъард хыгъды. Бæргæ дзырдтой сæ ныййарджытæ, цардæмбæлттæ æмæ сывæллæттæн, уæлахизимæ уæм зындзыстæм, зæгъгæ. Фæлæ сæ дзырд сæххæст кæнын сæ къухы нæ бафтыд – сæ цард раттой не ‘ппæты сæрвæлтау. Фæлæ уый хыгъд баззайдзысты нæ зæрдæты, нæ
хъуыдыты, фидæны фæлтæртæн сæ дæнцæгæн хæсдзысты.

Рахизфарсы районы дарддæр цæуынц хъайтарты мысæн ма-
дзæлттæ – ахæм хъæппæрис равдыста бынæттон Сылгоймæгты совет проект «Рæстæг равзæрста мах»-ы бындурыл. Мысæн изæр арæзт æрцыд Заманхъулы бынæттон культурон артдзæсты. Культурæйы хæдзары фойейы ис хъæздыг цæстуынгæ æрмæг хъæуы историйы, йæ бындурæвæрджыты тыххæй, Фыдыбæстæйы Стыр хæс-
ты архайджытæ æмæ фæллойы раззагдæрты хуызистытæ, ныр та ма дзы фæзынд хицæн бынат, сæрмагонд æфсæддон операцийы  архайджытæй йæ хæдзарыл сæр-
æгасæй чи нал сæмбæлд, уыцы хæстонты хуызистытимæ. Ам сын сæ хæрзиуджытæ дæр æрæвæрдтой. Фенæн ма дзы ис, Цæллагты Аслæнбег (йæ фæсномыг – «Скиф») тохы быдырмæ йемæ цы Ирыстоны тырыса ахаста, уый. Йæ уæлæ фыст, знагимæ кæимæ тох кодта, уыцы хæстон æмбæлтты нæмттæ æмæ фæсномыгтæ. Куы фæмард, уæд ын æй йе ‘мбæлттæ Ирыстоныл сæмбæлын кодтой. Къамтæй нæм кæсынц цардбæллон æрыгон нæлгоймæгтæ, мадзалы чи архайдта, уыцы ныййарджытæ, хæстæджыты цæстытæ та – цæссыгæй – се дзаг, афтæмæй сын дзырдтой сæ цардвæндаджы тыххæй. Уыцы бон цыма Заманхъулы цæрджытæ се ‘ппæт дæр культурæйы артдзæстмæ æрæмбырд сты – алкæй дæр фæндыд хъайтарты ном ссарын, Цæллагты, Æгайты, Багаты æмæ Сатцаты зынгхуыст хæстонты ныййарджыты, бинонты рисæй хай райсын. Мадзалы архайдтой районы сæргълæууæг Фрайты Сослан, районы бынæттон администрацийы сæргълæууæджы хæдивæг Цорæты Артур, хъæуы администрацийы хицау Хадыхъаты Мухæдин, хъæуы хистæр Хадыхъаты Хъасболат, хъæуты хицæуттæ Базраты Аслан æмæ Гæлуаты Зауырбег, районы Ветеранты совет æмæ Ныхасы уæнгтæ, Алайнаг хъазахъхъаг æфсад, ахуырад æмæ культурæйы минæвæрттæ, хореограф, Уæрæсейы культурæйы сгуыхт кусæг Хъайтмазты Мæдинæ.

Фембæлд барæсугъд кодтой æмдзæвгæтæ æмæ хъайтартыл зарджытæй Культурæйы хæдзары кусджытæ æмæ скъоладзаутæ.

– Сымах фарсмæ уæ зын сахат æрбалæууын – уый, нæ бон æппынкъаддæр цы у уæ рыст æмæ хъыг фæкъаддæр кæнынмæ, уый. Цæгат Ирыстоны Сæргълæууæг Сергей Меняйлойы, стæй махæн не ‘ппæты номæй уын арфæ кæнын, Райгуырæн бæстæйæн ахæм аккаг хъайтар фырттæ кæй схъомыл кодтат, уый тыххæй, – загъта Фрайты Сослан.

Арфæйы ныхæстæ ныййарджытæ æмæ хиуæттæн загътой Хадыхъаты Мухæдин æмæ Хадыхъаты Хъасболат дæр.

Мадзалмæ æрбацæуджытæ та мысæн изæр саразджытæн – Культурæйы хæдзары кусджытæ, йæ сæргъы Æгайты Алинæ, афтæмæй, стæй рæвдауæндоны коллективæн, хъæуы хицауæн, Беслæны сывæллæтты аивæдты скъола æмæ йæ сæргълæууæг Цæгæраты Альбинæйæн, Сылгоймæгты советæн бузныг загътой.

 

Олеся КРИВОВА,
æхсæнадон уацхæссæг,
авторы ист къам

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here