Адæймаг райгуыры зæххыл, зæдау, сыгъдæг уд æмæ зæрдæимæ. Барæвдауынц æй мад æмæ фыд. Фæрæзы уыдоны лæмбынæг хъусдардæй, сæ узæлдæй. Раст арæхстджын хосдзау йæ уис куыд фæхæссы, дидинæгдонмæ цæстдарæг уардитæм куыд бæстон фæзилы, афтæ ныййарджытæ дæр сæ кæстæрты сахуыр кæнынц, царды фидауцджынæй цы ис, уыдоныл — зонд æмæ зæрдæйы тæгтæ æхсидыныл.
Хъомылады ахæм миниуджытæ та рæзгæ фæлтæры аразынц, хорз æвзæрæй куыд иртасгæ сты, уый æмбарыны зондыл. Æмæ, царды хъæбысы цы саби фæрæзы, уый свæййы сæ удлæууæн, сæ ныфс æмæ æнцой. Йемæ фæбæттынц се ‘ппæт бæллицтæ, хъуыдытæ æмæ хъысмæты фæндæгтыл сæ размæ æвæрд нысантæ. Гъе, ахæм зæрдæйы уаг æмæ цардмæ цæстæнгасы хицау у нæ уарзон æмкусæг, йе ‘нкъараг зæрдæйы уагæй, цæстуарзондзинадæй, йæ алыварс адæмы йæ хъæбысы æрбакæнынмæ цæттæ чи у, уыцы сылгоймаг, УФ-йы Фысджытæ æмæ Журналистты цæдисты уæнг, Цæгат Ирыстоны культурæйы сгуыхт кусæг, газет «Рæстдзинад»-ы хистæр уацхæссæг Бызыккаты Земфирæ.
Хуыцау ын балæвар кодта хæрзуд, æнкъараг æмæ æргом зæрдæйы миниуджытæ: цардæн, æрдзæн сæ фæзындтытæ, адæймаджы миддунейы хорзæй æмæ æвзæрæй цы ис, уый иртасынмæ иттæг рæвдз чи у, ахæм рæсугъд миддуне. Йæ гуырæн суадон та у йæ уарзон хъæу Елхот. Йæ хæдзар æмæ хъæубæсты цы фарн æмæ æгъдау æрæййæфта, уыдонæй сæрыстыр æмæ буц у алкæддæр. Лирикон зарæг æмæ ирон дзырды цы тафс ис, уый та йын базонын кодтой йæ ныййарджытæ Ладо æмæ Мария. Абон дæр ма Земфирæ хорз хъуыды кæны, йæ фыд-иу колхозæй куы æрцыд, уæд-иу ын йæ уæнгты фæллад фæсурынæн чызг йæ фæндыр куыд райста, æмæ-иу Ладо йæ цагъдмæ куыд аив кафыд, стæй-иу иумæ рæсугъд хъæбатырты зарæг куы систой, уæд та сын-иу æрдз дæр хуры тынты хъазтæй, дидинджыты æхцон сыбар-сыбурæй йæ арфæ æрвыста. Рæсугъд уд æмæ зæрдæ кæмæн уа, уыцы адæймагæн царды фæцудынæй тæссаг нæу, зæгъгæ-иу, арæх ацы ныхас хъуыста йæ хистæртæй. Ныр йæ кары бæрзæндæй куы акæсы, уæд йæ хистæрты ныхас арæх æрхъуыды кæны. Æмæ йæ царды алы ран дæр тауы йæ уд æмæ зæрдæйы рæсугъддзинад.
Земфирæ ма сæ хъæуы астæуккаг скъолайы куы ахуыр кодта, уæд хуыздæр æнкъарын райдыдта дзырды æцæг ад. Сæ ахуыргæнæг Бутаты Светланæ-иу йæ къласы ахуырдзаутæн нывæцæн ныффыссыны хæс куы ратта, уæд-иу æй Земфирæ йе ‘мбæлттæй аивдæрæй æххæст кодта. Йе ‘нкъараг уды миниуджытæ дзы-иу фылдæр хатт равдыста поэтикон рæнхъытæй дæр.
Хъæуы скъола каст фæуыны фæстæ Земфирæ ахуыр кæнынмæ бацыд Цæгат Ирыстоны педагогон техникуммæ. Ам дæр йе ‘нкъараг зæрдæйы уагæй арфдæр цыд литературон сфæлдыстады сусæгдзинæдтæ базоныны фæндагыл. Æмæ ацы ахуыргæнæндон 1972 азы æнтыстджынæй каст куы фæци, уæд Цæгат Ирыстоны Хетæгкаты Къостайы номыл паддзахадон университеты филологон факультеты йæ ахуыр адарддæр кодта. Литературон-сфæлдыстадон куысты дæ уд æмæ зæрдæ æхсонау цæхæр куы нæ кала, нæ мадæлон æвзаджы амæй-ай рæсугъддæр дзырдтæй фæлгонц аразæн æппæт фæрæзты руаджы поэзийы, прозæйы жанрты архайгæйæ, фæлварæнты сæрты куы нæ ахизай, уæд, дæ уды хигъдауæй цы дзырд равзæра, уымæн аргъ не скæндзысты чиныгкæсджытæ.
