Колумбиаг фыссæгимæ фембæлд

0
19

РЦИ-Аланийы Сæргълæууæг Сергей Меняйло фембæлд ирон литературæйы бындурæвæрæг Хетæгкаты Къостайы æмдзæвгæты æмбырдгонд испайнаг æвзагмæ ратæлмацгæнæг Рубен Дариоимæ.

Колумбиаг фыссæг æмæ тæлмацгæнæг Рубен Дарио Цæгат Ирыстонмæ ссыд фыццаг хатт, фæлæ йæ истори æмæ культурæимæ базонгæ Къостайы æмдзæвгæтæм гæсгæ. Республикæйы йын бацæттæ кодтой мидисджын программæ, сæйрагдæр та – Къостайы æмдзæвгæты æмбырдгонд испайнаг æвзагыл кæй рацыд, уыимæ Цæгат Ирыстоны паддзахадон университетмæ æппæт æрбацæуджыты дæр базонгæ кодта.

Сергей Меняйло уазæгæн бузныг загъта, ирон национ культурæйæн аккаг аргъ кæй кæны, ирон литературæ кæй парахат кæны, цытджын Къостайы ном нымад кæй у, уый тыххæй. «Ирон зæххыл дыл æхсызгонæй æмбæлын, бузныг де сфæлдыстадон куысты тыххæй. Уымæй национ культурæ парахат кæныс. Истори æмæ традициты фæрцы адæмтæ хуыздæр базондзысты кæрæдзийы, дæ бавæрæн егъау у ацы хъуыддагмæ. Испайнаг кæсджытæ, кæмдæр Уæрæсейы чысыл Ирыстон кæй ис, уый дæ тæлмацы фæрцы базондзысты», – загъта республикæйы Сæргълæууæг.

Рубен Дарио куыд радзырдта, афтæмæй испайнаг æвзагмæ Къостайы рæнхъытæ куы тæлмац кодта, уæд Ирыстонæн йæ бакаст, йæ æрдз, йæ уд  нæ уыдта, фæлæ стыр Поэты сфæлдыстады фæрцы æппæт уыдæттæ банкъардта. «Горæт Боготайы Къостайы æмдзæвгæтæ испайнаг æвзагыл куы зæлыдысты, уæд адæм  æнкъардтой Хетæджы-фырты уды рыст, йæ уарзондзинад  йæ райгуырæн зæхмæ, дунемæ, æрдзмæ. Арф æнкъарæнтæ ахæм хуызы рæгъмæ чи хæссы, уыцы поэт у æцæг цытджын»,– фæбæрæг кодта боливиаг фыссæг æмæ тæлмацгæнæг.

Уазæг уырыссаг æмæ испайнаг æвзæгтыл бакаст Къостайы поэмæ «Фатимæ»-йæ скъуыддзаг, Сергей Меняйлойæн балæвар кодта йæ къухфыстимæ Хетæгкаты Къостайы æмдзæгæты æмбырдгонд испайнаг æвзагыл.

Ирон æвзаг æмæ литературæ парахат кæныны тыххæй Рубен Дарио Сергей Меняйлойы къухæй райста «Ирыстоны намысæн»-ы майдан.

РЦИ-Аланийы Сæргълæууæг æмæ Хицауады пресс-службæ

 

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here