Ныхас скъолайы агъоммæ сывæллæтты математикон ахуырадыл кæм цыд, Цæгат Ирыстоны паддзахадон университеты психологон-педагогон факультет Дзæуджыхъæуы 95-æм рæвдауæндоны сарæзта дунеон архайдимæ ахæм методикон семинар «Фидæнмæ арæзт скъолайы агъоммæ ахуырад».
Амынд ахуыргæнæндонæй фæстæмæ дзыллон мадзалæн фадæттæ сарæзтой нæ рес-
публикæйы Ахуырад æмæ наукæйы министрад, Уæрæсейы Ахуырады академийы цæгатирыстойнаг наукон центр, стæй регионы педагогон колледж.
Цæгатирыстойнæгтæй фæстæмæ семинары архайдтой Ростов-Доны, Кæсæг-Балхъары, стæй Казахстан æмæ Хуссар Ирыстоны раззагдæр эксперттæ, æдæппæт – 250 специалистæй фылдæр. Æмбырды архайджытæ æрныхас кодтой скъолайы агъоммæ ахуырады ахсджиагдæр фарстатыл: паддзахадон стандартты ног домæнтыл, ахуырады ног мадзæлттæ æмæ специалистты цæттæ кæныны хъуыддагыл.
Семинары архайджытæн раарфæ кæнгæйæ, ахуырадон куыстæй Цæгат Ирыстоны паддзахадон университеты проректор Зæгæлты Зæлинæ загъта:
– Амынд семинар дыккаг хатт кæй цæуы, уый дзурæг у скъолайы агъоммæ ахуырады фарстаты ахсджиагдзинадыл. Хъомылад ахуырады системæйы ахсы сæйраг бынат, зæгъгæ, зындгонд педагог Константин Ушинскийы ахæм хъуыды мах бавдисæм практикон уагæй. Хъомылгæнæгæн сывæллоны царды стыр ахадындзинад кæй ис, уый нымайгæйæ, рæвдауæндоны хъомылгæнинæгтæн амонын хъæуы математикон æмæ æндæр зонындзинæдты бындуртæ. Фидæнмæ арæзт скъолайы
агъоммæ ахуырады бындурон райрæзтæн ахъаз кæнын æмбæлы. Нæ семинары хæс у федералон амынддзинæдтæ æххæст кæнын, нæ регион куысты хуыздæр мадзæлттæй куыд пайда кæна, афтæ.
Цæгат Ирыстоныпаддзахадон университеты пресс-службæ














