Ацы ныхæстæ зындгонд персайнаг поэт Хаким Абулькасим Фирдоусийы гуырæнбон йæ цыртдзæвæны раз загъта ирайнаг уидæгтимæ Голландийы гражданин Питер Янсен ванн дер Слигте. Ныр афæдз йæ бинонтимæ цæры Дзæуджыхъæуы. Куыд арф æвæрд ис йæ зæрдæйы йæ фыдæлты бæстæ, куыд бахъахъхъæдта йе ‘взаг æндæр бæстæйы цæргæйæ! Уый дзурæг у ирайнæгты монон удварны тыхыл. Ацы паддзахад абон цы уавæры ис, уый хынцгæйæ, зæгъæн ис, хæстхъомыс, ныфсхаст æмæ быхсон кæй сты йæ адæм, сæ хæдбардзинад хъахъхъæд кæй æрцæудзæн, ууыл мисхал дæр кæй нæ гуырысхо кæнынц.
– Уæззау уавæры ис нырыккон дуне, кæцырдæм фæуыдзæн, уый зын зæгъæн у. Йæ цыд ын раст фæндагмæ здахын аивад у, стыр аивад. Бирæ тыхтæ йыл хардзгонд цæуы. Уæрæсейæн дзæвгар рæстæг Ныгуылæны ‘рдæм уыд йæ каст. Цæдисы фехæлдимæ рахызтыстæм сæ цардыуаг, либералон хæзнатæ нæ адæмы ‘хсæн парахат кæнынмæ. Æртын азмæ цыд архайд, бирæ цыдæртæ дзы райстам. Фæлæ, цард куыд равдыста, афтæмæй не ‘рфидар сты нæ зæххыл. Ахуырады болойнаг системæ, «уырыссаг дуне», æндæр хъуыддæгтæ махæн бæзгæ не сты. Кризисы раздæры транснационалон бадзырдтæ фæсыкк сты, гео- æмæ этнополитикон тæссаг хъуыддæгтæ сфидар кодтой фæлвæрд бæстæтимæ бастдзинады ног фæндæгтæ, – афтæ Уæрæсейы нырыккон политикæйы архайды тыххæй дунейы нæ уацхæссæгæн радзырдта политикон наукæты доктор Дзæхаты Ларисæ.
Рæстæг куыд равдыста, афтæмæй нæ паддзахадæн нырыккон ныгуылæйнаг «хæзнатæ» æцæгæлон сты. Ныр бæрæг у, чи у нæ хæлар, чи – не знаг. Уæрæсейæн рагæй дæр Иранимæ хæлар ахастдзинæдтæ уыд, ныры уавæры дæр уыцы ахастыл рагон персайнаг паддзахад йæ къух нæ систа. Уæрæсейы Президент Владимир Путин æмæ Ираны уæды президент Эбрахим Раиси 2022 азы январы фембæлдысты æмæ баныхас кодтой, дыууæ паддзахады дарддæры бирæвæрсыг рæзты фарстатыл. Иран æмарæн у Азербайджанимæ, Сомихимæ, Туркимæ, Хъаспы денджызыл цæуы йæ арæн Уæрæсеимæ, Казахстан æмæ Туркменимæ. Иу ныхасæй, нæ паддзахадæн ис, йæ нырыккон геополитикон уæвындзинад кæм тыхджындæр кæны, ахæм чысыл паддзахæдтæ.
Дыууæ паддзахады дарддæр дæр фидар кæнынц сæ тох дунеон терроризмимæ, уыимæ, экономикæ, бизнес, базарад æмæ культурæйы къабæзты дæр дыууæты ‘хсæн цæуы архайд. Хъыгагæн, уыцы историон цауæй дыууæ азы фæстæдæр авиакатастрофæйы фæмард ирайнаг президент, фæлæ ууыл не ‘хсæн ахастдзинæдтæ нæ бамынæг сты. Цы зындзинæдтæ ‘взары абон Ираны республикæ, уымæ Уæрæсе фæрсырдыгæй нæ кæсы, алцæмæй- дæр æвдисы, æххуысмæ цæттæ кæй у. Æууæнды, хæстон ныхмæлæуды кæй фæуæлахиз уыдзысты, æмæ сын уыцы ‘ууæнк тых дæтты знаджы ныхмæ хъæддых лæууынæн. Ирыстойнæгтæ, куыд иннæтæ, дунеон хабæрттæм сæ хъус æнæрынцойæ дарынц. Регионы рæзы Ормузаг донкъубалæй хъусдарды тынгад, уый канд ирæтты не ‘фтауы сагъæсы, фæлæ æгас дунейы дæр.
