Йæ нæуæдз фарæстæм уалдзæгыл дзагцæстæй æмбæлы Иван Елисейы фырт Тимошкин – Фыдыбæстæйы Стыр хæсты ветеран, капитан. Цыма хæсты цæхæры æрхуым хъуыдыты уæз йæ рæзгæ уд æвзаргæ дæр нæ бакодта, афтæ зыны фыццаг бакастæй. Дзæуджыхъæуы фæзы та йæ таурæгъон танк Т-34 абоны онг кæсы йæ алыварс бæрзондæй ныллæгмæ.
– Кæсын æм, æмæ зонын, кæм дзы цы ис, суанг ыл цы нысантæ ис, уыдон дæр. Ис дзы ахæм бынæттæ, йе згъæр фæрстыл дзæбуг æмæ сартæй мæ мыггаг, ном æмæ фыды номы фыццаг дамгъæтæ кæм скъахтон. Иуæй-иутæ мын куы фæзæгъынц, ацы танк дæу нæ уыд, уый æрхъуыдыгонд хабар у, зæгъгæ, уæд мæ дзуапп вæййы, схизут æмæ фенут, уыцы ран дзы ахæм нос кæй ис йæ фарсыл, иннæ ран ахæм, зæгъгæ. Танк фыццаг зæххыл уыд, æмæ-иу федтой, раст кæй дæн. Уый фæстæ йæ систой пьедесталмæ, бæргæ сын дзырдтон мэрийы, уадз æмæ йыл адæм уырзтæй дæр æндзæвой, сывæллæтæ йæм хизой, æрмæст сæ фæстæ æфсна-
йæг снысан кæнут, – йæ «хæстон æмбалы» тыххæй нын дзуры фæлтæрдджын механик.
Хæстон машинæ ныр цалæм аз лæууы фæзы, уыны хæрзфынтæ. Хæсты цæхæры цал хатты басыгъд, цал хатты бавзæрста нæмгуыты зæй, уый хорз зоны Иван Тимошкин.
– Ацы танкыл Дзæуджыхъæуы уынгтæй кæуыл нæ ацыдтæн, ахæм нæй. Æгас Мæхъхъæлы республикæйыл дæр æрзылдтæн, хæстон ахуырты рæстæг та иу æмæ дыууæ хатты нæ уыдтæн Алагиры ‘рдыгæй,– йæ хæстон згъæрæфтыд бæхы цардимæ нæ зонгæ кæны йе скъæрæг. Сыбираг æвддæсаздзыд лæппуйы командир уыд Советон Цæдисы Хъæбатыр, инæлар-лейтенант, дзæуджыхъæуккаг Александр Сидоры фырт Мнацаканов. Амыдта йын зонд, ацу æфсæддон ахуыргæнæндонмæ æмæ афицер суай! Ныр, Чкаловы уынджы æфсæддон госпитæль кæм ис, уым хæсты фæстæ уыд автомобилон училищæ, æртæ азы дзы фæцахуыр кодта æмæ афицеры цин райс-
та. Хæсты фæстæ йæ хæдзармæ нæ ауагътой, фæлтæрдджын танкист дæ, хæсты æхсыст æмæ иннæты дæр хъуамæ сахуыр кæнай, зæгъгæ. Афтæмæй ма æвзыгъд лæппу æстдæс азы зылд Советон Цæдисыл, æмæ сидтонты ахуыр кодта танкист суæвыныл.
