«Бынтæ. Размæцыд. Иудзинад»

0
12

«Æнæ фæцудгæйæ, хиуыл нæ ауæрдгæйæ, лæгдзинад æвдисгæйæ, сæрмагонд æфсæддон операцийы архайджытæ сæ нæмттæ Уæрæсейы ног историйы бафыстой», – афтæ рухстауæн сесси «Бынтæ. Размæцыд. Иудзинад» кадджын уагæй байгом кæныны рæстæг загъта РЦИ-Аланийы Сæргълæууæг Сергей Меняйло.

Сесси арæзт æрцыд Дзæуджыхъæуы, уырдæм æрбацыдысты  сæрмагонд æфсæддон операцийы архайджытæ Цæгат Кавказы федералон зылды регионтæй æмæ Хуссар Ирыстонæй. Цæгат Ирыстоны разамонæг куыд фæбæрæг кодта, афтæмæй фæсивæд æмхуызонæй кадимæ хъахъхъæнынц бæстæйы æдасдзинад. «Нæ адæмты хуыздæр традицитæ зæрдæбынæй чи æххæст кæны, сымах уыдон стут. Ам æрæмбырд сты алы адæмты хуыздæр минæвæрттæ, æрбаиу уæ кодтой иумæйаг хæзнатæ æмæ хъысмæт. Нæ бæстæйы хъомыс йæ бирæнацион адæмы мидæг кæй ис, уымæн стæм æвдисæн», – загъта Сергей Меняйло.

Йæ хатдзæгмæ гæсгæ, иумæйаг истори, хæстон æфсымæрдзинад, кæрæдзийæн аргъ кæнын сессийы архайджытæн Уæрæсейы æмæ Хуссар Ирыстоны адæмты ‘хсæн хæлардзинады бастдзинæдтæ фидардæр кæныны фадат ратдзысты. Ахуыртæ цæудзысты цалдæр боны. РЦИ-Аланийы Сæргълæууæг куыд радзырдта, афтæмæй ацы сесси бар дæтты фыдæлты лæгдзинад бахъахъхъæнынæн, уымæй уæлдай, нæ фидæн сбæрæг кæнынæн.

«Æмбарæм, сабыр цард сног кæнын кæй домы фылдæр рæстæг, уæдæ, Фыдыбæстæ чи хъахъхъæдта, уыдон рохуаты уадзæн нæй. Рухстауæн сессийы комкоммæ хæс у ног курдиæттæ раиртасын, сæхи равдисынæн сын фадæттæ саразын. Службæйы рæстæг цы фæтк равдыстат, уæлахизмæ тырнындзинад уын суыдзысты сабыр царды бындуртæ. Мах цæттæ стæм алывæрсыг æххуысмæ, уæ бон у ахуырад райсын, æхсæнадон хъæппæристæ равдисын, æндæр пайдайаг хъуыддæгты бацархайын», – ахæм уыд Цæгат Ирыстоны Сæргълæууæджы хатдзæг.

Сессийы раныхас кодта сæрмагонд æфсæддон операцийы ветеран Цоциты Сæрмæт, уый бафиппайдта фæлтæрты иудзинад æмæ историон зæрдылдарды ахадындзинад. «Мæхицæн кадыл нымайын сымахæн æгасцуай зæгъын ацы сессийы, ам æрæмбырд сты алы фæлтæрты, алы дæсныйæдты минæвæрттæ, хæст царды фæлтæрддзинадимæ адæм. Фæлæ нæ æрбаиу кодта Фыдыбæстæмæ уарзондзинад. Ветеранты фæлтæрддзинад у æнæфæцудгæйы дæнцæг, бæрнондзинад æмæ Райгуырæн бæстæйæн лæггад кæныны цæвиттон», – загъта Цоцийы-фырт.

Йæ хъуыдымæ гæсгæ сæ хъæбатырдзинад æмæ фæллой систы сабыр царды, æдасдзинад æмæ рæзты бындур. Цоциты Сæрмæт фæсидт ветерантæм, цæмæй сæ фæлтæрддзинад адæттой æрыгæттæм. «Хъæуы зæрдыл дарын æрмæст  сгуыхтытæ нæ, фæлæ ма кæстæртыл дæр хъуыды кæнын, уый абон тынг ахсджиаг у», – загъта Цоциты Сæрмæт. Хуссар Ирыстонæй сессийы архайынц 40 адæймаджы, се ‘хсæн – орден «Уацамонгæ»-йы кавалертæ.

Цæмæй ацы рухстауæн сесси бантыса, ууыл тынг бацархайдтой сæрмагонд æфсæддон операцийы ветеранты ассоциаци, Уæрæсейы Æнæмæлгæ полкъ Президентон грантты фонды æххуысæй.

Нæ уацхæссæг

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here