Ныхас сусæг æнæвдæлондзинады тыххæй

0
48

РЦИ-Аланийы Сæргълæууæг Сергей Меняйло видеобастдзинады руаджы архайдта Цæгат Кавказы федералон зылды уæлæнгай æнæвдæлондзинады (неформальная занятость) æмвæзад фæныллæгдæр кæнын æмæ куыстадон ахастдзинæдтæ раргом кæныны ведомствæты ‘хсæн къамисы æмбырды куысты. Амыдта йæ Уæрæсейы Федерацийы Президенты æххæстбарджын минæвар Цæгат Кавказы федералон зылды Юрий Чайка.

Æмбырды æркастысты, сусæг æнæвдæлондзинады ныхмæ мадзæлтты пълан 2025-2027 азты куыд æххæстгонд æрцыд ацы азы фыццаг кварталы, стæй, Цæгат Кавказы федералон зылды субъектты куысты мызд нæ бафидыны хæстæ куыд фыст æрцыдысты æмæ ног хæстæ не ‘руадзыны фарстатæм.

Юрий Чайка æмбырды архайджыты зæрдыл æрлæууын кодта, координацион фæзуаты куыст фондз азы размæ кæй райдыдта.

– Регионты фæллойадон базарад кæд фæйнæхуызон у æмæ ма уæлæнгай æнæвдæлондзинады æмвæзад бæрзонд у, уæддæр субъекттимæ муниципалитетты иудадзыг хъомысджын куыстад хицауады федералон оргæнтæ æмæ æххæстбарджын минæвары аппараты æххуысæй ацы ахсджиаг хъуыддаджы къухы бафтыдысты æвæрццæг бæрæггæнæнтæ, – загъта æххæстбарджын минæвар.

Уæрæсейы Фæллойы министрады нымайыны методологимæ гæсгæ, граждæнтæй сусæг куыст чи кæны, уыдон рабæрæг кæнынæн федералон зылдтæн сфидар кодтой нысантæ.  2024-2025 азты уыцы нысантæ æххæстгонд æрцыдысты.

Юрий Чайка куыд фæбæрæг кодта, афтæмæй нысангонд бæрæггæнæн Цæгат Кавказы федералон зылды 2026 азæн у 173 мин адæймаджы, ацы азы фыццаг кварталы та æргомгонд æрцыд æдæппæтæй 33 мин адæймаджы, кæнæ та нысанмæ 19 проценты.

Субъектты уавæр æмæ куысты бæрæггæнæнтæ фæбæрзонддæр кæныны мадзæлттимæ къамисы уæнгты базонгæ кодта фæллой æмæ куыстыл æфтыды федералон службæйы разамонæг Михаил Иванков.

Цæгат Кавказы федералон зылды субъектты куысты мызды хæстæ бафидыны тыххæй дзургæйæ, Юрий Чайка бафиппайдта, хицæн регионты уыцы хæс азы райдайæнæй кæй сырæзт.

«Роструд»-ы оперативон бæрæггæнæнтæм гæсгæ, федералон зылды куысты мызды хæс у 153 милуан сомы, кæд æмæ 2025 азы кæронмæ уыцы хæс уыди 98 милуан сомы.

Æмбырды хатдзæгтæм гæсгæ кæронбæттæны бæлвырд фæдзæхстытæ лæвæрд æрцыд.

РЦИ-Аланийы Сæргълæууæг æмæ Хицауады Сæрдары пресс-службæ

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here