Кусæг къорды хатдзæгтæ

0
93

Цæгат Ирыстоны Хицауады Сæрдар Дзанайты Барис видеоконференцбастдзинады фæрцы архайдта Уæрæсейы Президенты Æххæстбарджын минæвары Цæгат Кавказы федералон зылды Культурон бынты объектты æмæ сæрмагондæй хъахъхъæнинаг территориты паддзахадон хъахъхъæнынад æмæ сæ пайдакæнынады фарстаты фæдыл цæстдарæг советы кусæг къорды æмбырды.

«Росреестр»-ы Цæгат Кавказы федералон зылды управленийы разамонæг Вячеслав Песков, Уæрæсейы Генералон прокуратурæйы Цæгат Кавказы федералон зылды сæйраг управленийы хицауы хæдивæг Еленæ Болдырева, бæстæйы Мидхъуыддæгты министрады Цæгат Кавказы федералон зылды сæйраг управленийы 3-аг оперативон-агурæн хайы хицауы хæдивæг Виктор Наников, УФ-йы Культурæйы министрады Хуссайраг æмæ Цæгат Кавказы федералон зылдты управленийы раза-
монæг Александр Доманов, стæй Цæгат Кавказы федералон зылды паддзахадон хицаудзинады оргæнты минæвæрттæ кæм архайдтой, уыцы æмбырды сæрдариуæг кодта Цæгат Кавказы федералон зылды Æххæстбарджын минæвары хæдивæг Максим Владимиров.

Æмбырды архайджытæ æрныхас кодтой ивгъуыд азы куысты бæрæггæнæнтыл, стæй культурон бынты объектты паддзахадон хъахъхъæнынад æмæ сæ пайдакæнынады фарстатыл. Амынд къабазы зæххы закъонæвæрынад куыд æххæст кæнынц, уый тыххæй хабæрттæ фехъусын кæнгæйæ, æмбырды архайджытæ культурон бынты объектты хъахъхъæнынады ахадындзинад фæуæлдæр кæныны фæдыл сбæлвырд кодтой иумæйаг архайды сæйрагдæр къабæзтæ. Культурон бынты объектты хицæуттæ æмæ ацы объекттæ хаццонырайсæг адæймæгтæ хъахъхъæнынады хæстæ куыд æххæст кæнынц, рахастæуыд уымæ цæст нырæй лæмбынæгдæр дарыны уынаффæ. Уымæй уæлдай, горæтаг квартæлты историон уынд чи халы, ахæм ног арæзтад æххæст кæнынæн бар нæ дæтдзысты.

– Нæ регионы ис культурон бынты хæрх объекттæ. Цæгат Ирыстоны территорийыл чи æрбынæттон, ныртæккæ Уæрæсейы Адæмты культурон бынты объектты иугонд паддзахадон номхыгъды фыст сты авдсæдæ ахæм объектæй фылдæр. Уымæй уæлдай, нæ регионы ис культурон бынты раргомуæвæг мин дыууæсæдæ объекты. Историон цыртдзæвæнтæ ногæй саразыны фæдыл куыст парахатæй æххæст кæнæм. Кæлæддзаг уавæры чи уыд, федералон æмæ республикон фæрæзты хардзæй Дзæуджыхъæу æмæ Алагиры æрбынæттонуæвæг уыцы рагон бæстыхæйтты къултæ рацарæзтам. Алагиры районы Нузалы кувæндон æмæ Дæллагхъæуы Брытъиаты мыггаджы мæсыг, стæй Æрæфы районы Фæснæлы мæсыгон зæппадзы консерваци баххæст кодтам. Федералон бюджет культурон бынты объектты консерваци дарддæр æххæст кæнынæн фæрæзтæ цæмæй рахай кæна, фарстайы ахадындзинад нымайгæйæ, уый фæдыл курдиæттæ барвыстам, – æмбырдæн хатдзæгтæ кæнгæйæ, загъта Дзанайы-фырт.

Уымæй уæлдай, Максим Владимиров æмбырды архайджытæн æмæ ацы адæймæгты фæрцы федералон зылды культурæйы æппæт кусджытæн профессион бæрæгбон – Культурæйы кусæджы боны – фæдыл раарфæ кодта. Уый тыххæй фе-
хъусын кодта РЦИ-Аланийы Сæргълæууæг æмæ Хицауады пресс-слжбæ

Нæ уацхæссæг

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here