Æмгуыстады бындурыл

0
154

Ныр цалдæр боны Ирыстоны уазæгуаты сты Владимиры облæсты Закъонæвæрынадон æмбырды депутаттæ, сæ сæргъы — Ольгæ Хохлова. Кусæг балцы рæстæг сын æхсызгон фембæлд уыдис нæ республикæйы Парламенты депутаттимæ.

Йæ сæрдар Тускъаты Таймураз зæрдиаг æгасцуай загъта кадджын уазджытæн æмæ фæнысан кодта, абоны уавæрты регионты парламентты æмгуыстад, æнæмæнг, хъæугæ кæй у дарддæры рæзтæн, адæмы царды уавæртæ фæхуыздæр кæнынæн.

Куыд Иры зæххы истори, афтæ Владимиры облæст дæр рагон у. Хуымæтæджы бастдзинæдтæ нæ сæвзæрд не ’хсæн. Къниаз Всеволоды бинойнаг уыдис алайнаг чызг Мария Ясыня.

Дзæуджыхъæуы кадджын уавæры РЦИ-Аланийы Парламент æмæ Владимиры облæсты Закъонæвæрынадон æмбырд æмгуыстады тыххæй бадзырд бафыстой. Ольгæ Хохлова æмæ Тускъаты Таймуразæй уæлдай æмбырды архайдтой уазджыты ’рдыгæй профилон комитетты сæрдартæ Александр Нефедов, Роман Кавинов æмæ Игорь Лашманов, фысымты номæй – Парламенты Сæрдары хæдивæг Гутнаты Аслæнбег, депутаттæ – Остъаты Георги æмæ Черчесты Аслан.

– Уæрæсейы Федерацийы регионалон закъонæвæрынадон оргæнты æмгуыстад фадат дæтты экономикæйы, социалон къабазы рæзтæн. Владимиры облæсты стыр фæлтæрддзинад ис ацы хъуыддаджы, сæ æнтыстдзинæдтæ сын уынæм. Кæрæдзийы фæлтæрддзинадæй спайда кæнын хъæуы парламентон архайды, – уый тыххæй загъта Тускъаты Таймураз.

– Не ’мгуыстады сæйрагдæр нысаныл нымайæм, нæ парламентон архайд баиу кæнгæйæ, федералон æмвæзадмæ рацæуын.

– Паддзахадон Думæйы депутаттимæ, сенатортимæ цы закъонты проекттæ цæттæ кæнæм, уыдон цардмæ хаст куыд æрцæуой, ууыл архайдзыстæм, – загъта Ольгæ Хохлова æмæ бафтыдта, нæ дыууæ адæмтæм дæр бæрзонд æвæрд кæй сты бинонты кад æмæ æгъдау, сывæллæттæ хъомыл кæнын.

Уымæ гæсгæ, Владимиры облæсты Закъонæвæрынадон æмбырды регионалон закъонтæй цалдæр ныр сты бинонты бартæ хъахъхъæнæг федералон закъонтæ.

Владимиры облæсты минæвæрттæ арфæ ракодтой сæ ирыстойнаг æмгуыстгæнджытæн сæ уазæгуарзондзинады тыххæй. Дисы сæ бафтыдтой Ирыстоны æрдзы рæсугъддзинæдтæ. Фысымты зæрдиагæй фæхуыдтой сæхимæ уазæгуаты.

Кæронбæттæны Ольгæ Хохлова æмæ Тускъаты Таймураз сæ къухтæ бавæрдтой бадзырды бын, дзуаппытæ раттой журналистты фарстытæн.

Гугкаты Жаннæ

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here