Ацы бонты редакцимæ æрбадзырдта Дзæуджыхъæуы Дзусы-фырты уынджы цæрæг. Ацæргæ нæлгоймаг хъаст кодта, газеттæ кæй рафыста афæдзы дыккаг æмбисæн, хæсгæ та йын сæ кæй ничи кæны. Уыцы уынджы цæрджытæн лæггад кæны горæты Цæгатныгуылæйнаг районы 45-æм посты бастдзинады хайад. Хайадæн бирæ рæстæг разамынд дæтты Куымæриттаты Зæлинæ. 43 азы чи кусы, уымæн йæ куысты æппындæр сусæгдзинæдтæ нал баззад.
Нæ фарстæн дзуапп дæтгæйæ, Зæлинæ загъта, рæстæгмæ зындзинæдтæ кæй æййафынц.
– Ныртæккæ у сæрдыгон отпускты рæстæг, постхæсджытæ нæм ис фондз. Иузæрдионæй кусынц, кæрæдзийæн дæр æххуыс кæнынц. Кæддæр нæм газеттæ ластой райсомы 9-10 сахатыл, ныр та афæстиат вæййынц, хатгай 12-13 сахатмæ, æмæ уæд дыккаг бонмæ дæр баззайынц æнæуæрстæй, шофыртæ дæр нæ фаг кæны. Иу хатт ма зæгъдзынæн, уыдон рæстæгмæ къуылымпытæ сты. Архайæм, цæмæй нæ рафысджыты нымæц фылдæр кæна, – зæгъы Зæлинæ.
Газетты редакциты, æппæт мыхуыры фæрæзты куыст, дæлæ кæнæм, уæлæ кæнæм, аразгæ у комкоммæ Уæрæсейы постæй. Уымæн æмæ афтæмæй газеттæ хæццæ кæнынц, чи сæ рафыссы, уыцы адæммæ. Мыхуыры фæрæзты æфтиæгтæ, се ’нтыстджын куыст дæр посты архайдимæ баст у.
Цы бæрзонд тарифтæ равæрдтой мыхуыры фæрæзтæ бынатмæ хæццæ кæнынæн, уыдон редакцийы бюджет бахæрынц. Зындзинæдты сæрты хизгæйæ, кусынц газетты коллективтæ.
«Уæрæсейы пост» дæр хуыздæр уавæры нæй, уымæн æмæ нæ хъæутæ æмæ горæтты бирæ хайæдтæ кусын райдыдтой къуыри цалдæр сахаты, кæнæ та бонцухæй. Нæ фаг кæны кусджытæ. Аххосаг та у сæ гыццыл мызд. Адæм æрбацæуынц куыстагурæг, фæлæ ахæм капеччытыл, хурæй-къæвдайæ кусын никæй фæнды, æмæ аздæхынц.
Иуæй-иу рæтты та посты хицæуттæ сæхæдæг постхæсджытæ дæр сты, байуарынц газеттæ, пенситæ хæссынц.
Уæлæмхасæн æфтиæгтæ райсынæн посты хайæдты уæй кæнынц хойраджы продукттæ, лотерейон билеттæ, мигæнæнтæ, хæдзары хъæугæ æндæр лыстæг дзаумæттæ. Пенсиисджытæй кæмæндæр уый зæрдæмæдзæугæ у, йæ курдиатмæ гæсгæ йын кусæг хъæугæ товар хæдзармæ бахæссы. Ацы æмæ æндæр цымыдисаг информаци æрæмбырд кодтам, телефонæй нæ газеткæсджытæм дзургæйæ. Мыхуыр дзы кæнæм цалдæр адæймаджы хъуыдытæ:
Тотраты Олег (Комгæроны хъæу): Мæхи куы хъуыды кæнын, уæдæй нырмæ исæм газеттæ, æрвылаз дæр рафыссын районы газет «Фидиуæг», «Рæстдзинад», киоскы дæр балхæнын. Интернеты æнус ралæууыд, æппæт хъусынгæнинæгтæ дзы цыбырæй ис бакæсæн. Фæлæ, газеты фарс рафæлдахгæйæ, цы æхсызгондзинад райсай, уый дзы нæй. Советон рæстæг алы хæдзар дæр фыста газеттæ. Нæ постхæссæг Хъесаты Гæбыла сæ-иу, бæхыл бадгæйæ, уæрста адæмæн. Нæ хъæуы абон дæр ис посты хайад, ницы сæ хъаст кæнæм, сæ куысты фæткимæ зонгæ нæ дæн, фæлæ газеттæ хæццæ кæнынц.
Тезиаты Маринæ (Хъæдгæрон): Постхæссæджы æрбацыдмæ адæм фенхъæлмæ кæсынц, уæлдайдæр – хистæртæ, уыдонæн газет сæ ныхасæмбал у. Фæлæ ацы фæстаг рæстæг махырдыгæй газеттæ нал хæссынц. Куыд загътой, афтæмæй постхæссæг йæ куыст ныууагъта. Æрыгон сылгоймагæн йæ мызд фæкъаддæр кодтой, нал æххæссыд æмæ ацыд æндæр ранмæ. Цæрджытæй, кæмæн куыд йæ бон у, афтæ сæхæдæг цæуынц æмæ райсынц сæ газеттæ.
Созайты Элинæ (Хъарманы хъæу): Нæ хъæуы посты хайады куыстæй разы стæм. Гыццыл хъæубæстæ стæм, æмæ дыууæ постхæссæджы æххæссынц цæрджытæй се ’ппæтыл дæр. Афойнадыл нæм хæццæ кæнынц нæ газеттæ, журналтæ. Æрæджы та ма дзы байгом кодтой «Валдберис»-ы хайад, æмæ уый дæр адæмæн удæнцойдзинад хæссы.
Фæрниаты Мæдинæ (Нартыхъæу): Раст куы зæгъон, уæд мæхæдæг фылдæр интернетæй пайда кæнын, уым базонын ног хабæрттæ. Фæлæ «Рæстдзинад» нæ хъæуы цæрджытæ кæсынц æмæ уарзынц. Уыдонимæ – ме ’мкусджытæ, ахуыргæнджытæ дæр. Ис нæм посты хайад, арæх фенын постхæссæг йæ уæззау хызынимæ хъæуы уынгты æрцæйцæугæ, бæрæг у, сæ куыстыл æнувыд кæй сты, æмæ сын бузныг сæ лæггадæй.
Гæбуты Анджелæ, Дзæуджыхъæуы сæйраг почтамты хицауы хæдивæг логистикæйы фарстаты. Посты куыст фæйнæхуызон у. Кæмдæр – хуыздæр, кæмдæр та – лæмæгъдæр. Аххосæгтæ дæр алыхуызон сты. Фæлæ зæгъдзынæн, алы хъæуы дæр кæй ис посты хайад. Æрмæст Фарныхъæуы, зынгсирвæзты рæстæг, бæстыхай нал сбæззыд кусынмæ. Газеттæ æмæ журналтæ фыссыны рæстæг нæ рафысджытæн алывæрсыг æххуыс бакæныныл архайæм. Кæцыдæр хъæуты, зæгъæм, Заманхъулы, нæй иу постхæссæг дæр. Ахæм лæггад нæм ис, «до востребования», зæгъгæ, газет асламдæр аргъæй рафысс, фæлæ йæ посты дæхæдæг райс. Чи уарзы æмæ бирæ азты чи кæсы газеттæ, уыдон сæ куыдфæндыйæ дæр рафыссынц, сæ фылдæр сты хистæр фæлтæры минæвæрттæ.
Гугкаты Жаннæ














