Кæрæдзи хуыздæр бамбарыны тыххæй

0
199

Нæ республикæйы фыццаг хатт скодтой, алыхуызон адæмы иу фæзмæ чи æрбамбырд кодта, ахæм хъуыддаг – уым уыдысты Цæгат æмæ Хуссар Ирыстоны сæрмагонд æфсæддон операцийы архайджытæ, сахъат адæм, фæсивæд.

Цæгатаг æмæ хуссайраг минæвæрттæ Æрыдоны доныл рафтинджы фæрцы сарæзтой ерыстæ. Уыдæттæ конд æрцыдысты проект «Этнокультурон туризм инвалид фæсивæдæн»-ы фæрцы. Йæ диссаг уый мидæг ис, æмæ ахæм хъуыддæгты руаджы алыхуызон социалон къордты ‘хсæн арæнтæ атайынц, кæрæдзийы фæлтæрддзинадимæ базонгæ вæййынц, се ‘хсæн цы гæрæнтæ ис, уыдон фехæлынц. Афтæмæй проекты алы архайæг дæр, йæ царды, йе ‘нæниздзинады хицæндзинæдтæ нæ нымайгæйæ, йæхи æнкъары иу æмæхсæнады уæнгыл.

Проекты хъæппæрис равдыста Тедеты Тимур, йæ ныхмæ Æппæтуæрæсеон конкурсы райста грант. «Мах ацы адæмы иу фæзмæ æрмæст æрæмбырд кæнын нæ фæндыд, фæлæ ма, кæрæдзийыл куыд æууæндынц, уый банкъарын, иу хъуыддагыл кæй архайынц, уыдæттæй сæ æрбаиу кæнынц. Æхсæнады тых баст у йæ алыхуызонадимæ, иудзинадимæ. Сæрмагонд æфсæддон операцийы архайджытæ рахызтысты вазыгджын фæлварæнты сæрты, уыдон æнæниздзинады цыбыр авналæнтимæ фæсивæдимæ куыд дзурынц, куыд сæ æмбарынц, уыдæттæй арæзт у нæ уарзон  Фыдыбæстæ», – зæгъы Тедейы-фырт.

Рафтинджы Æрыдоны доныл æрцæуынæй уæлдай ма проекты архайджытæ алыхуызон спортивон хъæзтыты бацыдысты ерысты. Уæлахиздзаутæ райстой Кады гæххæттытæ, лæвæрттæ. Уымæй уæлдай бабæрæг кодтой Хетæгкаты Къостайы хæдзар-музей Нары. Проекты программæ у парахат, алывæрсыг. Цæмæй царды бантыса, уымæн фæахъаз сты бирæ алыхуызон организацитæ, куыстуæттæ.

Гæбæраты Кристинæ

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here