Культурæйы рæзт æмæ инфраструктурæйы рацарæзт

0
13

РЦИ-Аланийы Хицауады Сæрдар Дзанайты Барис Мæскуыйы кусæг балцы уæвгæйæ фембæлд Уæрæсейы Культурæйы министры хæдивæг Владимир Осинцевимæ. Рæгъмæ рахастæуыд Цæгат Ирыстоны культурæйы рæзты æмæ инфраструктурæйы рацарæзты нысантæ.

Регионы Хицауады Сæрдар куыд фæбæрæг кодта, афтæмæй ацы аз республикæйы культурæйы хъуыддæгтæ саразынæн дихгонд æрцыд 520  милуан сомæй фылдæр. Стырдæр проекттæ – Беслæны музейон-патриотон дунеон центр,  Тауасийы-фырты номыл Сывæллæтты аивады скъолайы бындурыл креативон индустрийы скъола, Беслæны æмæ Мæздæджы сывæллæтты аивæдты скъолатæ саразын, Октябрскийы хъæуы – Культурæйы галуаны, Æрыдон æмæ Мæздæджы библиотекæты бындурон цалцæг, нырыккон библиотекæйы арæзтад Дзæуджыхъæуы.

Фæрæзтæ нысангонд сты музейтæ æмæ сывæллæтты аивæдты скъолатæ ифтонг кæнынæн, «Культурæйы хъæууон кусæг»-ы программæйæн, театртæ æмæ культурæйы хæдзæрттæн æххуысæн, чингуыты фондтæ хъæздыгдæр кæнынæн. Рæгъмæ рахастæуыд Тæбæхсæуты Балойы номыл паддзахадон Ирон академион театры рацарæзт. Бæстыхай арæзт æрцыд 1968 азы, хаст у регионы культурон бынтæм, домы бындурон рацарæзт. Фарстайы тыххæй ныхас уыд Уæрæсейы Президент Владимир Путин æмæ РЦИ-Аланийы Сæргълæууæг Сергей Меняйлойы ‘хсæн. Уымæй дарддæр фæбæрæг кодтой хæстæгдæр фидæнмæ курдиæттæ бадæттыны хъуыддаг. Уый фæстæ рахызтысты культурæйы объектты рацарæзтмæ, ома, культурæйы артдзæсттæ, сывæллæтты аивæдты скъолатæ хъæуы аразын, цалцæг кæнын, профилон кусæндæттæ домынц ифтонгад.

«Культурæйы хъæууон кусæг»-ы программæмæ балæвæрдтой 17 курдиаты, республикæ йæ зæрдæ дары, нырыккон дыууæ библиотекæйы арæзт кæй æрцæудзысты, ууыл. Библиотекæтæй æхсæз æххуыс кæй райсдзысты, уый дæр бæрæггонд æрцыд. Рæгъмæ  ма рахастой æндæр ахсджиаг фарстатæ дæр. Дзанайты Барисы ныхасмæ гæсгæ, федералон æмкусджыты ‘рдыгæй æнкъарынц стыр æххуыс æмæ æмбарындзинад.

РЦИ-Аланийы Сæргълæууæг æмæ Хицауады пресс-службæ

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here