Тускъаты Таймуразы царды диалектикæ

0
110

Цæгат Ирыстоны Парламенты Сæрдар ТУСКЪАТЫ Таймуразæн абон у йæ юбилей – æххæст ыл кæны 60 азы. Нымæц у нæдæр афтæ бирæ, нæдæр чысыл. Фæлæ, ныхас нæлгоймаджы карыл куы цæуа, уæд уый амоны, адæймаг йæ тæккæ тых æмæ хъаруйы кæй ис æмæ йæ размæ æвæрд хæстæ æмæ нысантæ æххæст кæнын йæ къухы, æнæмæнг, бирæ-бирæ азты ма кæй æфтдзæн, уый.

Юбилей алы адæймагæн дæр у бæрæгбонау. Уыцы цæстæй акæсгæйæ, иннæтæй уæлдай, цæй тыххæй хъуамæ ма уа бæрæгбоны хуызæн йæ юбилей Тускъаты Таймуразæн дæр, царды бирæ кæд басгуыхт æмæ царды бæрзæндтæм кæд схызт, уыдон æппындæр куы нæ банымайæм, уæддæр. Уымæ гæсгæ нæ интервьюйы нысан уыд йемæ аныхас кæнын, фыццаджыдæр, куыд нæ республикæйы Парламенты Сæрдаримæ, республикæйы разамонджытæй иуимæ нæ, фæлæ куыд хуымæтæг адæймаг, не ‘мбæстаг, Ирыстоны цæрæг, ныййарæг, бинонты хистæр, уыцы хуызы…

– Адæймаг азтæ цасфæнды, бирæ уа – гыццыл, куы фæцæра, уæддæр йæ бон у, æвæццæгæн, йæ царды уыцы хайæн æмæ, уыцы рæстæг цы къæпхæнтыл ацыд, уыдонæн цавæрдæр аргъ скæнын. Хатдзæгтæ абон мах нæ кæн-
дзыстæм, фæлæ, фæстæмæ акæсгæйæ, куыд хъуыды кæныс, цы дын бантыст, цы та – нæ? Цы азтæ бацардтæ, уыдонæн ногæй фæцæрыны, исты дзы баивыны гæнæн куы уаид, уæд сæ куыд бацардаис?

– Кæй ацардтæн, уыцы азтæй дæн разы, ивгæ дæр ницы акæнин, уымæн æмæ мæ царды дæргъы мæ фарсмæ алкæддæр уыдысты тынг цымыдисаг адæм, бахъуаджы-иу мæ фарсмæ чи балæууыд æмæ-иу йе уæхск чи бадардта, æххуыс чи кодта, мæ алы къахдзæфæн, алы хъуыддагæн дæр чи ‘мбæлд, ахæм аргъ-иу чи кодта, ахæм адæм. Уымæ гæсгæ, о, разы дæн мæ азтæй.

Цард алыхуызон у. Алы азты, царды алы рæстæджыты мæ архайд уыд алыхуызон. Мæ зæрдæмæ тынг цæуы наукон куыст, наукон-педагогон архайд кæнын. Бирæ уарзтон наукон иртасæнтæ кæнын дæр, æнтысгæ дæр мын кодта. Разы дæн, наукон архайд куы кодтон, уыцы азтæй. Уæдæ цы дæсныйад равзæрстон – экономикæ – уым дæр акодтон, мæхимæ гæсгæ, хатдзæгты аккаг къахдзæфтæ. Экономикæйы къабазы мæ куыст райдыдтон сæйраг специалистæй, стæй разамынд лæвæрдтон егъау куыстуæттæн. Уыдон сæ куыстадон хæстæ æххæст цæмæй кодтаиккой, ууыл архайдтон, æмæ æфтгæ дæр кодта.

Дарддæр та уыд политикон архайды къæпхæн. Парламенты депутат уæвгæйæ, æвзарджытимæ фембæлдтыты рæстæг хæстæгдæр зонгæ кодтон республикæйы цардимæ, нæ адæмимæ, цæмæй цæрынц, цæмæй тыхсынц, уыцы фарстатимæ. Мæхицæн мæ размæ, кæм куыстон, уыцы коллективты размæ æвæрдтон хæстæ, æмæ-иу сæ иумæйагæй æххæст кодтам.

