Цавæр дæсныйад у хуыздæр

0
38

Фæцис ахуыры аз. Рауагъдонтæ дæттынц Иумæйаг паддзахадон фæлварæн, фæлæ сæ сæйрагдæр фæлварæн  уыдзæн дæсныйады фæндаг равзарын. Иуæй-иу сывæллæттæ  сæ сабийы дуджы сбæлвырд кæнынц,  дохтыр суыдзæн фидæны æви аразæг, уый.

Алчидæр нæ хорз зоны, рагæй-æрæгмæ  нæ республикæйы рауагъдонтæн сæ фылдæр  равзарынц  дохтыр кæнæ юристы дæсныйад. Фæлæ нæм юристтæ уыйбæрц ис, æмæ  ссæдз азы бæрц дæр фаг у сæ нымæц. Фæстаг  цалдæр азы æнæмæнгхъæугæ дæсныйæдты номхыгъд цæхгæр фæивта хуымæтæг, æрмдæсныйады хуызтæм. Цæгат Ирыстоны нæ фаг кæнынц кусæг къорды дæсныйæдтæ: зырнæйзилджытæ, фрезеровщиктæ, хъæддæснытæ, слесыртæ, хуыйджытæ, хæринаггæнджытæ,  аразджытæ, электриктæ, æндадзджытæ. Паддзахад сын алы æххуыстæ кæны, льготон программæты бындурыл сын цæттæ бизнесы куыстытæ дæтты, хорз мыздтæ сын фиды, уæддæр æрыгон фæсивæд нæ комынц ацы дæсныйæдтæм.

2026 азы майы нæ республикæйы Куыстдæттæн комитет сфидар кодта, æхсызгонæн алы куыстуæтты къабæзты кæй агурынц, уыцы дæсныйæдты номхыгъд: «промышленносты, арæзтады, авиа -арæзтады инженертæ, уæлдай тынгдæр ахсджиаг сты инженер-технологтæ, инженер-проектировщиктæ, робототехникæйы инженертæ, конструктортæ.  Фæсарæйнаг  импортозамещение» кæй хонынц, уый  нæхи бæстæйаг  куыстуæтты рæзтмæ раивыны мадзæлттæн арæзт цæуынц алы фадæттæ æмæ гæнæнтæ, цæмæй Уæрæсемæ йæхимæ алы дæсныйад  дæр  уа æмæ ма æнхъæлмæ кæса  æцæгæлон бæстæты æххуысмæ.  Нæ фаг кæнынц  медицинон хотæ, педиатртæ, неврологтæ, онкологтæ, анестезиологтæ, травматологтæ.

Тынг хъæуынц IT-специалисттæ дæр.  Рохуаты нæ баззадысты аразгæ интеллект æмæ логистикæйы дæсныйæдтæ  дæр.   Национ проект «Кадртæ»-йы фæлгæты нæм кусы æндæр дæсныйад  райсыны  лæвар ахуырты программæ. Уæдæ, тынг сагъæссаг у ахуыргæнæджы дæсны-йад дæр. Нæ республикæйы скъолаты нæ фаг кæнынц ахуыргæнджытæ æппæт предметтæй дæр. Хистæр фæлтæрæй бирæтæ хъуыды кæндзыс-ты Алагиры Хъæдыхæдзарады техникум. Куыд кадджын æмæ хъæугæ ахуыргæнæндон уыд нæ бæстæйæн хъæдгуыстгæнæг специалисттæ уадзыны хъуыддаджы. Хъуыстгонд уыдис канд нæ республикæйы нæ, фæлæ æнæхъæн Уæрæсейы дæр, фæлæ, рацарæзт куы райдыдта, уæд йæ куысты сæвзæрд къуылымпыдзинæдтæ.

Рæстæг рацыд, æмæ та ногæй сси æрыгон фæлтæры уарзон ахуыргæнæндон. Йæ
ахуырдзаутæй иу, Æчеты Дамир, скъолайы фарæстæм къласы фæстæ йæхицæн равзæрста хъæдгуыстгæнæджы дæсныйад. Уымæй уæлдай, Дамир архайы спорты. Хъæбысхæсты ныридæгæн æнтыстдзинæдтæ æфты йæ къухы. Дыууæ хатты ссис уæлахиздзау Мæздæг æмæ Дзæуджыхъæуы æвзонгты хъæбысæйхæсты  ерысты ‘хсæн. Фæлæ тынг бауарзта Алагиры Хъæдыхæдзарады техникум æмæ зæрдиагæй ахуыр кæны йæ равзæрст дæсныйадыл. Æрыгон адæймаг  хорз хъуыддæгтæм куы тырна, йæ равзæрст фæндагыл ныфсджынæй, зæрдæрухсæй куы цæуа, уæд йæ цард дæр амондджын рауайдзæн.

Саутæты Тамилæ

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here