Медицинон кусæджы боны агъоммæ Цæгат Ирыстоны Медицинон колледжы 449 рауагъдонæн кадджын уавæры раттой дипломтæ, 77-æй йæ каст фесты иттæг хорз бæрæггæнæнтимæ. Ныры хуызæн бæркадджын никуыма рауад сæ рауагъд: æнæниздзинад хъахъхъæнынады системæйы цы ивддзинæдтæ цæуы, уый домы астæуккаг медицинон ахуыргæнæндæтты системæ дæр рацаразын.
Ногдзинадмæ гæсгæ, æмткæй райсгæйæ, ацы аз ахуыргæнæндон каст фæуыдзысты 1041 медицинон хо æмæ ‘фсымæры, фелсыр æмæ акушеры, лаборант æмæ фармаколоджы – рынчынтæ дзæбæх кæныны хъуыддаджы æнæмæнгхъæугæ специалисттæ. Уыдонæй 150 – сырх дипломтимæ. Колледжы директоры хæдивæг ахуырад æмæ методикæйы фарстаты фæдыл Моргуаты Азæйы ныхасмæ гæсгæ, кæцыдæр дæсныйæдтыл ахуыры æмгъуыд фæкъаддæр, цыппар азы кæй хъуыд, уый æртæ азмæ райста диплом. Уый баст у, ног ахуырадон стандарттæм кæй рахызтысты, уыимæ. Рауагъдонты цæттæдзинад нæ фæдæлдæр, уый хыгъд, регионы дзæбæхгæнæн кусæндæтты кадрты фарстайыл хуыздæрæрдæм фæзындзæн.
Колледжы рауагъдонтæй 97 специалисты кусынмæ ацæудзысты, ахуырмæ сæ цы медицинон кусæндæттæй рарвыстой, уырдæм. Кæцыдæр хай тырнынц уæлдæр ахуыргæнæндæттæм бацæуынмæ, дохтыртæ суæвынмæ, фæндзайæ уæлæмæ рауагъдоны та фæнды ‘фсады службæ кæнынмæ ацæуын.
Бафиппайын хъæуы уый дæр, æмæ рауагъдонтæн сæ хистæрыл кæй цæуы 70 азы. Уый та ууыл дзурæг у, æмæ зонындзинæдтæ райсгæйæ, цард ивын кæй никæмæн ма байрæджы. Медицинон колледж чи фæцис каст, уыдонмæ разæй æнхъæлмæ кæсынц фыццаградон аккредитаци æмæ специализаци. Æнтыстджынæй сæ ацæугæйæ, рауагъдонтæм поликлиникæтæ æмæ рынчындæтты ‘нхъæлмæ кæсынц сæ кусæн бынæттæ.
ХУЫБИАТЫ Ларисæ