Кæй фæцардтæн, уыцы 60 азæн аргъ кæнгæйæ, «бузныг» зæгъын мæ фæнды, фыццаджыдæр, Цыколайы 1-æм скъолайы цæттæгæнæн къласæй райдайæгæйæ æмæ уымæй дарддæр мæ фарсмæ чи уыд, уыдонæн се ‘ппæтæн дæр.

Куысты хабæрттæй бинонты цардмæ рахизгæйæ, мæ бон у зæгъын афтæ: бинонтæ мæ куыд схъомыл кодтой, уымæ гæсгæ алкæддæр архайдтон, цæмæй, куыд нæлгоймагæн, афтæ мын схонæн уыдаид хорз æмбал, хорз фырт, хорз сыхаг, хорз фыд, бинонты аккаг хистæр… Уыдон сты царды хуымæтæг хабæрттæ, фæлæ сæм алкæддæр тырныдтон.

Æнæ рæдыд цард нæй, уыд рæдыдтытæ дæр, кæй зæгъын æй хъæуы. Уæдæ алцы къухы æфта, науæд та – нысантæ, дæхи куыд фæнды, тагъд æххæстгонд цæуой, афтæ нæ вæййы. Уый у царды диалектикæ, æмæ адæймаджы царды йæ хъуыддæгтæ иудадзыг уыцы-иухуызон æмраст æмæ æмвæз уой, уымæн дæр гæнæн нæй. Фæлæ алкæддæр архайдтон, цæмæй æххæстгæнинаг æмæ сæххæстгонд нысантæ пайда æмæ æхцондзинад хастаиккой алыварс адæмæн. Гъе уымæ гæсгæ, кæй фæцардтæн, уыцы азтæ æндæрхуызон нæ фæцæрин, ивгæ дæр дзы ницы акæнин. Цард цæуы размæ, ивы, æмæ дзы дæн разы.

– Уæдæ дæу схонæн ис амондджын адæймаг…

– Уæд афтæ дæр (худы).

– Дæ дарддæры фæндты тыххæй та цы хъуыды кæныс? Цавæр хъуыддагæй ма зæгъис, уый саразын дæр ма мын куы бантыстаид, зæгъгæ?

– Комкоммæ бæлвырд нысантыл нæ дзурдзыстæм, фæлæ сæйраг у, иу хъуыддаг – адæймаг, цасфæнды куы рацæра, уæддæр хъуамæ размæ тырна, кусынæй æмæ цæрынæй ма фæллайа. Иу ран æрлæууыны бар нын нæй. Адæймаг азтæ куы рацæра, уæд йæ сæйраг хæс, мæнмæ гæсгæ, хъуамæ суа йæ бынатмæ аккаг фæлтæр бацæттæ кæнын – куысты дæр, æхсæнады дæр, бинонты мидæг дæр. Уымæ гæсгæ мæ размæ æвæрд хæстæй иу у, цы зонын, цы фæлтæрддзинад мæм бамбырд, уый, кусгæ-кусын, гыццылгай æрыгон фæлтæрæн дæттын æмæ амонын. Алчидæр нæ у, аргъ кæмæн нæй, нæ уыцы национ хæзнатæ хæссæг, æмæ уыцы хæзнатæ кæстæртæн адæттын, патриотизмы бындуртыл сæ хъомыл кæнын – уымæй аразгæ уыдзæн нæ бæстæйы фидæн, нæ республикæйы фидæн, æппынфæстаг, нæ алкæйы фидæн дæр. Фидæн аразæг уыдон сты, æмæ, дæс, ссæдз, æртын азы фæстæ нæ республикæ куыд рæздзæн æмæ размæ куыд цæудзæн, уый аразгæ у абоны æрыгон фæлтæрæй, Ирыстоны фидæны хæрзæбонæн æй куыд бацæттæ кæнæм, уымæй. Æмæ сын уыцы хуызы царды фæндаг амонын мæхицæн нымайын сæйраг хæсыл.

– Алы адæймаг дæр йæ фыццаг къахдзæфтæ акæны бинонты ‘хсæн, алцæйы ратæдзæн-райдайæн дæр сты бинонтæ. Цавæр уыдысты, Тускъаты Таймураз кæм схъомыл, уыцы бинонтæ?

