Регионтæн – хорз ахъаз

0
208

Федералон бюджетæй дихгонд æфстæуттæ сфысгæйæ сæ Цæгат Ирыстоны социалон
инфраструктурæйы рæзтмæ бавæрыны фарстатыл ныхас рауад, РЦИ-Аланийы Сæргълæууæг Сергей Меняйло цы æмбырд скодта, уым.

Архайдтой дзы РЦИ-Аланийы Хицауады Сæрдар Дзанайты Барис, æххæстгæнæг хицаудзинады минæвæрттæ. Уæрæсейы Хицауады 2025 азы 1 февралы ист уынаффæмæ гæсгæ, регионтæ бюджетон æфстæутты хæсты фылдæр хайæ уæгъдгонд цæуынц.

Спайда кæнæн сæ ис цæрæнуатон-коммуналон хæдзарады къабазы инфраструктурон проекттыл, кæлæддзаг хæдзæрттæй цæрджыты ног фатертæм раивыныл, æхсæнадон транспорт сног кæныныл, ног инвестицион проекттыл. Сергей Меняйло куыд фæбæрæг кодта, афтæмæй хæсты фылдæр хай сфыссыны хъуыддаг хорз фæахъаз уыдзæн регионтæн.

«Уый йæ Ныстуаны 2024 азы фæбæрæг кодта Уæрæсейы Президент. Ныртæккæ нæ размæ лæууы æппæт хъуыддæгтæ сбæлвырд кæнын æмæ сæ афойнадыл Уæрæсейы Финансты министрадмæ бадæттын», – загъта республикæйы Сæргълæууæг. РЦИ-Аланийы разамынд куыд уынаффæ кæнынц, афтæмæй 2025-2029 азты фæрæзтæ ратдзысты автомобилон фæндæгты æмæ цæрæнуæтты комплексы инженерон хызты, рæвдауæндæтты, скъолаты арæзтадæн, регионалон проекттæ царды рауадзынæн, граждæнты хицæн къордтæн баххуыс кæнынæн, æндæр нысантæн.

РЦИ-Аланийы
Сæргълæууæг æмæ
Хицауады пресс-службæ

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here