Фаронæй фылдæр тыллæг

0
8

Цæгат Ирыстоны Хъæууон хæдзарады министрады рагагъоммæйы бæрæггæнæнтæм гæсгæ, ацы аз нæ республикæйы хæдзарæдтæ æрæмбырд кæндзысты 700 мин тоннæйы бæрц хор, ома, фаронимæ абаргæйæ, 25 проценты фылдæр.

Хорæй фæстæмæ бафснайынмæ хъавынц 50 мин тоннæйæ фылдæр зетиджын культуртæ, стæй 60 мин тоннæйæ фылдæр дыргътæ æмæ гагадыргътæ.

Аграрон иугонд «ИрАгро»-йы бындурæвæрæг æмæ «Опора России»-йы регионалон хайады сæрдар Дзгойты Дмитрийы ныхасмæ гæсгæ, ацы азы нывыл боныхъæды фæрцы тыллæг уыдзæн фаронæй хуыздæр.

Уарынтæ фаронæй арæхдæр кæй уыдысты, уый руаджы сысджы, хъæбæрхор, мæнæу, картоф, фæткъуытæ, кæрдотæ æмæ холладжы культуртæ дæттынц нывыл тыллæг. Хурбонты кадавары аххосæй нартхор, æхсынæн, сæнæфсир æмæ пъамидор нывыл тыллæг нæ ратдзысты. Ацы культуртæ æмбæлы донæй уæлæмхасæн уагæй бапырх кæнын.

Дзгойы-фырты ныхасмæ гæсгæ, хъæууонхæдзарадон культурты тыллæджы бæрц аразгæ уыдзæн боныхъæды уавæртæй.

Бутаты Азæмæт

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here