Цæгат Ирыстоны йæ куыст райдыдта РЦИ-Аланийы Æвзарæн къамисы Информацион центр. Информацион центры куысты архайынц дзыллон хабархæссæг фæрæзты аккредитацигонд минæвæрттæ æмæ дунеон цæстдарджытæ.
Паддзахадон Думæмæ депутатты æвзæрстытæм Цæгат Ирыстоны сæ хъус дарынц 11 цæстдарæджы дунейы авд бæстæйæ.
Информацион центры куыст байгом кодта РЦИ-Аланийы Æвзарæн къамисы Сæрдар Моргуаты Жаннæ. Дунеон цæстдарджытæ æмæ дзыллон хабархæссæг фæрæзты минæвæрттæн уый радзырдта, æвзæрстытæм республикæйы куыд бацæттæ кодтой, Цæгат Ирыстоны æвзарæн къамисты конд, участокты æдасдзинады мадзæлттæ, йе ’нæниздзинад хъыгдард кæмæн у, уыцы адæмы удæнцойдзинадæн цы мадзæлттæ арæзт æрцыд, æмæ хъæлæскæнынады æндæр хуызты тыххæй.
Сæрдары презентаци ацыд англисаг æвзагыл. Йæ раныхас ын тæлмац кодтой дыууæ тæлмацгæнæджы. Æвзарæн бонты дунеон цæстдарджытæ бабæрæг кæндзысты Дзæуджыхъæуы æмæ районты æвзарæн участоктæ. Уым бынæтты базонгæ уыдзысты, æвзарæн архайд куыд арæзт цæуы, уыимæ.
Информацион центр дарддæр дæр йæ куыст кæны, журналисттæ æмæ дунеон цæстдарджытимæ æмархайгæйæ.
ХЪОЙБАЙТЫ Галинæ














