«Архитектурæ æмæ арæзтады къабаз Республикæ Цæгат Ирыстон-Алани»-йы – ахæм темæйыл знон уыд парламентон байхъуыстытæ. Сæ саразæг – Парламенты цæрæнуатон-коммуналон хæдзарад æмæ арæзтадон политикæйы фарстаты фæдыл комитет.
Æмбырды размæ йæ архайджытæ федтой, Хицауады хæдзары раз Сæрибары фæзы чи æрбынæттон, конкурсон æмæ хъæппæрисджын проектты уыцы равдыстимæ «Архинициатива». Йæ экспонаттимæ уазджыты базонгæ кодта «Уæрæсейы архитекторты цæдис»-ы уæрæсейаг сфæлдыстадон профессионалон организацийы цæгатирыстойнаг регионалон Правленийы сæрдар Алыккаты Руслан.
Æмбырд райдайæны йæ разныхасы Парламенты Сæрдар Тускъаты Таймураз куыд радзырдта, афтæмæй темæ ахсджиаг у республикæйы райрæзтæн, йæ социалон-экономикон размæцыдæн. У бирæвæрсыг æмæ вазыгджын. Цæгат Ирыстоны, стæй йæ сæйраг горæт Дзæуджыхъæу æмæ чысыл цæрæн бынæтты æддаг бакаст архитектурон æгъдауæй бахъахъхъæнын æмæ сæ царды ныры домæнтæм гæсгæ раивыны хъуыддаджы лыг кæны ахсджиагдæр фарстатæ.
– Арæзтад у экономикæйы сæйраг рахæцæн. Ивгъуыд азы бæрæггæнæнтæм гæсгæ, мидбæстон иуæймаг продукты бæрц фæфылдæр, нымæцæн йæ дæс проценты – арæзтады къабазы фæрцы, – бафиппайдта Парламенты Сæрдар.
Уый фæстæ æмбырды архайджытæ бакастысты Дзæуджыхъæуы архитектурон райрæзты æмæ архитектурæйы историйы тыххæй цыбыр видеонывмæ. Уым ирдæй æвдыст æрцыдысты, нæ горæт, уыимæ, республикæйы кæмттæ, фыццаджыдæр, Фыййагдон, кæмæй барæсугъд, нырыккон ахæм арæзтæдтæ, æмæ, сæ уынд сын чи сафы, историон, архитектурон, инженерон-геологон, æдасдзинады домæнтæн дзуапп чи нæ дæтты, ахæмтæ дæр.
Арæзтадон къабазы паддзахадон политикæ æххæстгæнæг республикæйы у Арæзтад æмæ архитектурæйы министрад. Уымæ гæсгæ, æмбырды сæйраг фарстайыл, стæй, цæрæнуæтты политикæ, арæзтад æмæ реконструкцийы мадзæлттæ куыд æххæстгонд цæуынц, уый фæдыл раныхас кодта министр Бетанты Марат. Куыд загъта, афтæмæй республикæйы ныртæккæ ис 969 арæзтадон организацийы. Ацы къабазы республикæ цы цыппар национ проекты æххæст кæны, уыдоны фæлгæты ивгъуыд аз арæзт æрцыд фондз миллиарды аргъ куыстытæ 71 объекты, зæгъæм, рацарæзты куыстытæ æрцыд Беслæны поликлиникæйы, республикæйы 36 скъолайы, цыппар поликлиникæйы æмæ бирæ æндæрты. Се ‘ппæтыл дæр министр бæстон æрныхас кодта. Уыимæ, радзырдта, ацы аз цы куыстытæ æххæст кæндзысты, уыдоны тыххæй дæр. Æдæппæт сты 144 объекты, куыстыты аргъ у 6,8 миллиард сомы. Бетанты Марат ма ныхас кодта, цæрæнуæттæ ивгъуыд аз арæзт цас æрцыд, архитектурон-горæтарæзтадон комплексы куыстыты хæрзхъæддзинад æмæ æндæр фарстатыл.
Архитектурæ æмæ арæзтадон къабазæн дæсны специалисттæ æмæ кусджытæ цæттæ кæныны фарстайыл ныхас кодта Цæгат Кавказы хæххон-металлургон институты (паддзахадон технологон университеты) ректор Хъамболты Дзамболат. «Технологон инновацитæ, нымæцон модультæ, 3D мыхуыр – ацы æмæ æндæр нырыккон фæрæзты фæрцы ис рæдыдтытæ не ‘руадзыны гæнæн», – загъта раныхасгæнæг, стæй йе ‘ргом аздæхта нырыккон арæзтадон æрмæджытæй пайда кæныны фарстамæ, стæй нæ сæйраг горæт æмæ чысыл цæрæн бынæттæ архитектурон æгъдауæй æмхуызонæй цæмæй рæзой, уыцы хъуыддагмæ.
«Горæт Дзæуджыхъæуы архитектурæ æмæ горæты арæзтады нырыккон уавæр æмæ йæ райрæзты фидæны нысантæ: Генералон пъланæй – æнцонвадат æмæ нырыккон горæтаг алыварсмæ» – ацы фарстайыл ныхас кодта горæт Дзæуджыхъæуы бынæттон хиуынаффæйады администрацийы сæргълæууæджы хæдивæг Цæболты Отар. «Дзæуджыхъæу хауы, аргъ кæмæн нæй, ахæм культурон бынтæм, æмæ йæ бахъахъхъæнын махæн у нæ хæс», – загъта Цæболы-фырт. Горæты мэры хæдивæг ныхас кодта горæтаг процесстыл æмæ республикон стратегион комплексы райрæзтыл, Дзæуджыхъæуы пълан царды рауадзыныл æмæ ацы азмæ ног ахæм пъланы нысантыл.
Архитектурæ æмæ горæтарæзтады ахсджиагдæр фарстатыл уыд йæ раныхас Алыккаты Русланæн. Йæ хъуыдымæ гæсгæ, хъуыддаг æрмæст зæххытæ уарын æмæ инвестицитæй пайда кæнынымæ хъуамæ ма ‘рцæуа, фæлæ фарстамæ кæсын хъæуы ноджы лæмбынæг æмæ бæстондæрæй. «Уыцы нысанимæ саразын хъæуы паддзахадон совет, алы проект та æвзарын хъæуы конкурсы бындурыл. Куыстытæ заказгæнджытæ æцæгæлон адæймæгтæ хъуамæ ма уой, фæлæ, хъуыддагмæ куыдфæндыйы цæстæй чи нæ кæсы, ахæмтæ», – загъта Архитекторты цæдисы сæрдар.
Æмбырды архайджытæ ма байхъуыстой «Республикæ Цæгат Ирыстон-Аланийы территорийы чи æрбынæттон, культурæйы бынтæм хауæг уыцы объекттæ бахъахъхъæнын»-ы тыххæй РЦИ-Аланийы Культурон бынты объекттæй пайда кæнын æмæ сæ хъахъхъхъæныны комитеты сæрдар Гæлуаты Ацæмæзы раныхасмæ.
Æппæт раныхæсты фæдыл æмбырды архайджытæ загътой сæ хъуыдытæ æмæ фиппаинæгтæ, стæй, фарста кæмæ хауы, æппæт уыцы министрадтæ æмæ ведомствæтæн рахастой хъуыддагæн ахъазгæнæн æххæстгæнинаг уынаффæтæ.
ДЕДЕГКАТЫ Зæлинæ