– Александр Сидоры фырт мæ сæрмæ бадт танчы, раци йæм, афтæмæй. Мæнæн та афтæ, командæ дын нæ кæндзынæн, фæлæ йæ зон, дæ галиу уæхскыл дын куы андзæвон, уæд галиуырдæм азил, рахиз уæхскыл – уæд та рахизырдæм, дæ сæры тенкайыл, уæд та размæ, дыууæ хатты – уæд æрлæуу. Дыккаг бон куы ‘рбацыд, уæд мæ фæрсы, цæй куыд дæ, Ваня? Æмбал капитан, мæ чъылдым æмæ мæ фæрс-
тæ риссынц! Уæлдай ныхæстæ, зæгъгæ, мын мидбылты худгæйæ дзуапп ратта,– мысы йæ æфсæддон бонтæ нæ æрмæджы хъайтар. Дыууын авд азы, Цæдисы иу ранæй иннæмæ цæугæйæ, æрвыста йæ бонтæ Тимошкин. Фæлæ дзы хæстон бонтæ нæ рох кодтой:
– Уæззау бонтæ дзы фылдæр уыд, цин – бирæ къаддæр. Хæсыл нымад уыд алы фæзылд дæр, хъуамæ цæттæ уыдаис Фыдыбæстæ æмæ Сталины тыххæй дæ уд дæр раттынмæ. Зоныс, цæмæн фæуæлахиз стæм? Уымæн æмæ, æнæ фæстæмæ кæсгæйæ, æххæст кодтам алы бардзырд дæр! Нæ йæ сæххæст кодтай, уæд дæ фехсдзысты, кæнæ 25 азы фæбаддзынæ хæстоны! Цард æнæ-хъæнæй дæр циндзинад у, Хуыцауæй лæвæрд. Фæцардтæн, куыд фæцардтæн?.. Патриотизм уыд нæ царды хъомылады фарстайы сæйрагдæр. Уæлахиз ралæууыд, хæсты фæстæ 47-æм азы карточкæтæ систой, дзул уыд æнæ талонтæй балхæнæн, куыд цин кодтам ууыл! Иннæ хорздзинад нæ хистæртæ уыдысты. Афицер дæр мæ командиры амындæй сдæн, цыппар танчы йын басыгъд, йæ цармæй æнæхъæн ницыуал баззад, цæсгомæй, къухæй, къахæй – иууылдæр сыгъд уыд, фæлæ куыд хъæбатыр уыд! Мæнæн та – царды фæзминаг. Хæсты фæуынмæ хæстæг хæрз æрыгон уыдыстæм, танктыл хæсты быдырмæ куы ныццыдыстæм, уæд-иу нæ хистæртæ, махмæ кæсгæйæ, иннæрдæм азылдысты, мæ цæсты цыдæр бахауд, зæгъгæ. Фæстæдæр æй бамбæрстам, сæ цæстысыгтæ сын фенæм, уый сæ кæй нæ фæндыд. Æвддæсаздзыдтæ мæлæтæн æвгъау уыдысты, æмæ нын тæригъæд кодтой. Ивгъуыдыл къух исæн нæй, алы ран дæр адæймаг дæ, уый дæ рох макуы уæд. Ацы царды æппæтæй уæлдæр адæймаг у! Хуыцау ын ратта зонд. Тифæй рынчын сыст Райгуырæн бæстæйыл гадзрахат рацæуæг адæймагæй хуыздæр у. Цас адæм бабын Украинæйы, сæ хъуыдыкæнынад, ахаст æмæ архайд ахæмты аххосæй кæй сзыгъуыммæ, уый аххосæй…
Нæ зæххыл хорз адæмтæ фылдæр ис, зæгъгæ, Елисейы фырт цалдæр хатты бафиппайдта. Стæй ма йæм бафтыдта, Ирыстон йæ дыккаг Райгуырæн бæстæйыл кæй нымайы, ирон адæмы бирæ кæй уарзы, бирæ æмбæлттæ йын кæй ис се ‘хсæн. Уарзы кæсаг ахсын, разы у, йæ алфамбылай цы адæмтæ ис, уыдонæй, ныры фæсивæдæй. Æнæзонгæ лæппу, сæ уынджы хæдтулгæйыл цæугæйæ, йæ хæдзарыл табличкæ бакæсгæйæ, æрлæууыд, хатыр ракуырдта æмæ бамбарын кодта, кæй йæ фæнды хъайтар хæдзары хистæры фенын. Цас хъарм ныхæстæ загъта Иванæн, бафарста, цæмæй йæм фæкæса. Йæ ацыды размæ бинонтæй ракуырдта, цæмæй йын йæ мадимæ æрбацæуыны бар раттой. Фæстæдæр ирон æгъдаумæ гæсгæ хъайтары бинонтæм уазæгуаты æрбацыдысты.
Иван Тимошкин йæ царды æппæтæй дæр разы у, фæсмон кæны иу хъуыд-
дагыл: иронау хорз нæ базыдта, æмæ хæсты ветераны хъынцъымы сæр уый у. Арæх æй бабæрæг кæнынц горæты администрацийæ, йæ курдиатмæ гæсгæ бындуронæй сцалцæг кодтой, кæм цæры, уыцы Стахановы уынг. Æдзæллаг уавæры уыд, ныр цæхæр калы. Арæх æм æрбацæуынц кадеттæ, скъоладзаутæ. Уæлахизы бон та, ветераны кадæн йæ хæдзары рæзты ацæуы парад æфсæддон оркестримæ. Уый та хорзы нысан у, цард цæуы æмæ Иван Тимошкины хуызæтты фæрцы йемæ хæссы фæрныгад, фарн æмæ амонд.
ХУЫБИАТЫ Ларисæ,
къамтæ систа
Татьяна ШЕХОДАНОВА