– Гъе ныр мæ бон æцæгæйдæр у зæгъын, амондджын адæймаг кæй дæн, уый. Амондджын та дæн мæ хистæртæй, чи мæ схъомыл кодта æмæ мæ алыварс чи уыд, уыцы хистæртæй. Æнæдызæрдыгæй, мæ хъомыладæн мын уыдон сарæзтой æппæт уавæртæ дæр. Ома, материалон уавæртæ нæ, фæлæ бацархайдтой ме ‘ппæтвæрсыг раст хъомыладыл. Ууыл сæйраг дзуап-
дæтджытæ уыдысты мæ баба æмæ мæ нана, уымæн æмæ цыппараздзыдæй баззадтæн сæ къухы. Мæ ныййарджытæ уæлдæр ахуыргæнæндæттæ каст фæуыны фæстæ, раздæр куыд уыд, афтæ æрыгон специалисттæй кусынмæ æрвыст æрцыдысты Хъалмыхъты Республикæмæ. Уым куыстой, мæ фыд – «Советон Хъалмыхъы 40 азы»-ы совхозы сæйраг механикæй, мæ мад та – районы рынчындоны сæйраг дохтырæй. Семæ акодтой мæ кæстæр хойы, æз та баззадтæн мæ нана æмæ мæ бабаимæ. Мæ нанайæн уыд бирæ хотæ æмæ æфсымæртæ, æмæ, утæппæт хистæрты ‘хсæн хъомыл кæнгæйæ, зонгæ кодтон мæ алыварс цардимæ æмæ адæмы ‘хсæн философон ахастдзинæдтимæ. Мæ ныййарджытæ нырма æрыгон уыдысты, æмæ-иу мæ исчи куы афарста хъæуы, кæй лæппу дæ, зæгъгæ, уæд-иу мæхи амыдтон мæ фыдымадæй, Дебæйы, зæгъгæ (уыд Цориты чызг, хъæуы йын уыд стыр кад, се ‘ппæт дæр æй зыдтой, уыд базарады къабазы кусæг), æмæ-иу уæд, кæй лæппу дæн, уый уыд æмбæрстгонд. Мæ фыдыфыд Тускъаты Мухарбег та уыд советон æфсады афицер. Фыдыбæстæйы Стыр хæсты размæ каст фæци рабфак Мæскуыйы, куыста ахуырады къабазы. Хæст куы райдыдта, уæд ма каст фæци фисæтæгæфсæддон училищæ дæр æмæ кæстæр лейтенанты цины ацыд хæстмæ. Хæцыд 1942 азæй 1944 азмæ, фæмард Севастополы, Сапун-хох знагæй байсыны хæстыты.

Дæнцæгæн хæссинаг мын уыд мæ мадыфыд Хуасдзауты Дзамбулат дæр. Уый дæр уыд хæсты архайæг. Бахауд уацары, куы сæ суæгъд кодтой, уæд хæцыд дарддæр знаджы ныхмæ. Уыд дæс сывæллоны схæссæг фыд, уыдонæй цыппар райгуырдысты, хæстæй куы сыздæхт, уæд. Фæллой нымадта хъомылады ахсджиагдæр фæрæзыл. Æз-иу йемæ бирæ рæстæг æрвыстон. Уыд æм бæх æмæ уæрдон, махыл-иу æрбаздæхт, æмæ иумæ цыдыстæм быдырмæ, хъæууонхæдзарадон алыхуызон куыстытæ кæнынмæ. Куыд ныхасæмбал, афтæ уыд тынг цымыдисаг. Мæныл уæд цыд 13-14 азы, æмæ-иу не ‘хсæн политикон ныхас бацайдагъ, арæх-иу быцау ныхас дæр расайдта.

