Бирæазон тох æмæ Уæрæсейы æххуысы фæстиуæг – хæдбардзинад

0
62

Уæрæсейы Федераци Республикæ Хуссар Ирыстон хæдбарыл куы банымадта, уыцы цауы 18 азы кадæн арæзт мадзæлтты архайдта РЦИ-Аланийы Сæргълæууæг Сергей Меняйло.

Уæрæсейы Президенты Администрацийы разамонæджы фыццаг хæдивæг Сергей Кириенко, Республикæ Хуссар Ирыстоны Президенты хæстæ æххæстгæнæг Хъамболты Марат, паддзахадон хицаудзинады оргæнты минæвæрттæ æмæ кадджын уазджытимæ Сергей Меняйло дидинджытæ сæвæрдта мемориалон комплекс «Хуссар Ирыстоны хъахъхъæнджытæн»-ыл. Паддзахадон драмон театры арæзт æрцыд кадджын æмбырд.

Сергей Кириенко фæбæрæг кодта, Хуссар Ирыстоны хæдбардзинад кæй сси йæ адæмы бирæазон тох Уæрæсе æмæ республикæйы иумæйаг архайды фæстиуæг.

– 18 азы размæ цы историон цау æрцыди, уый нæ бæстæйы адæм иумæ, фæрсæй-фарсмæ, уæхски-уæхск сарæзтой. Уыцы тох уæззау уыди, стæй Хуссар Ирыстоны сæрибардзинад æмæ хæдбардзинадыл æхсарджын тох фондз боны нæ, фæлæ ссæдз азæй фылдæр цыди. Ныртæккæ не ‘ппæтæн дæр сæйрагдæр у, йæ цард æмæ йе ‘нæниздзинад чи ратта сæрибардзинад æмæ хæдбардзинады сæраппонд, уыдоны бæллиц сæххæст кæнын. Уыцы бæллиц та уыдис Хуссар Ирыстоны цæрæг адæмы амондджын æмæ фæрныг цард ацы диссаджы рæсугъд фарнхæссæг бæркадджын зæххыл, – загъта Сергей Кириенко.

Сергей Меняйло бæрæгбоны фæдыл зæрдиаг арфæ ракодта Хуссар Ирыстоны цæрджытæн.

– Абон стыр бæрæгбон у Хуссар Ирыстон æмæ Абхазы адæмтæн – Хæдбардзинады бон. Уый та къухы бафтыд Уæрæсейы Федерацийы Президенты историон уынаффæ æмæ дыууæ республикæйы цæрджыты, уыцы цауты чи архайдта, уыдонæн се ‘ппæты æхсар æмæ лæгдзинады руаджы. Æз дзы мæхæдæг архайдтон æмæ хъусæггагæй нæ зонын уыцы бонты цаутæ. Цæгат æмæ Хуссар Ирыстон æнгом баст сты. Не ‘мгуыстад дарддæр дæр хъомысджындæр кæндзыстæм. Иумæ кусдзыстæм, дыууæ республикæйы цæрджытæн ахсджиаг чи у, уыцы кабæзты. Иу хатт дæр ма уын зæрдиаг арфæ кæнын бæрæгбоны фæдыл! – загъта Цæгат Ирыстоны Сæргълæууæг.

Хуссар Ирыстоны Президенты хæстæ æххæстгæнæг Хъамболты Марат фæбæрæг кодта Хуссар Ирыстон хæдбарыл банымайыны Уæрæсейы уынаффæйы историон нысаниуæг æмæ йæ иудадзыг æххуысы тыххæй арфæ ракодта Уæрæсейæн.

– 2008 азы августы 26 бон æнусмæ нæ адæмы историмæ бацыд. Уыцы бонмæ Хуссар Ирыстон цыди зын фæндагыл, бавзæрста хæстытæ, уæззау фæлварæнты сæрты ахызт, бирæ адæм раттой уыцы боны сæраппонд сæ цард, фæлæ сæйрагдæр уый у, æмæ йæ райгуырæн зæхх æмæ йæ республикæйыл иузæрдиондзинад нæ фесæфта адæмæн. Æстдæс азмæ нæ къухы бафтыд, пырхгонд чи ‘рцыд, уыдонæй бирæтæ сног кæнын, сфидар кодтам паддзахадон институттæ, нæ граждæнтæн уавæртæ сарæзтам, æмæ уыцы азты нæ фарсмæ æнгом лæууыд Уæрæсе. Мах алкæддæр нæ зæрдыл дардзыстæм, Уæрæсе Хуссар Ирыстон хæдбарыл кæй банымадта, уыцы историон цауы нысаниуæг, æмæ бузныг зæгъæм Уæрæсейы Федерацийы Президент Владимир Путинæн Хуссар Ирыстон ногæй рацаразын æмæ рæзтæн йæ иудадзыг æххуысы тыххæй, – бахахх кодта Хъамболты Марат.

РЦИ-Аланийы Сæргълæууæг æмæ Хицауады пресс-службæ

 

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here