«Мæ фыдимæ кæрæдзийы федтам фыццаг æмæ фæстаг хатт…»

0
22

Царды фæзилæнтæ бирæ сты, чи сæ банымайдзæн, чи сæ базондзæн. Айфыццаг нæ мæ цардæмбалимæ фæхуыдтой Уырыссаг академион театрмæ, уым кадджын уавæры бæрæг кодтой Бинонты традицион бон. Хуынд æм уыдысты нæ республикæйы алы рæттæй сæрмагонд æфсæддон операцийы бинонты уæнгтæ, стæй, иумæ бирæ азтæ чи фæцард æмæ цæры, уыцы æмкъæйттæ.

Рæсугъд æмæ мидисджын рауад бæрæгбон. Æрбацæуæг адæмæн зæрдиаг арфæтæ ракодтой нæ республикæйы Сæргълæууæг Сергей Меняйло, Цæгат Ирыстоны Парламенты Сæрдар Тускъаты Таймураз, сæ арæхстдзинадæй адæмы зæрдæтæ барухс кодтой аивады минæвæрттæ.

Æз бадт фæдæн иу ацæргæ нæлгоймаджы раз, уый дæр уыди йæ бинойнагимæ. Базонгæ стæм. Разынди Хуымæллæджы цæрæг Æгкацаты Дзантемыры фырт Эльбрус. Скъолайы фæстæ фæсаууонмæ каст фæци Хæххон паддзахадон хъæууонхæдзарадон институты механикон факультет. Ныхас нын  куы бацайдагъ, уæд Эльбрус скодта Узбекистаны кой дæр. Куыд базыдтон, афтæмæй æфсады службæйы фæстæ цасдæр рæстæг фæцарди уыцы республикæйы. Фæсаууонмæ ахуыр кодта аспирантурæйы механизаци æмæ электрификацийы бынæттон уырдыгон наукон-иртасæн институты, стæй ма куыста йæ дæсныйадыл Узбекистаны облæсттæй иуы хъæууон хæдзарады управленийы.

Бирæ азты журналистикæйы къабазы бакусгæйæ, адæймагæн, æвæццæгæн, йæ туджы бацæуы уыцы миниуæг – ноджы ма истытæ базонон, сбæрæг кæнон, радзурон сæ газеткæсджытæн. Ракуырдтон Эльбрусæй, цæмæй мæм иу бон ссæуа «Рæстдзинад»-ы редакцимæ. Фыдæнхъæл мæ нæ фæкодта, фембæлдыстæм. Фарстон æй, уыцы республикæйы цæргæйæ, йæ зæрдыл тынгдæр цы бадардта, цытæ федта, фехъуыста, диссаг æм цы фæкаст.

– Бирæ рæстæг мыл нæма рацыди уым, фæлæ уайтагъд бафиппайдтон – узбекæгтæм дæр æгъдау бæрзонд бынаты æвæрд у, мæнæ махмæ, Ирыстоны, куыд у, афтæ. Стыр кадджын сæм сты хистæр, уазæг. Æз, æндæр адæмыхаттæй лæг, дард Кавказæй æрцæуæг адæймаг, иунæг хатт дæр никуы банкъардтон фысымты ’рдыгæй зулдзаст, сæ ахастдзинад мæнмæ уыдис хæлардзинад æмæ æгъдауы уагыл. Цалдæр хатты уыдтæн сæ чындзæхсæвты дæр. Уым дæр уый у стыр бæрæгбон, рагацау-иу хъæрæйдзурæг динамиктæй хъусын кодтой адæмæн, кæд æмæ кæм уыдзæн чындзæхсæв, æрбахуыдтой-иу сæрмагонд ансамбльтæ, музыканттæ. Æцæг-иу чындзхæссыны хабæрттæ аргъæвтой, хъæууонхæдзарадон куыстыты ‘хсæн уæгъд рæстæг куы фæзынди, уæдмæ, чындзæхсæвы фынгтыл карз нозтæн йæ кой дæр нæ уыд, æрмæстдæр алыхуызон адджын дæттæ, алы хæринаг æмæ дыргътæ. Тæккæ кадджындæр æмæ бæллиццагдæр хæринагыл фынгтыл нымадтой плау. Йæ хæрзхъæддзинад ын уазджытæн æрæвæрыны размæ бæрæг кодта бадты хистæр – сой дзы фаг ис æви нæ, хæрзад у, фаг хъацæнтæ йыл ис æмæ афтæ дарддæр. Йæ зæрдæмæ нæ фæцыди, зæгъгæ, уæд-иу æй фæстæмæ хæринаггæнджытæм арвыста.

