Боны фæткы – кадрты политикæ

0
21

Куыд зонæм, афтæмæй кæцыфæнды регионы фидар рæзт баст у хорз цæттæгонд кадртимæ. Хицаудзинады бындуры хъуамæ уа тыхджын, æмзæрдæ, бæрзонд цæттæдзинадимæ командæ.

Нæ республикæйы Сæргълæууæг Сергей Меняйло æппынæдзух куыд æмбарын кæны, афтæмæй бæрзонд цæттæдзинадимæ кадртæ хорз ахъаз сты регионы рæзтæн. Цæгат Ирыстоны разамынд ацы фарстамæ стыр æргом здахынц, кадртæ цæттæ кæнынц, уымæй дарддæр сын ног зонындзинæдтæ райсыны фадæттæ аразынц. Уæдæ ис, ахæм специалист йæхи кæм равдиса, уый дæр.

Ахуырадон программæтæ арæзт цæуынц, нымад цæуы, фæллойы базарады тынгдæр кæй агурынц, уыцы дæсныйæдтæ. РЦИ-Аланийы Сæргълæууæг æмæ Хицауады Администрацийы разамонæг Гобеты Ибрагим куыд зæгъы, афтæмæй кадрты политикæйы ивддзинæдтæм сæ хъус дарынц, паддзахадæн разамынд дæттыны цы ахсджиаг уавæртæ сæвзæры, уыдæттæ нымад цæуынц.

«Абон кадрты политикæйы стыр ивддзинæдтæ цæуы, хуымæтæджы кадртæ равзарыныл нæ баззадыстæм. Ис нæм,  адæймаджы капитал кæй хонынц, ахæм. Сæйраг æргом здæхт цæуы адæмæн хæрзхъæд паддзахадон лæггæдтæ кæнынмæ, ивддзинæдты рæстæг раздзогтæ равзарынмæ», – радзырдта Гобейы-фырт.

РЦИ-Аланийы Сæргълæууæг æмæ Хицауады Администрацийы разамонæг куыд фæбæрæг кодта, афтæмæй кадрты политикæйы пайда кæнынц федералон æмæ регионалон фæрæзтæй. «Цæвиттонæн æрхæссæн ис «Æхсарджын Ирыстон»-ы программæ, йе скæныны хъæппæрис равдыста РЦИ-Аланийы Сæргълæууæг Сергей Меняйло. Хъуыддаг ын бахæс кодта Уæрæсейы Президент Владимир Путин. Программæ æнтысы Президентон академийы цур Разамынд дæттыны уæлдæр скъола æмæ РЦИ-Аланийы Паддзахадон æмæ муниципалон службæгæнджыты центры руаджы. Нырмæ ахуырад райстой сæрмагонд æфсæддон операцийы 32 архайæджы æмæ ветераны. Уыдонæй 28 адæймаджы райстой дæсныйадон цæттæдзинады дипломтæ, иннæтæ нырма ахуыр кæнынц», – радзырдта Гобеты Ибрагим.

Кадрты фæстауæрц æмæ дарддæры хъомысыл дзургæйæ, Администрацийы хицау загъта, куыст бæлвырд хатдзæгтæ кæй дæтты, уый. Ома, паддзахадон æмæ муниципалон службæгæнджытæн фæзынд ахуырадон программæтæ, хуыздæр практикæтæ равæрдтой сæрмагонд сайтты. Цæгат Ирыстоны фæлтæрддзинадмæ æргом здахынц иннæ регионтæ дæр. Гобейы-фырты хъуыдымæ гæсгæ, кадрты политикæ дæтты ахадгæ дæнцæгтæ.

РЦИ-Аланийы Сæргълæууæг æмæ Хицауады пресс-службæ

 

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here