Кæстæртæн мадæлон æвзаг уарзын кæныны нысанимæ, РЦИ-Аланийы Ахуырад æмæ наукæйы министрад цалдæр азы размæ расидтысты республикон æркаст-конкурс «Ирон аив дзырды дæсны». Фæархайынц дзы скъоладзаутæ Дзæуджыхъæуæй æмæ республикæйы районтæй. Ацы хатт дæр та конкурс арæзт æрцыд Сывæллæтты сфæлдыстады галуаны.
8-11 кълæсты ахуырдзаутæ кастысты æмдзæвгæтæ æмæ прозаикон уацмыстæй скъуыддзæгтæ ахæм темæйыл: «Мæ райгуырæн бæстæ, нæ фыдæлты зæхх». Фæсивæды арæхстдзинадæн аргъ кодтой жюрийы уæнгтæ газет «Рæстдзинад»-ы сæйраг редактор Битарты Маринæ, РЦИ-Аланийы культурæйы сгуыхт кусæг Лалыты Хъазыбег, ЦИПУ-йы ирон æвзаг æмæ литературæйы кафедрæйы сæргълæууæг Куыдзойты Анжелæ, Ахуырады кусджыты зонындзинæдтæ фылдæргæнæн институты ирон æвзаг æмæ литературæйы кафедрæйы ахуыргæнджытæ Солтанты Джульетæ æмæ Хозиты Эльвирæ. Дыууын чызджы æмæ лæппуйы, районты конкурсты уæлахиздзаутæ, архайдтой республикон æркасты. Жюрийы уæнгтæ аргъ кодтой, архайджытæ æмдзæвгæтæ æмæ прозаикон уацмысты хъуыды раргом кæнынмæ куыд аив арæхсынц, уымæн. Бæрæг уыд, ацы суинаг кæстæртæ стыр аргъ кæй кæнынц нæ хъæздыг историйæн, ирон чиныгæн, ирон æвзагæн. Уый тыххæй бузныг зæгъын хъæуы сæ ныййарджытæн, стæй сæ конкурсмæ чи бацæттæ кодта, уыцы дæсны ахуыргæнджытæн. Ирон поэттæ æмæ фысджытæ: Цæрукъаты Алыксандр, Беджызаты Чермен, Гаджиты Георги, Галуанты Людмилæ, Æгъуызарты Таймураз, Малиты Васо, Хæмыцаты Юри, Плиты Илья, Калоты Хазби, Дзуццаты Эльбрус, Тыджыты Юри, Айларты Михал, Гæджынаты-Хабæты Риммæ, Хаджеты Таймураз, Сабайты Сулейман æмæ иннæты уацмыстæ аивæй равдыстой скъоладзаутæ. Фыццаг номинацийы æмдзæвгæ аив бакæсынæй уæлахиздзаутæ систы: 1-аг бынат — Гогаты Мальвинæ, Алагиры 5-æм скъолайы ахуырдзау; 2-аг бынат — Абайты Данæ, Беслæны 8-æм скъолайы ахуырдзау; 3-аг бынат адих кодтой — Аслан Захаров, Елхоты 1-æм скъолайы ахуырдзау æмæ Регинæ Джабраилова, Мæздæджы 5-æм скъолайы ахуырдзау. Дыккаг номинацийы, прозæйæ фыст уацмысæй скъуыддзаг аив бакæсынæй, уæлахиздзаутæ систы: 1-аг бынат — Дзгойты Елизаветæ, Олгинскæйы скъолайы ахуырдзау; 2-аг бынат — Гæбуты Алан, Æрыдоны 1-æм скъолайы ахуырдзау; 3-аг бынат адих кодтой — Дзабиты Аминæт, Дзæуджыхъæуы 26-æм скъолайы ахуырдзау æмæ Хуыбиаты Роберт, Михайловскы скъолайы ахуырдзау.
ЦÆГÆРАТЫ Жаннæ
Къамтæ систа КЪÆБЫСТЫ Харитон