Йе сфæлдыстадон фæндаджы йæ ахæм фæлварæнты сæрты иу æмæ дыууæ хатты ахизын нæ бахъуыд. Фæлæ йын йæ фыццаг прозаикон æмæ поэтикон уацмыстæм лæмбынæгдæр æркæсинаг бынæттæм цæстуарзонæй йе ‘ргом чи здæхта, уыцы ирон зындгонд поэттæ Плиты Грис, Малиты Васо æмæ Гаджиты Георæй бирæ ныфсæвæрæн ныхæстæ фехъуыста. Цæстуарзондзинад æмæ æууæнкæвдисæг хъуыды та æнкъараг уд æмæ рæсугъд зæрдæйы хицау, Земфирæйæн сты, сфæлдыстадон куыстмæ йæ разæнгард чи кæны, уыцы дыууæ базыры. Йæ фыццаг хæрзарæзт æмæ хæрззылд уацмыстæ рухс федтой 1979 азы авторты иумæйаг æмбырдгонд «Судз, ме стъалы!»-йы, фæстæдæр ын йæ уацмыстæ бахастой авторты иумæйаг æмбырдгонд «Цъæхдзаст райсомтæ»-мæ.
Рæстæг æмæ цард, сфæлдыстадон куыстмæ æнувыд ахаст поэт кæнæ прозаикы кæнынц æнтыстытæ æмæ сгуыхтытæм. Сæ цæстуынгæ æмæ уырнинаг æвдисæнтæ та сты сæ уацмысты чингуытæ. Ахæм хуызы Земфирæйы литературон æнтыстытæм куы ‘ркæсæм, уæд авторты уацмысты иумæйаг æмбырдгондæй, хи поэтикон, прозаикон уацмысты чингуытæм къæпхæнгай рæзгæ цæуы. Цæуылфæнды кæнæ кæуылфæнды ма фысса Земфирæ, уæддæр йæ поэтикон хъæлæс арæзт у Райгуырæн бæстæ, фыдыуæзæг, æрдз, тохвæллад хæстонты лæгдзинады цаутæ равдисыны равгмæ, мад æмæ хъæбулы, хо æмæ æфсымæры ‘хсæн цы сыгъдæг уарзты хид ис, уый хи уды ахорæнтæй сныв кæныны хъуыдымæ. Ацы хатдзæгтимæ сразы уыдзысты, йе ‘мдзæвгæты æмбырдгæндтæ «Æрвыг», «Зæриндаг» «Арвы чызг», «Цыкарийы уалдзæг», «Уалдзæджы цин» чи бакæса, уыдон се ‘ппæт дæр.
Сабитæ æмæ кæстæр кары скъоладзаутæн Земфирæ цы уацмыстæ ныффыста, уыцы æмдзæвгæтæ нæ рæзгæ фæлтæрмæ фæхæццæ сты хицæн æмбырдгæндтæй: «Зарæг æмæ зарæг», «Арвырон», «Арвы чызг», «Хуры кафт»-ы. Ам цы уацмыстæ ис, уыдонæй иу къорд хаст æрцыдысты рæвдауæндæтты хъомылгæнинæгтæ æмæ кæстæр кары скъоладзауты ахуыргæнæн чингуытæм.
Адæмæн ирон дзырдæй хорзы цæуын æмæ сын зарæджы рухсæй сæ зæрдæтæ тавын – ацы хорзæхтæ сты Земфирæйæн йæ царды сæйрагдæр рухсхæссæг æмбæлццæттæ. Йæ бон у сæ фæрцы йæ алыварс адæмæн хъæлдзæгдзинад хæссын, фæндырæй æрцæгъдын, йемæ та хи кæнæ нæ поэттæй искæй æмдзæвгæйыл фыст зарæг фæлмæн хъæлæсæй базарын.
Уæдæ йын йе ‘мдзæвгæтыл алы рæстæджыты нæ композитортæ цы вокалон уацмыстæ ныффыстой, уыдон фæзæлынц радио æмæ телеуынынадæй, сты музыкалон-инструменталон къордты архайджыты репертуары.
Поэт æмæ прозаик Бызыккаты Земфирæйæн тæлмацы жанры дæр ирон æвзагмæ раивын бантыст къорд поэтикон æмæ прозаикон уацмысы. Фæлæ ацы жанры йæ курдиат уæлдай зæрдæагайгæдæрæй разынд, номдзыд поэт æмæ зарæггæнæг Булат Окуджавайы æмдзæвгæ «Сæнæфсиры цупал» мадæлон æвзагыл зындгонд зарæггæнæг, дзæнæты бадинаг Гæджынаты Руслан куы азарыд, уæд. Ацы уацмысæн йæ оригиналон текст æмæ ирон æвзагмæ тæлмацы вариант рауадысты æмхуызон æнкъарæнджын.
Зæрдæ æмæ уды фарнæн йæ арæнтæ цас парахат сты, адæймаджы миддунеимæ сын цы иудзинад ис, уый уæ кæд базонын æмæ бамбарын фæнда, уæд уæ Земфирæйы сфæлдыстад æркæндзæн уыцы æнкъарæнтæм. Фендзыстут ын йæ парахат æмæ уарзæгой зæрдæйы ахаст цардмæ, адæммæ, æрдз æмæ аивады хæрзтæм.
Ацы бонты нæ уарзон æмкусæг, поэт, прозаик Бызыккаты Земфирæ бæрæг кæны йæ юбилей. Нæ зæрдæ йын зæгъы, сылгоймаджы фарнæй кæддæриддæр хайджын куыд уа. Æмæ йæ цард æмæ йе сфæлдыстадон архайды рухс фæндтæ та нæ адæмы хорзæхæн йæ къухы куыд æфтой, уыцы арфæ йын Хуыцау æмæ йе сконд зæдтæ ракæнæнт!
Гасанты Валери