Базыдтон узбекагау дзурын дæр, уым æрцæуæг адæймагæн уымæй уæлдай стыр аргъ кæнынц. Узбекистаны, куыд Астæуккаг Азийы иннæ республикæты, стыр бынат ахсы бæмбæджы куыст. Иуахæмы Ташкенты уыдис бæмбæджы куыстгæнæг специалистты семинар. Архайдта дзы уæды азты Коммунистон партийы республикæйы Центрон Комитеты фыццаг секретарь Шараф Рашидов. Семинары архайджытæй алчи дæр тырныдта Рашидовы къух райсынмæ, афтæмæй йын салам раттынмæ. Рæгъæй ралæууыдысты, Рашидов сæ рæзты æрцæйцыди, алкæмæн дæр йæ къух райсгæйæ. Мæ размæ куы ’рбахæстæг, уæд æз гыццыл фæстæдæр алæууыдтæн æмæ йын мæ сæрæй ныллæг акуывтон. Уый мæм дисгæнгæ æрбакаст æмæ мæ бафарста, чи дæн, кæцæй дæн, зæгъгæ. «Осетин», – загътон æз. «А по-вашему?» – зына-нæзына бахудгæйæ, бафарста Шараф. «Ирон» – дзуапп раттон æз. Уый мæм дзуры: «Ирон, а почему ты со мной за руку не поздоровался?» Фефсæрмы дæн, фæлæ йын загътон, махмæ, Ирыстоны, æрыгон лæппуйæн æгъдау кæй нæ амоны хистæрæн къухрайстæй салам дæттын. Рашидов ницы сдзырдта, араст дарддæр. Уыйфæстæ ма-иу, искуы фембæлгæйæ, Шараф мæм-иу æрбацыди æмæ фарста, ирон, куыд сты дæ хъуыддæгтæ, дæ куыст куыд цæуы, зæгъгæ, æппæт уыдæттæй.

Куыд базыдтон, афтæмæй Фыдыбæстæйы Стыр хæсты рæстæг Узбекистан суазæг кодта 600 мин адæймагæй фылдæр лыгъдонтæ. Иу куырд та, йæ ном ын нал хъуыды кæнын, æрбакодта йæ хæдзармæ 27 сидзæр сывæллоны, хъомыл сæ кодта, ницы хъуаг сæ уагъта.

Зындгонд куыд у, афтæмæй Октябры революцийы фæстæ Астæуккаг Азийы республикæты цыди карз тох басмачтимæ. Советон хицаудзинады ныхмæ æфсæдты уыди басмач Хамракул Турсункулов дæр. Фæлæ куыдфæстæмæ æрлæууыд ног цардарæзты фæндагыл æмæ ссис бæмбæджы куыстады раззагдæртæй иу, æртæ хатты йын саккаг кодтой Социалистон Фæллойы Хъæбатыры ном.

Æгкацаты Эльбрус йæхæдæг ссис Узбекистаны техникон наукæты кандидат, сыздæхт йæ райгуырæн Ирыстонмæ æмæ ма бирæ азты дæргъы фæкуыста хайады сæргълæууæгæй Цæгат Кавказы хæххон æмæ хохрæбын хæдзарады институты. Йæ бинойнаг Любæимæ схъомыл кодтой хорз цот – лæппу æмæ дыууæ чызджы, алчи дæр дзы райста уæлдæр ахуырад. Йæ кæстæр чызг – Замирæт та ма сси «Афæдзы ахуыргæнæджы» премийы лауреат, кусы англисаг æвзаджы ахуыргæнæгæй.

Нæ ныхасы кæрон ма Эльбрусы бафарстон, йæ фыд Дзантемыры хъуыды кæны, зæгъгæ. Уый уыдис фронты Фыдыбæстæйы Стыр хæсты рæстæг. «Æз æмæ мæ фыд кæрæдзийы федтам фыццаг æмæ фæстаг хатт», – æнкъардæй бакодта Эльбрус. Фæрсæгау æм куы бакастæн, уæд мын радзыдта: «Дзантемыр йе ’фсæддон хаимæ цыбыр рæстæг уыди горæт Налцыччы. Мæ мад Зури мæ аласта уырдæм. Сæмбæлдыстæм мæ фыдимæ. Æвæццæгæн, мыл тынг фæцинтæ кодта, фæлæ уыдæттæ æз цæмæй зонын æмæ хъуыды кæнын – дыууæ мæйы йеддæмæ мыл нæма цыди… Фæлæ уæддæр, мæхи удæнцойæн фæзæгъын, федтон мæ фыды, зæгъгæ… Хæстæй нал сыздæхт…»

Алы адæймагæн дæр йæ хъысмæт йемæ райгуыры. Сомбон цы уыдзæн, куыд уыдзæн, цард чердæм æрзилдзæн, уымæн базонæн нæй.

Хæмыцаты Морис

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here