Уыдис æндæр дуг, æндæр азтæ…

0
25

Ацы къамтæ куы федтон, уæд та мæ ме студенты царды, æвзонг азты мысинæгтæ сæ уæлныхты айстой. Абонимæ сын абарæн дæр нæй. Уæд уыдыстæм егъау æмæ тыхджын паддзахады рæзгæ фæлтæр, алы фадæттæ дæр нын уыдис ахуыр кæнынæн, уарзон дæсныйад райсынæн, нæ сомбон нæ сагъæсты не ’ппæрста, дарддæр цы уыдзæн, куыд уыдзæн, цы нæм æнхъæлмæ кæсы – æппæт уыдæттыл чи хъуыды кодта!

Цы къамтæ уынут, уым сæ бинаг хуызисты цæст æрцахста ЦИПУ-йы филологон факультеты уырыссаг-ирон хайады цыппæрæм курсы студентты нырыккон ирон æвзаджы ахуыргæнæг Тахъазты Харумимæ. Мæхи курсæй иу аз фæстæдæр цыдысты, æмæ дзы кæйдæрты базыдтон – Битеты Маняйы, Цгъойты Хазбийы, Сагеты Фатимæйы, Цомартаты Изæтбеджы, Бекъуырты Валяйы, Фæрниаты Мæдинæйы (бирæ азты дæргъы фæкуыста «Рæстдзинад»-ы корректорæй), Дзасохты Русланы, Гæджынаты Таняйы… Хъыгагæн, азтæ цæуынц, рæстæг йæ куыст кæны, уыцы æрыгон, цардбæллон фæсивæдæй чидæртæ нал сты немæ, рухс дзæнæты уæд сæ бынат. Нал сты не ’хсæн Багаты Аврам æмæ Цомартаты Дунетхан дæр (уæллаг къамы). Аврам уыди йæ курсы фæскомцæдисон разамонæг, Дунетхан та курсы старостæ. Аврам бирæ азты дæргъы æнтыстджынæй фæкуыста «Рæстдзинад»-ы сæйраг редакторы хæдивæгæй, уыдис нæ республикæйы фæлтæрдджындæр æмæ дæсныдæр журналисттæй иу, иттæг хорз зыдта йæ мадæлон ирон æвзаг æмæ æппæт хъарутæй дæр архайдта, цæмæй рæза, хъæздыгдæр  æмæ рæсугъддæр кæна. Дунетхан та басгуыхт курдиатджын поэтессæйæ, йæ фæстæ ныууагъта мидисджын поэтикон уацмысты чингуытæ. Уыдис диссаджы арæхстджын ахуыргæнæг, Раздзоджы астæуккаг скъолайы 45 азы бакуыста. Йæ чызг Галинæ абон æнтыстджынæй кусы газет «Рæстдзинад»-ы, йæ уацхъуыдтæ йын арæх бакæсæн ис газеты фæрстыл. Ацы къамы сæ хуызисæг систа 1968 азы фæззыгон бонтæй иуы, Мæздæджы районы бынæттон зæхкусджытæн сæ курсимæ æххуысгæнгæйæ.

Рæстæджы дугъæн бауромæн нæй, уый никæмæн ма бантыст æмæ бантысдзæн. Фæлæ ивгъуыд азтæ, бонтæ æмæ цаутæ нæ рох кæнын та нæ бон æмæ нæ бар у. Уый нæ зæрдыл дардзыстæм кæддæриддæр.

Хæмыцаты Морис

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here