Гыццыл лæппуйæ мæ зæрдыл бадардтон мæ хистæрты цардыуаг, сæ амонæн ныхæстæ. Æмæ ныхæстæ кæд раст уыдысты æмæ кæд уыдон дæр хъæуынц, уæддæр ноджы тынгдæр та кæстæры хъомыладæн ахъаз у хорз хистæры цæвиттон. Хистæры ми кæстæрæн у дæнцæг, æмæ уыцы ми раст куы уа, уæд кæстæрæн дæр æнæхорз уæвынæн нæй. Абон мæхæдæг дæр уыцы кармæ схæццæ дæн, ис мын кæстæры кæстæртæ, уымæ гæсгæ, мæхи хистæрты мæ зæрдыл даргæйæ, æмбарын, рæдийыны бар мын кæй нæй, уый.

– Уырны мæ, дæ кæстæртæн цæвиттонæн хæссыны аккаг хистæр кæй ис, уый…

– Мæ зæрдæ дарын. Мæхи хистæрты тыххæй дарддæр куы ныхас кæнон, уæд мæ ныййарджытæ сыздæхтысты, 2-æм къласы куы ахуыр кодтон, уæд, ома, æртæ азы мæ хъомыл кодтой мæ баба æмæ мæ нана. Мæ сывæллоны бонтæ мæ зæрдæйы базза-
дысты рухс æнкъарæнтæй. Уæлдай тыхми никуы бавзæрстон, хъомыл кодтон сæрибар æнкъаргæйæ, фæлæ мæ хæстæ дæр уыдысты бæлвырд. Æппæты фыццаг – ахуыр, уыимæ, иттæг хорз ахуыр. Ома, уый карз уынаффæйы хуызæн нæ уыд, стæй цавæрдæр диссаджы стыр æнтыстыл нымад дæр нæ уыд, фæлæ уыд, рагагъоммæ бæлвырд чи у, æнæ уæлдай ныхасæй æххæстгæнинаг ахæм хуымæтæг хъуыддаг. О, ныхасæй-иу мæ разæнгард кодтой, фæлæ диссаджы æппæлд кæной, ахæмæй никуы ницы уыд. Хъуыды кæнын, 6-æм къласы куы уыдтæн, уæд ахуыры азы æртыккаг хайы бæрæггæнæнтæм гæсгæ мын уыд цыппар «4»-ы, æмæ мын нæ бинонтæ афтæ бакодтой, æппындæр, дам, нал ахуыр кæныс. Мæхимæ дæр хъуыддаг хорз нæ каст æмæ мæхицæн загътон: уавæр у растгæнинаг. Уæдæ хæдзары куыстытæй мæм цы хауд, уый дæр уыд бæлвырд, æмæ сæ кодтон: цæхæрадон скъахын, фосмæ базилын, сæ бынтæ æфсайын æмæ сын хос дæттын – 6-æм къласæй фæстæмæ уыцы куыстытæ хаудтой мæнмæ, дзурын мын сæ нæ хъуыд. Фæстæдæр мæ фыдимæ цыдтæн хос кæрдынмæ, суг састон. Фæлæ-иу мæ куыстытæ куы бакодтон, уæд цыдтæн хъазынмæ, ме ‘мбæлттимæ-иу нæхи Æрæфы доны найынмæ цыдыстæм, æмæ-иу мын æмгъуыд æвæрд никуы уыд. Мæ фыдымад Дебæйы ме ‘мбæлттæ дæр бирæ уарзтой, хæдзармæ-иу нæм æхсызгонæй цыдысты.

– Абоны фæсивæд… Йемæ хорз зонгæ дæ, дæ куыст, дæ цардыуаг йемæ баст у, уæлдайдæр раздæр, æмæ цавæр у, дæумæ гæсгæ?

– Историйы, нæхи адæмы историйы кой куы кæнæм, уæд нын уый цы стыр æмæ цытджын нæмттæ ныууагъта, – нæ æрдхæрæны Къоста, нæ хъæбатыр инæлæрттæ æмæ æфсæддонтæ, нæ аивады, культурæ æмæ спорты хъуыстгонд архайджытæ – уыдонæй сæрыстыр уæвгæйæ, зæрдæ дарæн ис, нæ кæстæртæ уыцы хистæрты номы аккаг кæй уыдзысты æмæ сæ дарддæр дæр бæрзонд кæй хæсдзысты, уымæй. Уымæн æмæ нæ фæсивæд уыдонæн сты сæ байзæддаг.

