Хъæугæ дæсныйад райсынæн

0
128

Цæгат Ирыстоны бархионты къорд æххуыс кæндзысты, йе ‘нæниздзинад хъыгдард кæмæн у, уыцы сывæллæттæн.

Хъыгагæн, ныртæккæ республикæйы скъолаты ахуыр кæны, æнæниздзинадмæ гæсгæ йæ гæнæнтæ цыбыр кæмæн сты, ахæм æртæ мин чызджы æмæ лæппуйы, рæвдауæндæтты та – дыууæ минæй фылдæр.

Цæмæй се ’мгæртты ’хсæн дæлджинæг ма уой, сæ рæстæг хъæлдзæгæй æмæ пайдаджынæй æрвитой, уый тыххæй сæм хъæуы фылдæр æргом аздахын. Ахæм фæсивæдон къорд студенттæй сæмбырд кæнын бафæдзæхста, августы конференцийы ахуыргæнджыты раз дзургæйæ, республикæйы Сæргълæууæг Сергей Меняйло.

Ахуыры, хиирхæфсынад æмæ æхсæнадон царды архайынмæ кæстæрты раздахын алывæрсыг æххуыс сын кæныны хæс æвæрд уыдзæн хъæппæрисджын фæсивæдыл.

– Хуымæтæг сывæллæттæ кæй не сты, уымæ гæсгæ сæ уавæртæ дæр хъуамæ æндæр хуызон уой. Аудындзинад, хорз цæстæнгас цæмæй банкъарой – ахæм курдиат мæм ис Педагогон колледж æмæ проект «Навигаторы детства»-мæ. Уымæй уæлдай, дарддæр кусдзыстæм ахуырад æмæ куыстуæтты иумæйаг системæ саразыныл, цæмæй нæ рауагъдонтæй йе ‘нæниздзинад хъыгдард кæмæн у, уыдонæн фидæны фадат уа зæрдæмæдзæугæ куысты бынат ссарынæн, – бафиппайдта Сергей Меняйло. Йæ фæдзæхстмæ гæсгæ, сæрмагонд программæ бацæттæ кæндзысты рынчын сывæллæтты ныййарджытæн æххуысæн.

Уымæй уæлдай, дæрддзæгмæ ахуыры практикæйæ дæр хъæуы пайда кæнын, хъæугæ дæсныйад райсынæн йæ гæнæнтæ цыбыр кæмæн сты, уыцы ахуырдзау фæсивæдæн.

ЦÆГÆРАТЫ Жаннæ

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here