Аудæг æмæ хæрзгæнæг

0
16

Адæймагæн адæм аргъ фæкæнынц йе ‘гъдау æмæ, йæ царды хорзæй цы сарæзта, уымæ гæсгæ. Мæ уацхъуыды хъайтар – Къомайты Хатæхцыхъойы фырт Эрик ахæм хорздзинæдтæ цас сарæзта, уыдон сты æнæнымæц. Æвæццæгæн, гуырдзæй рахаста Эрик адæмæн хæрзгæнæг уæвын. Æрмæстдæр Куырттаты комбæстæн цы хæрзты бацыд, уый тыххæй дæр у стыр арфæйы аккаг.

Къомайы-фырт нырма ныр бахызт йæ лæджы кармæ, фæлæ, ас куырыхон хистæрау, у зондджын æмæ алцымбараг, дардмæуынаг. Эрик сывæллонæй фæстæмæ хъомыл кодта, фыдæлтæй рацæугæ ирон хорз æгъдæуттæ фидар æвæрд кæм уыдысты, ахæм бинонты ‘хсæн. Уыцы æгъдæуттæм хауы бахъуаджы рæстæг цæттæ уæвын æххуысхъуаг адæймаджы фарсмæ балæууынмæ, æнæкъуылымпыйæ йæм де уæхск бадарынмæ. Уыцы æвæджиауы æгъдау Эрик хæссы абоны онг. Æцæг ирон лæппулæг иузæрдион у ирондзинадыл, фыдæлты уæзæгыл, мадæлон æвзагыл. Хорз зоны йæ уидæгтæ, йæ мыггаджы истори. Бæлвырд куыд у, афтæмæй йæ фыдæлтæ быдырмæ афтыдысты хæхбæстæй, Куырттаты комæй, Лæцы хъæуæй. Йæхи æмбарынхъом куы фæци, уæдæй фæстæмæ йæ бæллиц уыд, йæ фыдæлтæ кæм цардысты, уыцы хæлддзæгтæм, сæ мыггаджы мæсыгмæ базилын. Афтæ æнувыд у фыдæлты уæзæгыл. Мæнæ куыд зæгъы Эрик йæхæдæг: «Куыд зынаргъ дæ, æвæдза, фыдыуæзæг! Цас æхцондзинад банкъарын, рагон хохаг хъæу Лæцмæ куы ‘рбацæуын æмæ мæ риуыдзаг куы сулæфын, мæ фыдæлтæ цы уæлдæфæй улæфыдысты, уымæй, уæд! Куыд æхсызгон мын вæййы мæ фыдæлты райгуырæн къæсы хæлддзаг, бур згæ хъуына кæуыл ныббадтис, уыцы дуртæн сæ фенд дæр! Цавæрдæр хъармдзинад банкъарын. Уæлмонц æнкъарæнтæй айдзаг вæййы мæ зæрдæ. Ам сты мæ уидæгтæ, ам ис мæ мыггаджы, мæ хæдзарвæндаджы бындур, ам ис мæ фыдæлтæн се ‘нусон бæстæ, се ‘ртхутæг. Мæ рагфыдæлтæ æнусты дæргъы бирæ зындзинæдтæ æвзæрстой, бирæ хæттыты-иу бахаудысты тæссаг æмæ сæфты уавæрты, фæлæ уæддæр æнæфæцудгæйæ, ныфсджынæй, æхсарджынæй, фæллойуарзагæй фæцыдысты царды гуыргъахъхъ фæндæгтыл, ныууагътой намысджын фæд, рæсугъд фарн. Уыцы фарн бахъахъхъæнын æмæ йæ кæстæр фæлтæрмæ адæттын нымайын мæ хæсыл…»

Æмæ, лæгдзинад, ирон æгъдау æмæ царды адæймаджы рæсугъд цы миниуджытæ кæнынц, уыдон хæссæг Эрик йæ дыстæ арф батылдта æмæ бавнæлдта фыдæлты уæзæджы хæлддзæгтæ рацаразынмæ. Абон Лæцы хъæумæ куы бацæуай, уæд дæ цæст æрхæцдзæн ног арæзт аив бæстыхай æмæ, фыдæлтыккон мæсгуыты халдих, ног амад Къомайты мыггаджы мæсыгыл. Зæрдæ райы ацы арæзтæдты уындæй. Уæлдай бæллиццаг та уый у, æмæ арæзт кæй æрцыдысты Эрикæн йæ сыгъдæг удвæллойæ, кæйдæртау паддзахадон исбонмæ нæ фæныхилгæйæ.