Фæсивæдимæ бирæ рæстæг бакусыны фæстæ мæ бон зæгъын у, нæ кæстæртæ кæй сты разæнгард, коммæгæс, сæ хъомыс бирæ кæй у. Æрмæстдæр хъæуы иунæг хъуыддаг – раст сæ хъомыл кæнын. Бинонты ‘хсæн, фыццаджыдæр, стæй уæд скъолайы, уæлæмхасæн æмæ æндæр ахуыргæнæндоны – царды алы къæпхæны дæр кæстæры фарсмæ хъуамæ уа раст зондамонæг хистæр. Фæсивæдæн амонын хъæуы, Райгуырæн бæстæ сын цы бирæ гæнæнтæ дæтты, уый, райдай ахуыр кæнын æмæ фæу царды гæнæнтæй. Нæ республикæйæн ис æнтыстытæ экономикæйы дæр, культурæйы дæр, спорты дæр – алы къабæзты, æмæ уыдæттæ сты нæ цытджын æмæ фидар бæстæйы фæрцы. Уый сын хъæуы амонын æмæ дзурын, кæй сты Стыр Уæрæсейы æмæ райгуырæн Цæгат Ирыстоны граждæнтæ, æмæ сын уый тыхдæттæг куыд у, афтæ сыл бæрнондзинад дæр æвæры. Уый хъуамæ æнкъарой. Идеологон æгъдауæй раст хъомылгонд кæстæр, æнæмæнг, уыдзæн æнтыстджын, царды цы дæсныйад равзара, уым дæр.

Дæсгай азтæ фæкуыстон ахуыргæнæгæй Хæххон аграрон паддзахадон университеты алы факультетты – экономикон, ветеринарон, биотехнологон факультеты, мæ къухты ацыдысты мингай студенттæ, æмæ дзы хорз миниуджытæ кæмæ нæ разынд, ахæм иунæг дæр нæ уыд. Æрмæстдæр уыцы миниуджытæ хъæуы ссарын, фенын, куырыхондæр уæвын.

Хъомылады иннæ фæрæз – спорт. Уый мæ бон зæгъын у фидарæй, уымæн æмæ бирæ азты дæргъы лæууыдтæн грекъаг-ромаг хъæбысхæсты федерацийы сæргъы æмæ уыдтон нæ фæсивæды сгуыхтытæ. Æмæ уым дæр нæ сæмбæлдтæн, хистæры ныхасмæ чи нæ байхъуса, иунæг ахæм кæстæрыл дæр.

Стыр адæймагæй, æнтыстджынæй, дæсны æмæ зондджынæй ничи райгуыры. Хъæуы хъомыладон куыст кæнын, æмæ уыцы куыстмæ æхсæнадон организацитæ дæр иуварсæй хъуамæ ма кæсой, фæлæ хъуыддаджы разæнгардæй архайой. Иу ныхасæй, фæсивæд сты, сахуыргæнæн кæмæн ис, кусын кæимæ хъæуы, нæ фидæн чи араздзæн æмæ нæ республикæйы, нæ бæстæйы сомбон кæй къухы уыдзæн, æхсæнады уыцы хай, æмæ сæм æз кæсын уыцы цæстæй.

– Зонын æй, дæ куысты кæй æрвитыс дæ рæстæгæн йæ тæккæ фылдæр хай. Бинонтæн, науæд та, зæрдæйæн æхсызгон чи уа, цавæрдæр ахæм хъуыддæгтæн ма дзы хай баззайы? Æппынфæстаг, зæгъæм, чиныг бакæсын…

