Сæйраг рахæцæн – иудадзыг цæстдард

0
20

РЦИ-Аланийы Сæргълæууæг Сергей Меняйло сарæзта æмбырд Цæгат Ирыстоны коррупци ма ‘руадзыны ныхмæ къамисы уæнгтæн. Йæ архайджытæ æркастысты паддзахадон хицаудзинад æмæ бынæттон хиуынаффæйады оргæнты коррупцийы фæзындтыты ныхмæ профилактикон куысты уавæр æмæ, нысангонд мадзæлттæ куыд æххæстгонд цæуынц, уыцы фарстатæм.

РЦИ-Аланийы Сæргълæууæджы Коррупцийы ныхмæ архайæг управленийы разамонæг Баскаты Эльбрус фехъусын кодта, коррупцийы ныхмæ нормативон барадон базæ федералон закъондæттынадимæ кæй сæмхуызон. Куыд загъта, афтæмæй 2026 азы ведомствæты æмвæзадыл, стæй муниципалон скондты разæнгардæй арæзт кæй цæуынц профилактикон мадзæлттæ, хицаудзинады оргæнты архайдимæ алкæй бон дæр у базонгæ кæнын, иудадзыг дæр коррупцийы ныхмæ куыст цæуы.

Уæлдай æргом здæхт æрцыд, Федералон къазнайы РЦИ-Аланийы управлени фарон республикæйы хицаудзинады оргæнтæ æмæ сæ дæлхайæдты бюджетон закъондæттынады цы халæн цаутæ сбæрæг кодта, уыдонмæ.

Федералон къазнайы управленийы разамонæджы хæстæ рæстæгмæ æххæстгæнæг Бирæгъты Арсен радзырдта басгæрстыты бæрæггæнæнты тыххæй æмæ фæбæрæг кодта, специалисттæ лæмбынæг кæй æркастысты, бюджетон фæрæзтæ куыд хардзгонд цæуынц, бюджетон закъонæвæрынад куыд æххæстгонд цæуы, бюджетты ‘хсæн трансферттæ кæмæн дæттынц, уыдæттæм. Бирæгъы-фырт ма ранымадта, республикæйы финансон-бюджетон къабазы куысты арæхдæр цы фиппаинæгтæ рабæрæг кæнынц, уыдон.

Сергей Меняйло бахæс кодта финансон цæстдард фæкарздæр кæнын æмæ хъæугæ мадзæлттæ саразын æруагъд аиппытæ æмæ хъæнтæ аиуварс кæныны тыххæй.

– Бюджетон къабазы коррупцион фæзындтытæ ма ‘руадзыны хъуыддаджы ахсджиагдæр хъуамæ уа бюджетон фæрæзтæй æнæ нысанæй пайда кæнын æмæ давыны цаутæ скуынæг кæнын. Æнæмæнг, архайын хъæуы бюджетон дисциплинæ фидар кæныныл, афойнадыл бæлвырд кæнын æмæ закъон халæн цаутæ ма ‘руадзын. Уымæн та хъæуы æрмæстдæр иудадзыг цæстдард, – фæбæрæг кодта Сергей Меняйло.

Уымæй уæлдай ма æмбырды ныхас цыди, республикæйы Ахуырад æмæ наукæйы министрад æмæ йæ дæлхайæдты коррупцийы ныхмæ закъондæттынад куыд æххæстгонд цæуы, уый тыххæй. Министры хæдивæг Дзанайты Марк фехъусын кодта, ведомствæ кæй архайдта закъонæвæрынады домæнтæм гæсгæ. Фæстаг азты коррупцийы ныхмæ архайæг механизм саразыныл стыр куыст æрцыд. Коррупцион закъонхалæн фæзындтытæ æмæ сæ аххосæгтæ аиуварс кæныны тыххæй мадзæлттæ сарæзтой.

Ведомствæйы сæйраг нысантæ 2026 азы сты закъонхалæн цаутæ ма ‘руадзын, коррупцийы ныхмæ куысты мониторинг, национ проекттæ куыд æххæстгонд цæуынц, уымæ лæмбынæг цæстдард æмæ, паддзахадон службæгæнджытæ сæ æфтиæгты тыххæй цы бæрæггæнæнтæ бадæттынц, уыдоны рæстдзинад сбæрæг кæныны ног механизмтæ ныффидар кæнын.

РЦИ-Аланийы Сæргълæууæг æмæ Хицауады пресс-службæ

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here