Пятигорскы йæ куыст райдыдта Æппæтуæрæсеон фæсивæдон форум «Машук». Ацы аз дзы Цæгат Ирыстонæй архайы 15 адæймаджы. Республикæйы делегацийæн разамынд дæтты фæсивæды хъуыддæгты комитеты сæрдар Джусойты Руслан. Уый республикæйы Сæргълæууæг Сергей Меняйлойы номæй арфæ ракодта форумы архайджытæн.
– Уæрæсе æмæ фæсарæнтæй 2200 архайæгæй фылдæр – уый тыхджын хъару у йæ алыварс дуне хуыздæрырдæм аивынæн æмæ нæ бæстæйы размæцыдæн бындур сæвæрынæн. Уæлдай æхсызгондæр у, «Машук» æрмæст æрыгон адæмы кæй не ‘нгомдæр кæны, фæлæ педагогикæ æмæ хъомылады къабазы профессионалты, æрыгон зондамонджыты, Сывæллæтты æхсæнадон советы активисттæ æмæ проект «Фыццæгтæ Фыццæгтæн»-ы («Первые Первым») архайджыты. Уый та дзурæг у, Уæрæсейы фидæнæн бындур чи æвæры, уыцы ахуыргæнæг æмæ зондамонæгæн цыт кæй кæнынц. Æууæндын, форумы цы фæлтæрддзинад æмæ зонындзинæдтæ раттат æмæ райсат кæрæдзийæ, уыдон уыдзысты нæ цытджын бирæнацион Фыдыбæстæйы фæрныгады æнæфæсайгæ бындур. Уадз, фидардæр кæнæд алы регионты фæсивæды хæлардзинад, уадз, ахуырад, культурæ æмæ социалон къабазы ног иумæйаг проекттæ фæзына! Мæ зæрдæ зæгъы æппæт архайджытæн дæр хъомысджын куыст, хъуыддаджы ирд ныхас æмæ æппæты уæндондæр хъуыдытæ сæххæст кæнын. Уадз, æмæ уын «Машук»-ы хъару балæвар кæнæд уæлкурдиат! Æууæндут уæ хъарутыл, æмæ уын алцыдæр бантысдзæн, – загъд ис республикæйы Сæргълæууæджы арфæйы.
Уæ зæрдыл уын æрлæууын кæндзыстæм, ацы аз Æппæтуæрæсеон фæсивæдон форум «Машук»-ы сæйраг темæ у «Педагог – Фыдыбæстæйы фидæн хъахъхъæнæг». Йæ архæйджытæ сты æрыгон педагогтæ, зондамонджытæ, фæсивæдимæ куысты специалисттæ æмæ активисттæ нæ бæстæйы алы регионтæй.
ГАПБАТЫ Алетæ