– Чиныджы кой кæд кæнæм, уæд знон райдыдтон кæсын Эмиль Золяйы уацмыс, хуыйны «Деньги». Хæдзары нæм ис стыр
библиотекæ, чингуытæ рагæй æмбырд кæнын. Кæддæр чидæр уæй кодта йæ зæронд библиотекæ, æмæ йæ балхæдтон. Ацы чиныг дæр уыд уым, æмæ йæм ацы хатт фæкомкоммæ дæн, – йæ раззаг цъарыл уыд фыст: «Дорогой сестре от брата подарок. Прочти обязательно». Æмæ мæ уыцы фæстаг хъуыдыйад сцымыдис кодта йæ бакæсынмæ. Фæлæ афтæ дæр вæййы, æмæ чиныг кæсын райдайын, æмæ йæ кæронмæ нæ фæвæййын, зæрдæ нæ фæцагайы. Фæстаг рæстæг ма бакастæн Федор Сологубы чиныг «Мелкий бес». Ныхас дзы цæуы адæмы ‘хсæн ахастытыл. Уыцы ахастытæ уыдысты ахсджиаг раздæр æмæ сты ныр дæр. Ныртæккæ та кæсын Владимир Мединскийы чиныг «Мифы о Великой Отечественной войне», тынг цымыдисаг æмæ пайдайаг чиныг, уæлдайдæр фæсивæдæн, цæмæй æмбарой Фыдыбæстæйы Стыр хæсты, стæй Дыккаг дунеон хæсты Уæлахизмæ нæ бæстæйы бавæрæн. Уæвгæ, чингуытæ хъæуы кæсын – æнæмæнг æмæ бирæ.

– Спорт дæр ма куы уарзыс…

– Спорт – æнæмæнг. Физикон æгъдауæй дæр адæймаг йæхиуыл хъуамæ архайа. Алы бон дæр спортыл хардз кæнын сахат æмæ æрдæг, уый æнæмæнг. Мæ боны фæткмæ гæсгæ, мæ бон райдайы райсомы 5 сахаты æмæ 30 минутæй æмæ фæвæййы куы изæры 10 сахатыл, куы та – æмбисæхсæвмæ хæстæг. Фæлæ архайын æхсæз сахаты фынæй кæныныл.

– Алцы куыд æййафыс? Суткæйы дæргъы дæ рæстæг алцæуыл афтæ раст дих кæнын дын куыд уайы?

– Æнæ уымæй гæнæн нæй. Йæ цард рацаразын чи нæ зоны, уый, адæмы сæргъы уæвгæйæ, йæ куыст куыд хъуамæ рацараза? Уымæ гæсгæ æййафын спортæй архайын дæр, афæдз иу хатт æмбæлттимæ балцы ацæуын æмæ хохмæ схизын дæр, Ирон кæнæ Уырыссаг театры ног æвæрд спектакль фенын дæр…

– Журналисттимæ арæх фембæлыс, æмæ дæм раттынц ацы фарст: раздæр уыдтæ республикæйы Хицауады Сæрдар, ныр дæ Парламенты Сæрдар. Цæмæй хицæн кæнынц ацы дыууæ бæрнон бынаты, зæгъгæ. Гъемæ, цæмæй? Ныхас æнцондæрыл нæ цæуы. Фæлæ дæс-фынддæс азы размæ дæм цы фæлтæрддзинад уыд æмæ абон чи ис, уыдон кæрæдзийæ хицæн кæнынц, кæй зæгъын æй хъæуы. Ныры фæлтæрддзинад дын дæ абоны куысты ахъаз у?

– Паддзахадон куыст кæнын æнцон нæ вæййы, стæй хъуамæ ма уа. Уымæн æмæ паддзахадон фарстатæ лыг кæнын, вазыгджын ног хъуыддæгтæн, арæзтæдтæн, æндæр ахæм иумæйаг фæллойадон хъуыддæгтæн дзуапп дæттын – уый хуымæтæг æмæ æнцон нæу. Хицаудзинад у иу. Æххæстгæнæг хицаудзинад лыг кæны, экономикæ, социалон æмæ æндæр къабæзты рæзт чи домы, ахæм фарстатæ. Закъонæвæрынадон хицаудзинад та архайы уыцы фарстатæ лыг кæнынæн закъон-
æвæрынадон бындуртæ аразыныл. Хицаудзинады дыууæ оргæны архайынæй зындæр кæнæ æнцондæр кæм у, уымæн зæгъæн нæй. Мæ хъуыдымæ гæсгæ, адæймаг йæ хæстæ цы ран æххæст кæна, уым алы ран дæр хъуамæ уа зын. Æнцон хъуамæ макуы уа. Адæймаг, йæ куысты хæстæ æххæст кæнгæйæ, хъуамæ фæллайгæ кæна. Æндæр хуызы кусæн нæй. Фæлтæрддзинад та, азтæ куыд цæуынц, афтæ фылдæр кæны, ууыл дзырд дæр нæй. Парламент, хицаудзинад æххæстгæнæг оргæнимæ, бынæттон хи-
уынаффæйады оргæнтимæ иумæ архайы, адæмы царды ахсджиагдæр чи у, уыцы фарстатæ лыг кæныны гæнæнтыл. Ома, кусæм, куыд иумæйаг командæ, уыцы хуызы. Мæнæн бæлвырд у иунæг хъуыддаг: æрмæстдæр иумæ, æмдых, æмзонд, æмхъуыды æмæ æмхъару уæвгæйæ, нæ къухы æфтдзысты зæрдæмæдзæугæ бæрæггæнæнтæ.

