Адæмы фарнæй хайджын

0
35

Æрæджы газет «Рæстдзинад»-ы рацыд Гасанты Валерийы уацхъуыд Хъуысаты Райæйы (Дыгына) тыххæй. Автор фыссы, йæ бонтæ куыд кадджынæй арвыста, Заманхъулы цæргæйæ, æмæ цы хорз миниуджытæ уыдис нæ фæзминаг хистæр хомæ.

Мах, кæстæртæ, æфсæрмы кодтам йæ разы æнæуаг ныхас скæнын. Хъæуы хицау уæвгæйæ-иу, сыхбæсты сæмбырд кодта æмæ нын-иу дзырдта, нæ паддзахад æмæ дунейы цы ног хабæрттæ цыд, уыдон. Уыцы рæстæг мах дæр, сывæллæттæ уæвгæйæ, уыдыстæм йе ‘мбырдты æмæ-иу æм лæмбынæг хъуыстам, хъæуы цæрджыты цыбæл кодта колхозы кусынмæ, æхсæнадон царды архайынмæ, кæрæдзийы уарзгæйæ, аргъгæнгæйæ.

Райæйæн йæ къухы бафтыд æрбатымбыл кæнын куырыхон æмхъæуккæгты – зарæггæнджыты æмæ саразын æппæт Ирыстоны зындгонд къорд. Адæмы размæ рахастой бирæ героикон зарджытæ, арæзт уыдысты сæ хъæбатыртыл, æмæ ма абон дæр зæлынц адæмы ‘хсæн.

Къамы фыццаг рæнхъы: Бæройты Суркæ, Карсанаты Январбег, Дзиуаты Хъасполат, Хосонты Рамазан, Хъуысаты Ахберд;

дыккаг рæнхъы: Айлараты Мурик, Зæнджиаты Рая, Сатцаты Алик, Хъуысаты Рая, Хъуысаты Бетъо, Бигъаты Бобкæ;

æртыккаг рæнхъы: Сатцаты Алмахсит, Чеджемты Геор, Цорæты Изæтбег, Хъуысаты Алик, Бæройты Битту, Бзарты Æхсар.

Бон цæуы æмæ фарн йемæ хæссы! Ахæм кадджын адæм рох нæ уыдзысты! Сæ кад æмæ сын сæ фарн дарддæр хæсдзысты кæстæр фæлтæр!

 ХЪУЫСАТЫ Асæхмæт

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here