Фарстатæ, нысантæ æмæ бæрæггæнæнтæ

0
83

Æдасдзинад æмæ  бындурон цалцæг, паддзахадон программæтæ æмæ национ проекттæ æххæст кæныны фарстатыл цыдис ныхас РЦИ-Аланийы Сæргълæууæджы аппаратон æмбырды. Мадзалы архайдтой нæ республикæйы ведомствæтæ æмæ районты разамонджытæ. Æмбырд амыдта Сергей Меняйло.

Цæгат Ирыстоны оперативон уавæрыл раныхас кодта Цæгат Ирыстоны  æнæнхъæлæджы уавæртæ æмæ граждайнаг хъахъхъæнынады хъуыддæгты фæдыл комитеты разамонæг  Александр Хоружий. Куыд загъта, афтæмæй нæ республикæйы æнæнхъæлæджы уавæр тыхджын тæрккъæвдаты аххосæй ныры онг дæр нæма банывыл.

– Тыхджын уарынтæ не ‘нцайынц. Æрæджы   къæвдаты  дон бакалд Æрхонкæ æмæ  Æрыдоны районты хæдзæртты пъадвалтæ æмæ кæртытæм. Дон сцъирыны мадзæлтты æвæстиатæй архайдтой цæрæнуатон-коммуналон хæдзарад æмæ æнæнхъæлæджы уавæрты управленийы кусджытæ.  Фыййагдон йæ былтæй ахызт æмæ бакалд Мичурины адæмы цæхæрадæттæм. 16 æмæ 17 июны дæр та уыдзæн тæрккъæвдатæ, цæугæдæтты дон былгæрæттæй ракæлыны уавæрæй тас у. Фæлæ амынд ведомствæты кусджытæ къæрцхъус æмæ рæвдз  сты æнæнхъæлæджы цаутæм. Уымæй уæлдай, нæ республикæйы æрцыд 12 зынгсирвæзты,  иу объект дзы  уыдис Горæтгæрон районы къалбасгæнæн цехы. Фæндаггон фыдбылызтæ нæм æрцыд  90 цауы. Уыдоны 16 адæймаджы алы хъæдгæмттимæ рынчындонмæ бахаудысты, 1 адæймаг та фæмард. 11 æмæ 14 июны нæ республикæйы æнæнхъæлæджы уавæр план «Ковер» ацыд æнæ фæстиуджытæй. Æнæпилотон объект нæ бафиппайдæуыд, – загъта Хоружий.

Сергей Меняйло  уæлдæр амынд ведомствæтæ æмæ районты ра-замонджытæн бахæс кодта мониторинджы цæстдарды мадзал саразын æмæ афтæмæй æнæнхъæлæджы уавæрмæ къæрцхъус уæвынмæ цæттæдзинадыл архайын.

– Æнæпилотон тæхæг объекттæ фæстаг рæстæг тынг кæй сарæх сты, уый тыххæй нæ республикæйы арæзт цæуынц къордтæ «огневые мобильные группы» цыппар сæрмагонд  машинæимæ. Уый у æнæпилотон объектты ныхмæ архайды тыххæй ахуыртæ ацæуыны мадзал. Ис сæм  «пропусктæ» æмæ сæ базонæн куыдæй ис, ахæм нысаны бæрæггæнæнтæ, къорды адæймæгты мыггæгтæ та цæуынц бæлвырдгонд.  Æз сидын мидхъуыддæгты оргæнтæ æмæ пъæлицæмæ, цæмæй рагацау базонгæ уой  къорды архайдимæ æмæ сын сæ куысты къуылымпытæ ма ‘взæрын кæной, – загъта Сергей Меняйло.

Аппаратон æмбырды архайджытæ ныхас кодтой паддзахадон программæтæ æмæ национ проектты архайыны нысантыл дæр, сывæллæтты сæрдыгон фæлладуагъд, скъолатæ æмæ рæвдауæндæтты бындурон цалцæджы фарстатыл. Елхоты 1-æм скъола цалцæг кæныны тыххæй курдиат балæвæрдтой Ахуырад æмæ наукæйы министрадмæ, фæлæ, Кировы районы сæргълæууæг Бæтиаты Хъазыбег куыд радзырдта, афтæмæй скъолайæн бындурон цалцæг кæнæн ис.

– Экспертизæйы бæрæггæнæнтæм гæсгæ скъола нал бæззы æппындæр. Хъæуы ног бæстыхай аразын. Уый тыххæй курдиат балæвæрдтам нæ республикæйы Ахуырад æмæ наукæйы министрад æмæ РЦИ-Аланийы арæзтады министрмæ, – загъта районы сæргълæууæг.

РЦИ-Аланийы ахуырад æмæ наукæйы министр Алыбегты Эллæ районты разамонджытæн фехъусын кодта, скъолатæ æмæ рæвдауæндæтты бындурон цалцæджы фæдыл кæй райдыдта кусын курдиæттæ бадæттыны кампани, уый тыххæй. Министр бацамыдта, ацы аз амынд куыстытæ кæй цæудзысты нæ республикæйы 30 объекты.  Министр радзырдта, Иумæйаг фæлварæны  фыццаг бæрæггæнæнтæ  æнтыстджын кæй рауадысты, сывæллæттæн  Дыгуры районы Махческы сæрдыгон лагерь кæй райдыдта кусын, уыцы хъуыддæгты фæдыл.

Æмбырды ныхас цыдис Беслæны мемориал «Зæдты сахар»-ы цалцæгыл дæр. РЦИ-Аланийы цæрæнуатон-коммуналон хæдзарад, артаг æмæ энергетикæйы министр Хъараты Тимурæн нæ республикæйы Сæргълæууæг бахæс  кодта егъау цыртдзæвæн «Хъыггæнæг мад» айсын æмæ йын йæ уавæрмæ æркæсын. Бæрæг куыд у, афтæмæй æфсæн конструкци у зилинаг.

– Беслæны мадæлтимæ фембæлут æмæ аныхас кæнут, кæд цыртдзæвæн 1 сентябрмæ не срæвдз уа, уæд уал ын йæ бынаты цы сæвæрдзыстут, ууыл ахъуыды кæнут. Тагъд куыстытæ никæй хъæуынц, уый фæстæ та афтæ куыд нæ рауайа, 1 сентябрмæ тагъдгæнгæйæ дзы цыдæр лыстæг куыстытæ æххæстгонд не ‘рцыдысты, зæгъгæ, – загъта нæ рæспубликæйы разамонæг.

Аппаратон æмбырды ныхас цыдис бюджетон хæрдзтæ æмæ пенситы бæрц ногæй банымайыны фарстатыл дæр.

Саутæты Тамилæ

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here