– Æвдæм ацы равзæрст Парламент цас куыстхъом у, дæ хъуыдымæ гæсгæ?

– Парламенты ацы равзæрсты тæккæ райдайæнæй, 2022 азæй фæстæмæ депутаттæ иудадзыг æмбæлынц се ‘взарджытимæ. Дæхæдæг æй зоныс, Парламенты Советы уæнгтæ мæй иу хатт кæй цæуынц районтæм. Кусæг балцы размæ уал комитетты уæнгтæ сæхæдæг ацæуынц, чи сæ цæуыл дзуапп дæтты, уыцы къабæзтæм хауæг объекттæм, фембæлынц бынæттон цæрджытимæ, семæ фæныхас кæнынц. Афтæмæй рабæрæг вæййынц, адæмы чи тыхсын кæны, уыцы фарстатæ. Ахæм куысты фæстиуæг вæййынц Парламенты уынаффæтæ. Уыцы бындурон документты амынддзинæдтæ куыд æххæстгонд цæуынц, уымæ цæст дарæм. Стæй та афæдз куы рацæуы, уæд уавæр ногæй сбæрæг кæнæм, арæзт цы æрцыд, уымæн аргъ скæнæм æмæ цæ-
уæм дарддæры нысантæм. Куыст цæуы æнæрлæугæйæ, æмæ ацы ран нæ фарсмæ балæууынц хицаудзинад æххæстгæнæг оргæнтæ, бынæттон хиуынаффæйады оргæнтæ, æмæ иумæ архайæм республикæйы рæзтæн æмæ нæ адæмы цард
хуыздæр кæнынæн уавæртæ аразыныл.

– Куыд республикæйы иунæг ирон национ газет «Рæстдзинад»-ы минæвар, афтæ ацы фарст ма раттон, уый мæ бон нæу. Ныхас цæуы паддзахадон æвзæгты тыххæй закъоны проектыл.

– Паддзахадон æвзæгты тыххæй закъоны проект цæмæй фæзына æмæ фæстæдæр фидаргонд æрцæуа, уый йæ рæстæджы уыд æхсæнады фæндон. Æвзаг у адæмы национ химбарынады ахсджиагдæр хай, йæ бындурон хæзна. Йæ рæсугъддзинад æмæ хъæздыгдзинад бахъахъхъæнын æмæ йæ фидæны фæлтæртæм адæттын махæн у нæ хæс. Стæй йæ рæзтæн, йæ ахуыр кæнынæн гæнæнтæ аразын – уый дæр у нæ хæс. Закъоны проекты фæдыл ис алыхуызон хъуыдытæ æхсæнады ‘рдыгæй дæр, фæлæ мах, депутаттæ, хъуамæ бацархайæм, цæмæй амынд закъон адæмы хицæн ма кæна, фæлæ суа æхсæнад иугæнæг. Афтæ цæмæй уа, уый тыххæй нæ республикæйы Сæргълæууæг Сергей Меняйлойы уынаффæйæ арæзт æрцыд сæрмагонд кусæг къорд. Уыцы ран ахуыргæндтæ, специалисттæ, æхсæнадон архайджытæ ныхас кæнынц æмæ фæндæттæ хæссынц не ‘взаджы рæзт æмæ йæ бахъахъхъæныны мадзæлтты фæдыл. Мæхицæн та мæ размæ, куыд депутат, афтæ хæс æвæрын, адæмы иугæнæг закъон фидаргонд цæмæй æрцæуа, ууыл бакусын. Хъуыддаг алчи йæхи ‘рдæм куы иваза, уæд дзы ницы рауайдзæн. Ацы фарстайы хъуамæ уæм æмзонд.

