Æнæ сæкæрæй, æнæ химион æфтиæгтæй

0
15

«Æнæ сæкæрæй, æнæ химион æфтиæгтæй» – афтæ фидарæй зæгъынц сæ мыды тыххæй дурдуйраг лæппутæ. Амалхъомад дæ туджы куы уа, уæд æнæ донранæй дæр дон рауаддзынæ.

Дыууæ ‘мбалы – Зауыр æмæ Хетæг цалдæр азы размæ базонгæ сты интернеты тыгъдады. Ныхас ныхас ракъахта æмæ рабæрæг, сæ дыууæйы дæр мыддартæ суæвын кæй фæнды, уый. Кæд нырма æрыгæттæ сты – сæ иуыл 18, иннæйыл та 20 азы цæуы, уæддæр ныфсджынæй, æнæзивæгæй бавнæлдтой хи хъуыддаг саразынмæ. Зæгъæн ис, æмæ иу афæдзы бæрц лæмбынæг ахуыр кодтой хъæууон хæдзарады ацы вазыгджын къабазы сусæгдзинæдтæ, зонгæ кодтой базарады домæнтимæ, уæдæ сæ куыст райдайынæн æхца дæр сæмбырд кæнын хъуыдис. Æнæ зæгъгæ нæй, Хетæг кæй у историйы ахуыргæнæг, Зауыр та арæзтадон объектты фæллой кæны.

Цæмæй сæ бæллиц сæххæст уа, уый тыххæй лæппутæ кусгæ дæр кодтой, стæй уыцы иу  рæстæг сæхи цæттæ дæр кодтой. Ноджы фылдæр зонындзинæдтæ райстой, Уæрæсейы зындгонд экомыддар Иван Халиловимæ фембæлгæйæ. Сæйрагдæр дзы у, мыдыбындзытæ даргæйæ, химион препараттæ, антибиотиктæ æмæ сæкæрæй нæ пайда кæнын, цæмæй кæронбæттæны сыгъдæг продукци райсай.

Дур-Дуры ис Зауырæн йæ ныййарджыты раздæры хæдзар, уым æрæвæрдтой сæ фыццаг дыууæ чыргъæды. Автомобилон стыр фæндæгтæ æмæ алыхуызон хостæй пырх быдыртæй дард ран. Мыдыбындзытæ – 40 мины бæрц балхæдтой Хъæрæсе-Черкесы Республикæйы. Æмæ майы æрыгон мыддартæ райдыдтой сæ куыст.

– Фыццаг къахдзæфтæ кæнын æнцон нæ уыдис, бындзытæ ласгæйæ уæлдай тынг тыхстыстæм, фæлæ нын алывæрсыг æххуыс кодтой нæ ныййарджытæ. Уыдон нын амыдтой, куыд хуыздæр бакæнæм, горæтæй хъæумæ ластам хъæугæ æрмæджытæ, хæдзар дæр нын кусынмæ уыдон бацæттæ кодтой, – дзуры Зауыр.

Æрыгон амалхъомтæн сæ куысты сæйраг рахæцæн у сæ продукцийы хæрзхъæддзинад. Фидарæй зæгъынц, æппæт домæнтæ дæр кæй æххæст кæнынц, уый тыххæй сæ мыд кæй у тынг хæрзад, стæй экологон æгъдауæй сыгъдæг. Бындзытæн дæттынц æрмæстдæр сæхи мыд æмæ дидинджыты рыгæй.

– Не ‘мкусджытæй бирæтæ, фæлтæрдджын мыддартæ нын-иу дзырдтой, æнæ химийæ, æнæ сæкæрæй пайдагæнгæйæ, махæн нæ бон кусын кæй нæ бауыдзæн. Уæ мыдыбындзытæ, дам, нæ аирвæздзысты. Фæлæ мах ахъуыды кодтам, ау, куыд нæ рауайдзæн, кæд æмæ бындзытæ мингай азты размæ дæр цардысты, химион препараттæ та адæймаг æрхъуыды кодта æрæджы. Уымæй хатдзæг скодтам, æрдзон уавæрты мыдыбындзытæ сæхæдæг дæр кæй цæрдзысты, – загъта Хетæг.

Хæстæгдæр фидæны куыстуарзаг лæппутæ уæй кæндзысты мыд, стæй мыдыбындзыты бакуысты æндæр продукттæ. Нысанмæ куы тырнай, уæд дын æнтысгæ дæр кæндзæн.

Гугкаты Жаннæ

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here