Ирыстонæн, куыд Федерацийы субъектæн, ис фадат Иранимæ хæлар ахастдзинæдтæ нывæндынæн. Республикæйы Сæргълæууæг Сергей Меняйло персайнаг паддзахады æххæстбарджын минæвар Уæрæсейы Казем Джалалиимæ фембæлды рæстæг æркастысты дыууæты адæмты ‘хсæн хъæппæристæм, уыдонимæ – глобализмы æппæрццæг фæзындтыты ныхмæ нæ паддзахæдты иумæйагæй лæууыны фарстатæм. Уыцы цау ма иу хатт равдыста уæрæсейаг федерализмы егъау гæнæнтæ, йæ субъекттæн стыр авналæнтæ кæй ис регионтæ æмæ паддзахæдты ‘хсæн æмгуыст кæнынæн. Уымæй уæлдай, регионалон этносоциалон æмæ этнокультурон алывæрсыгдзинад дæтты субъекттæн экономикон, граждайнаг, политикон, цивилизацион-культурон хæдбардзинадыл кусын æппæтдунеон бастдзинæдты бизнес-пълантæ, амалхъомдзинады бастдзинæдтыл, экономикон æмæ социалон хабтыл, инфраструктурон æмæ инвестицион проекттæ аразгæйæ. Уымæ гæсгæ, Цæгат Ирыстон æмæ Ираны ‘хсæн ахастдзинады фездæхæнтæ æмбæлгæ уагыл дзуапп дæттынц Уæрæсейы мидполитикæ æмæ æддагон политикæйы рæзтæн. Уый уæлдай ахсджиаг у Уæрæсейы адæмты иудзинады расидт аз, Ирыстоны географион æвæрд та фадат дæтты дыууæты ‘хсæн æмгуыстады «фæндаггон картæ» саразынæн. Бынат дзы æрцахсдзысты хицаудзинад æмæ разамынды оргæнтæ, бизнесы структурæтæ, ахуырад, культурæ æмæ аивады организацитæ.
Цæгат Ирыстоны Хетæгкаты Къостайы номыл паддзахадон университеты дыууадæс азы размæ арæзт æрцыд Ирайнаг центр. Уыцы цау стыр ахъаз фæцис Ирыстон æмæ Ираны ‘хсæн культурон ахастдзинæдты рæзтæн. Фæуæрæхдæр æмæ фæфидардæр сты ирыстойнаг ахуыргæндты бастдзинæдтæ Алламе Табатабаийы номыл университеты наукон кусджытимæ.
– Абоны онг бадзырдтæ фыст æрцыд æхсæз ирайнаг уæлдæр ахуыргæнæндонимæ, нæ университеты ректор Огъуаты Алан сæрæнæй архайы Уæрæсе æмæ Ираны ректорты форумы. Æмгуыстады фæлгæты царды æнтыстджынæй рацыдысты æртæ иумæйаг грантон проекты: иу – æвзагæй, йæ разамонæг – филологон наукæты доктор Хъамболты Тамерлан; дыууæ – историйæ, разамынд сын лæвæрдтой историон наукæты доктортæ Хъаныхъуаты Зæлинæ æмæ Дудайты Альберт. Монографитæ æмæ статьятæ мыхуыры рацыдысты æппæтдунеон журналты. Фарсийыл мыхуыры рацыд Къостайы «Ирон фæндыр», йæ бюст æвæрд æрцыд Ираны университеттæн сæ иуы. Ууыл не ‘рлæудзыстæм, Иран зын уавæры ис ныртæккæ, куыст рæстæгмæ ‘рлæууыд, фæлæ йæ дарддæр кæй ахæццæ кæндзыстæм, ууыл дызæрдыг нæ кæнæм, – зæгъы университеты профессор Дзæхаты Ларисæ.
ХУЫБИАТЫ Ларисæ