– Республикæйы царды, æхсæнады ды дæ зындгонд адæймаг. Ахæм адæймагмæ та алыхуызон цæстæнгасæй каст цæуы. Цавæр зæрдæ дарыс критикæмæ?

– Алкæйы хъуыдыйæн, алы адæймаджы ныхасæн дæр æз кæнын аргъ. Критикæ кæнгæйæ, æппæты фыццаг, аргъ кæнын хъæуы кæрæдзийæн, уымæй ноджы раздæр та – адæймаг хъуамæ йæхæдæг йæхицæн аргъ кæнын зона. Нæ алы ныхас дæр у æхсæнадон культурон тыгъдад аразæг. Критикæйæн бындур куы уа, уæд æй хъæуы нымайын, аргъ ын кæнын, уымæн æмæ уый дæр у цавæрдæр хъуыддаг фæхуыздæр кæныны фæрæз. Фæлæ ма йæ иу хатт зæгъын: хъуамæ йын уа бындур. Æнæфсон ныхæстæ кæнгæйæ та размæ цæуæн нæй, уыдон ныл фæстæмæ хæцынц.

– Ацы бон уæлдай арфæ кæмæн ракæнис? Чи сты, Тускъаты Таймураз кæй фæрцы басгуыхт, уыцы адæймæгтæ?

– Ахæм адæймæгтæ йæ царды ис алкæмæн дæр. Æмæ ранымайдзынæн цалдæр номы, цæмæй зоной, абоны онг дæр сæ стыр бузныг кæй дæн, уый. Мæ ныййарджытæй фæстæмæ мын царды зондамонджытæ уыдысты: ме скъола, мæ фыццаг ахуыргæнæг Æгкацаты Минæ, историйы ахуыргæнæг Цориты Фатимæ, мæнæн уый у интеллигент æмæ дæсны ахуыргæнæджы хуыздæр цæвиттон, Гуæцæлты-Таухъазахты Азæ – нæ къласы разамонæг, не скъолайы директор Габеты Михал.

Институты мæ фарсмæ уыдысты æмæ мын зонд амыдтой политэкономийы ахуыргæнæг Гадзауты Батырбег, Басаты Барис æмæ иннæтæ. Докторы диссертаци куы фыстон, уæд та мæ фарсмæ уыд мæ наукон консультант Мæзлуаты Витали, æмæ уымæй дæр дæн стыр арфæйаг.

Уæлдæр ахуыргæнæндон каст куы фæдæн æмæ мæ Тулæйы облæстмæ кусынмæ куы арвыстой, уæд мæ фарсмæ балæууыдысты æмæ æрыгон специалистæн æххуыс кодтой Чернскы районы агропромышленнон иугонды хицау Владимир Иваны фырт Куленко æмæ бынæттон совхозы директор Виктор Иваны фырт Опарин. Ацы аз Адæмты иудзинады аз кæй у, уымæ гæсгæ сæ кой скæнын мæм кæсы уæлдай ахсджиагдæр.

Депутат фыццаг хатт куы сдæн, уæд мæ фарсмæ уыдысты мæ фæлтæрдджын æмбæлттæ Токаты Людмилæ, Къесаты Станислав æмæ Токаты Нох. Дæн сæ стыр арфæйаг, сæ нæмттæ мæ рох никуы уыдзысты. Царды мын кæд исты бантыст, уæд сæ фæрцы, мæ фарсмæ алкæддæр зондджын, тыхджын, цæстуарзон æмæ фæлмæнзæрдæ адæймæгтæ кæй уыд, уый фæрцы.

– Бузныг Таймураз, фембæлынмæ кæй нæ фæзивæг кодтай, уый тыххæй. Иу юбилейæ иннæмæ рæсугъдæй куыд цæуай æмæ ма дын Ирыстоны хæрзæбонæн бирæ хорз хъуыддæгтæ саразын куыд бантыса, ахæм арфæ дын Иунæг Стыр Хуыцау ракæнæд!

 Ныхас кодта

ДЕДЕГКАТЫ Зæлинæ

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here