Къомайы-фырт Лæцы хъæуы цæрджытæ æмæ æнæхъæн Куырттаты комы адæмæн йæхи базонын кодта уæздан, цæстуарзон, рæдау æмæ парахат зæрдæйы хицауæй. Чифæнды дæр æм цавæрфæнды æххуысмæ куы баулæфы, уæд йе стыр хæсыл банымайы адæймаджы йæ аудынадæй фæхайджын кæнын. Мæнæ куыд зæгъы Фыййагдоны поселочы цæрæг Хъалæгаты Аллæ: «Цалдæр азы размæ, ацы хуыцауысконд нæлгоймаджы дзæбæх дæр нæма зыдтон, фæлæ йæм бахатыдтæн ныййарджыты номæй, цæмæй нын, мæ чызг цы къласы ахуыр кодта, уыцы кабинетæн йæ пъол аивынæн баххуыс кæна. Æз æнхъæлдтон æмæ мыл йæхи атигъ кæндзæн. Фæлæ мын Эрик мидбылхудгæйæ, фæлмæн ныхасæй бамбарын кодта, мæ курдиат кæй сæххæст кæндзæн. Æмæ йыл æвæстиатæй бацархайдта. Æз уыцы хорздзинад никуы ферох кæндзынæн! Уæдæй фæстæмæ ма бирæ æххуыстæ бакодта скъолайæн. Хуыцау ын бирæ раттæд!»

Эрик бирæ æххуыстæ бакодта æмæ кæны Лæцы цæрджытæн – дон сæм бауагъта, фæндæгтæм базылд. Лæцы цы историон цыртдзæвæн «Нарты ныхас» ис, уымæн дæр йæ алывæрстæ банывыл кодта. Æмæ чи фæуыдзæн нымад Къомайы-фырты хорздзинæдтæ! Арæх-иу æххуысы къух бадардта, бынæттон хиуынаффæйады раздæры сæргълæууæг Гуыриаты Валеримæ. Абон дæр ын йæ хорздзинæдтæ нæ рох кæны Валери. Мах, Фыййагдоны поселочы цæрджытæ, Къомайты Эрикæй уæлдай бузныг уымæй стæм æмæ, поселочы уæлмæрдтæм базилынмæ, бабиноныг кæнынæн кæй баххуыс кодта. Æнæвгъауæй рауæлдай кодта дзæвгар æхцайы фæрæзтæ, цæмæй уæлмæрдты зæронд æмбонд ивд æрцæуа ног, нырыккон фидар арæзтадон æрмæгæй.

Эрик, комбæсты абоны æрыгон разамонæгмæ дæр æххуысы къух бадарынмæ цæттæ у. Цыбырдзырдæй, Къомайты Эрик æххæссы алкæуыл дæр æмæ алцæуыл дæр. Гъемæ æнтыстджын уæд йæ алы хъуыддаджы дæр!..

Лæджы ном уæззау уаргъ у, зæгъгæ-иу, дзырдтой нæ куырыхон фыдæлтæ. Фæлæ йæ Къомайы-фырт рогæн хæссы, æмæ йыл Дунесфæлдисæг узæлæд! Бирæ азты цæрæнбон ын балæвар кæнæд! Зæххон хæрзтæй йæ хайджын кæнæд! Хуыцау зæгъæд, æмæ, йæ фæрныг бинонты, йæ рæсугъд кæстæрты амондджын æмæ цардхъомысæй уынгæйæ, æнустæм æнæфæцудгæ куыд уа! Зынаргъ Эрик, дæ дзыппы бæркад уæд æвидигæ: уæлейæ исгæ – бынæй ахадгæ! Амалхъом дæр æмæ æххуысхъом дæр у кæддæриддæр!

Фæрниаты Рая, 
Уæллаг Фыййагдоны цæрæг

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here