РЦИ-Аланийы Хицауады Сæрдары фыццаг хæдивæг Отарты Георги «Уæрæсейы раздзогтæ. Политикæ»-йы конкурсы уæлахиздзауты хыгъдмæ рацыд. Разамынд дæттыны æрмадз «Сенеж»-ы скодтой ацы ахуырты кæронбæттæн.
Афæдзы дæргъы 105 адæймаджы ахуыр кодтой «Дзыллон политикæйы дæсны»-йы программæ, амыдта йæ Президентон академийы паддзахадон разамынд дæттыны уæлдæр скъола. Кæронбæттæнмæ рацыдысты 68 адæймаджы, уыдонимæ ис РЦИ-Аланийы Хицауады Сæрдары фыццаг хæдивæг дæр.
Уæрæсейы Президенты Администрацийы разамонæджы фыццаг хæдивæг Сергей Кириенко фæсидт кæронбæттæнмæ рацæуæг адæммæ, загъта сын арфæйы ныхæстæ, Уæрæсейы кадрты платформæ арæзт кæй æрцыд, уый фæбæрæг кодта. «Президент Владимир Путин æвæджиауы фадæттæ сарæзта мидхъарутæ, удыхъомыс равдисыны тыххæй. Уый ма у рæзты фæндагыл ацæуыны фæрæз дæр, стыр бæрнондзинад. Нæ бæстæйæн, нæ адæмæн лæггад кæныны амондæй ахсджиагдæр нæй, æнтыстджын ут», – загъта Сергей Кириенко.
Конкурсы уæлахиздзауты бæрæг кодтой бирæ алыхуызон фæлварæнты фæрцы, сæйрагдæр уыд æцæг тыхстаг фарстатæ рæвдз алыг кæнын. Арфæйы æмæ фидæны æнтыстыты тыххæй ныхæстæ сын загътой Падзахадон Думæйы Сæрдары хæдивæг Ирина Яровая, Валерий Фадеев, Александр Бабаков æмæ иннæ зондамонджытæ.
Фæстаг ахуырадон модулы рæстæг архайджытæ фæдихтæ сты кусæг къордтыл æмæ архайдтой ахъаззагдæр нысантыл. Æнæмæнг, сæ размæ æвæрд нысантыл дзæбæх бацархайдтой, уыдæттæ фæбæрæг кодтой сæ зондамонджытæ дæр.
РЦИ-Аланийы Сæргълæууæг æмæ Хицауады пресс-службæ














