Хъæугæ лæвар нæ кæстæртæн

0
10

Дзæуджыхъæуы сæрмæ хъæды хъæбысы, кæддæр пионерты лагерь «Орленок» кæм уыд, уым ныр къорд азы ис, æххуысхъуаг чи у, уыцы кæстæрты реабилитацийы центр «Хæххон уæлдæф».

Ацы ран фæкæсинаг кæстæртимæ цæуы куыд хъомыладон, афтæ, физикон æгъдауæй фидар æмæ æнæниз цæмæй уой, ууыл зæрдиаг куыст. Уый тыххæй центры кусджытæ се ’ххуысгæнджытимæ архайынц сæ хъомылгæнинæгтæн хъæугæ уавæртæ саразыныл.

Мæнæ та ацы бонты, 27 августы «Хæххон уæлдæф»-ы кадджын уавæры байгом кодтой ног спортивон фæз. Бæрæгбоны архайдтой: РЦИ-Аланийы физикон культурæ æмæ спорты министрады кусджытæ, Ирыстоны спорты ветерантæ, зындгонд тренертæ, Мæскуыйæ ссæуæг хæрзаудæн фонд «Созвездие добра»-йы минæвар Витали Мнацаканов, РЦИ-Аланийы Фæллой æмæ социалон рæзты министр, Уæрæсейы Хъæбатыр Абайты Юри, Уæрæсейы сгуыхт тренертæ Уруймæгты Владимир, Гиоты Владислав, паддзахадон æмæ æхсæнадон куыстууæтты минæвæрттæ…

Спортивон фæз арæзт æрцыд абоны домæнтæм гæсгæ. Уый тыххæй Мæскуыйæ ссæуæг, хæрзаудæн фонд «Созвездие добра»-йы саразджытæй иу Юри Мнацаканов загъта: «Æхсызгон нын у Дзæуджыхъæуы ацы фæз арæзт кæй æрцыди, уый. Мах нæ фонды ирыстойнаг æмгусджытимæ, кæрæдзиимæ фембæлгæйæ, фæнд рахастам «Хæххон уæлдæф»-ы уæвæг кæстæртæн: футбол, баскетбол æмæ волейболæй хъазæн фæз саразын. Уыцы хъуыддаджы нæ фарсмæ æрбалæууыдысты  РЦИ-Аланийы физикон культурæ æмæ спорты министрады кусджытæ. Уымæй уæлдай ма йе ’ххуысы хай бахаста РЦИ-Аланийы Фæллой æмæ социалон рæзты министрад, йæ сæргъы Уæрæсейы Хъæбатыр Абайты Юри, афтæмæй. Сæрмагонд арфæ кæнæм компани «Лига ставок»-æн. Куыд уынут, афтæмæй нæ иумæйаг фæндон нæ къухы бафтыд æмæ уырны, ацы спортивон фæз пайдайы хос кæй уыдзæн нæ кæстæртæн!»

Ахæм лæвар чи скодта, уыдонæн зæрдиаг арфæ ракодта Уæрæсейы сгуыхт тренер Гиоты Владислав: «Махæн, куыд хистæртæн, тынг æхсызгон у, нæ кæстæртæн ахæм æххуысгæнджытæ кæй ис, уый. Спортивон фæзтæ æмæ залтæ æхсызгонæй хъæуынц кæстæртимæ хъомыладон куысты. Спорт пайдайы хос у æвзонг адæймагæн царды зындзинæдтимæ æнтыстджынæй тох кæнынæн. Адæймаг æнæниз æмæ уæнгтæй фидар куы уа, уæд зындзинæдтæй нæ тæрсы. Ноджы ма спортæй уæлдай ахуырад æмæ æгъдауыл хæст куы уа, уæд æнæмæнг хъæугæ адæймаг уыдзæн куыд хиуæттæн, афтæ æхсæнадæн дæр. Стыр арфæйы аккаг сты нæ республикæйы Фæллой æмæ социалон рæзты министрады æмæ нæм Мæскуыйæ чи ссыди æххуысимæ, уыцы адæймæгтæ. Ам, æрдзы хъæбысы, сарæзтой тынг хъæугæ рæсугъд спортивон фæз, æмæ ма сæм цы бирæ хорз фæндтæ ис, уыдон скæнын дæр сын куыд бантыса, уый Хуыцауы цæст бауарзæд!»

Баскаты Уырызмæг

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here