Ныййарæджы капиталы фæрцы – ног цæрæнуæттæ

0
205

2024 азы 2,5 мин цæгатирыстойнаг бинонтæй фылдæр ныййарæджы капиталы фæрæзты фæрцы фæхуыздæр кодтой сæ царды уавæртæ. Ахæм нымæцтæ фехъусын кодта Уæрæсейы Социалон фонды РЦИ-Аланийы
хайады пресс-службæ.

Фонды минæвар куыд фæбæрæг кодта, афтæмæй ивгъуыд азы 2 510 бинонтæ ног цæрæнуæттæ сарæзтой кæнæ балхæдтой ныййарæджы капиталы фæрæзты æххуысæй (уыцы хъуыдда-джы пайдагонд æрцыд банчы æфстæуттæй дæр). Уыцы нысанæн Социалон фонды регионалон дæлхайад 2024 азы дæргъы радих кодта 343,3 милуан сомы бæрц.

Зындгонд куыд у, афтæмæй ныййарæджы капиталы тыххæй сертификатты хицæуттæ æхсызгонæй спайда кæнынц сæ царды уавæртæ фæхуыздæр кæныны фадатæй. Уымæн сын хорз ахъаз сты ныййарæ-джы капиталы фæрæзтæ. Уыдон схардз кæнæн ис ног цæрæнуат балхæныныл кæнæ саразыныл, ипотекон æфстауы фыццаг хай бафидыныл кæнæ раздæр ист цæрæнуатон кредит сæхгæныныл.

Ныййарæджы капиталы фæрæзтæ уыцы нысаныл схардз кæнæн ис, сертификат кæй номыл райстой, уыцы сывæллоныл 3 азы куы сæххæст уа, уæд. Уыимæ, бинонтæ кæд раздæр ипотекон бадзырд сарæзтой кæнæ цæрæнуатон кредит райстой, уæд уыдоны фæдыл фиддон сæхгæнæн ис сертификаты фæрæзтæй сывæллонæн йæ райгуырдæй фæстæмæ (ома, ахæм уавæрты сывæллоны æртæ азмæ æнхъæлмæ кæсын нæ бахъæудзæн).

«Банчы цæрæнуатон æфстау чи райста кæнæ райсынвæнд чи кæны, уыцы бинонты хъæуы æрмæстдæр паддзахадон лæггæдты порталы фæрцы курдиат бадæттын, сертификаты фæрæзтæ сæ царды уавæртæ фæхуыздæр кæныныл схардз кæнын кæй хъавынц, уый фæдыл. Уыимæ, цæрæнуатон кредиты тыххæй бæлвырдгæнæн гæххæттытæ Социалон фондмæ хæссын нæ хъæуы, фонды кусджытæ сæ банкæй сæхæдæг райсдзысты», – зæгъы фонды регионалон хайады разамонæг Мил-дзыхты Аслан.

Социалон фонды пресс-службæйы минæвар зæрдыл æрлæууын кодта, 2025 азы 1 февралæй фæстæмæ ныййарæджы капиталы бæрц 9,5 процентæй индексацигонд кæй æрцыд, уый. Афтæмæй ныртæккæ йæ бæрц у: фыццаг сывæллоны номыл – 690 266 сомы, дыккаг, æртыккаг æмæ уымæй фæстæдæр сывæллоны номыл – 912 162 сомы (кæд бинонтæ фыццаг сывæллоны номыл сертификат нæ райстой, уæд).

Ныййарæджы капиталы тыххæй фæрæзтæй спайда кæныны фæдыл æппæт фарстытæ дæр бадæттæн ис Социалон фонды контакт-центрмæ ахæм телефонæй: 8-800-100-00-01 (къуырисæры – майрæмбоны 9 сахатæй 18 сахаты онг).

 

КАЛМАНТЫ Аслан

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here