Аивад, æрдз æмæ культурон бынтæ

0
18

Хæххон курорт «Мамысон»-ы кадджын уавæры байгом арт-фестиваль «Лисри». Туристон комплекс ныр дыккаг хатт ссис, нырыккон аивад, æрдз æмæ регионы культурон бынтæ кæрæдзиуыл кæм æмбæлынц, ахæм сфæлдыстадон фæзуат.

Хъуыддаджы архайдтой РЦИ-Аланийы Хицауады Сæрдар Дзанайты Барис, «Кавказ.УФ»-йы генералон директор Андрей Юмшанов, Дзæуджыхъæуккаг æмæ Алайнаг архиепископ Герасим, экономикон рæзты министры хæстæ рæстæгмæ æххæстгæнæг Олег Быкадоров. Æртæ боны дæргъы курорты фæзуæттæ дзаг уыдысты дзыллæтæй, изæрыгæтты рухс æмæ музыкæйæ ифтонгæй Лисрийы рагон мæсгуытæ сæ цыт равдыстой.

Сфæлдыстадæн аргъгæнджытæ байхъуыстой ирон зарæггæнджыты къорд «Ragon Bal», уый фæстæ та уыдис рухсæй ифтонггонд равдыст. «Мамысон»-ы байгом кодтой дыууæ равдысты, сæ иуы – фыдыбæстаг скульптор Соскъиты Владимиры куыстытæ. Уыдон саив кодтой рæтæнæй фæндаг «Зæрæмæг»-ы фæхстæ æмæ курорты фæз. Дыккаг равдысты та равæрдтой нæ бæстæйы æрыгон нывгæнджыты куыстытæ. Уыдон ма «Мамысон»-ы фыццаг арт-фестивалы дæр архайдтой. Ныр рæгъмæ рахастой нæ диссаджы æрдз æвдисæг нывтæ.

Дзанайты Барис куыд фæбæрæг кодта, афтæмæй курорт «Мамысон» Цæгат Ирыстонæн у йæ сæйрагдæр фæлладуадзæн бынæттæй иу. Тынг бирæ хъару æмæ фæрæзтæ домдта, ныр дæр ма куыст цæуы. «Ацы фестиваль æвдисы, «Мамысон»-ы фæзуæтты кæй æмбæлынц æрдз, аивад æмæ культурон бынтæ. Уый æхсызгон у уазджытæн, нæ цæрджытæн. Æрыгон нывгæнджыты куыстытæ дарддæр абалц кæндзысты нæ бæстæйы горæттæм, Цæгат Ирыстон фылдæр адæм базондзысты», – загъта РЦИ-Аланийы Хицауады Сæрдар.

«Кавказ.УФ»-йы генералон директор Андрей Юмшанов куыд фæбæрæг кодта, афтæмæй бæллынц, цæмæй «Мамысон»-мæ ‘рбацæуæг алы адæймаг дæр ацы ран йæ курдиат райхала. «Уымæ гæсгæ ‘рбахуыдтам, дуне удæй чи ‘нкъары, сфæлдыстады руаджы уæлмонцтæ чи парахат кæны, ахæм адæймæгтæ – нывгæнджыты», – загъта генералон директор.

РЦИ-Аланийы Сæргълæууæг æмæ Хицауады пресс-службæ

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here